ДЗУРД Æ РАУÆНИ КУ УА, УÆД ФАРНÆ ХÆССУЙ!..
Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой хъæппæресæй æрæги Дзæуæгигъæуи рацудæй Æхсæнадæмон медиафорум «PRO Кавказ». Аци мадзал арæзт æрцудæй дуккаг хатт. Æма аци анз æ архайгути фæзуат зингæ фæуурухдæр æй – Цæгат Кавкази федералон зилди минæвæрттæй уæлдай Дзæуæгигъæумæ исаккаг кодтонцæ Мæскуй, Идард Хорискæсæн æма æндæр уæрæсейаг регионти, Белоруссий, Сомехи, Хонсар Иристони делегацитæ дæр. Архайдтонцæ си нæ республики разамунд, Цæгат-Кавказаг федералон зилди Уæрæсей Федераций Президенти Минæвайради бæрнон косгутæ…
Дууæ боней дæргъи (12-13 июли) форуми архайгутæ – Цæгат Кавкази федералон зилди журналисттæ, блогертæ, киунугæуадзгутæ, паддзахадон æма æнæкоммерцион структурити бæрнон косгутæ, экспертон æхсæнади, уæдта ма Белоруссий æма Сомехи медиакъабæзти минæвæрттæ – æрдзубанди кодтонцæ профессион дæсниади фарстатæбæл, делегацити иуонгтæ зонгæ кодтонцæ кæрæдзей фæлтæрддзийнади хæццæ, дзурдтонцæ еумæйаг информацион проекттæбæл.
Аци мадзали фæдбæл бæлвурддæр æрмæгутæ мухур кæндзинан нæ газети хæстæгдæр номерти.