07 декабря 2024

ДЗУРД ГЪӔУАМА ДЗУРДТАГ МА УА!..

28.01.2022 | 17:00

Номдзуд рагонбердзейнаг финсӕг Эзопмӕ ес мӕнӕ ауӕхӕн ӕмбесонд. Цӕветтонгӕ, еу берӕгъ фуси зӕнхӕбӕл хусгӕй рауидта, ӕма рагъуди кодта: «Ӕвӕдзи, фуртӕссӕй рахъан ӕй…»

Бацудӕй имӕ, фегъал ӕй кодта ӕма зӕгъуй: «Ӕртӕ раст загъди мин ку кӕнай, уӕд дӕмӕ нӕ бавналдзӕнӕн». Ӕма ин фус ку зӕгъидӕ:

– Мӕ фиццаг загъд: мӕ цӕстӕй дӕ ку нӕ уининӕ!.. Дуккаг: ку мӕбӕл исӕмбӕлай, уӕд саугурмӕ куд уай!.. Ӕртиккаг: берӕгъти муггагӕй цидӕриддӕр ес, уонӕн сӕ буни гъӕр ку рацӕуидӕ!.. Мах уин лӕгъузӕй некӕд неци ракодтан, сумах ба нӕ еудадзуг цӕгъдгӕ кӕнетӕ!..

Берӕгъ балӕдӕрдтӕй, фус рӕститӕ ке дзоруй, уой, ӕма имӕ нӕ бавналдта…


Хаттӕй-хатт цифуддӕр знаг дӕр раст зундбӕл фӕххуӕст уй…

Мадта уӕд нӕ абони цардиуаги нин нӕ есбонадӕбӕл ӕстонг берӕгъти хузӕн зудӕй ка хӕлӕф кӕнуй, ӕма, кӕддӕр еугурадӕмон ка адтӕй, еци бӕркӕдтӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр сӕхе ка бакодта, еци «царди хецӕуттӕ» сӕ кӕрӕфдзийнадӕ раст зундирахастӕй баййевдзӕнӕнцӕ, гъома, зӕгъдзӕнӕнцӕ: нури уӕнгӕ нин ци бантӕстӕй, е нин фагӕ фӕууӕд, нур ба мӕгур адӕмӕн сӕ уавӕр исхуарз кӕнунбӕл байархайӕн. Магъа-магъа, нӕ фидтӕлтӕ хумӕтӕги нӕ зӕгъиуонцӕ: «Берӕгъ фонс цӕгъдунӕй ку бафӕллайа, уӕддӕр, ӕфсес ци ‘й, уой нӕ зонуй…»

Дмитрий РОГОЗИН, «Рос-космос»-и сӕргълӕууӕг – уӕрӕсейаг космонавт Николай Чуби Америки Еугонд Штаттӕмӕ ке нӕ бауагътонцӕ, уой фӕдбӕл: «Махӕн нӕ гъудий кӕрони дӕр некӕд адтӕй е, ӕма космосмӕ фӕттӕхунмӕ цӕттӕ кӕнуни зӕрдтӕй стъалутӕгин сахаргондмӕ (звездный городокмӕ) ӕрбацӕуйнаг кӕцидӕр астронавтӕн визӕ нӕ раттун…»

Гъе уӕхӕн харакет ӕнцӕ нӕ абониккон хецауеуӕггӕнгутӕй беретӕ. Айдагъ визитӕ дӕттунӕй нӕ, фал ма нӕ паддзахади тӕккӕ сосӕгдӕр сосӕгдзийнӕдтӕй берӕ цидӕртӕ фӕсарӕнтӕн, нӕ Фидибӕсти нихмӕ алли фудмиутӕ ка аразуй, сауӕнгӕ уонӕн дӕр балӕвар кӕнунӕй…Ӕма уомӕй сӕхецӕй боз ӕнцӕ. Уогӕ ба куд раст ӕй нӕ фидтӕлти загъд: «Ӕдули ӕ миутӕбӕл фӕццийнӕ кӕнуй…»

Алексей МЕДВЕДЕВ, футболон клуб «Зенит»-и гендиректор болгайраг футболистти хӕццӕ фӕххили туххӕй: «Гъо, адтӕй еуминкъий буцӕу, фал уой фӕсте ба гъӕздугутӕ сӕ еугур дӕр кӕрӕдзей рахъури кодтонцӕ ӕма сабургай рахецӕн ӕнцӕ…»

Нӕ футболистӕ хилти къохтӕ телуни бӕсти сӕ къӕхтӕй ӕцӕг футболӕй гъазунмӕ рӕвдзӕдӕр ку арӕхсиуонцӕ, уӕд хуӕздӕр нӕ уидӕ. Уоййасӕбӕл аъазиау ӕхцатӕ син уой туххӕй нӕ федунцӕ? Фал е сӕ бон нӕй ӕма еске уӕддӕр къохтӕй ниддӕрӕн кӕнонцӕ!..

 

Юрий ПОЛЯКОВ, финсӕг, «Литературон газет»-и сӕйраг редактор: «Цӕмӕй исонибони туххӕй сагъӕсгъон уай, уой туххӕй зонун гъӕуй евгъуд ӕма нури дзаман…»

Рӕстзӕрдӕ дзиллӕ евгъуд рӕстӕгутӕ бӕргӕ зонунцӕ, ӕма, уоми зӕрдтагонӕй ци адтӕй, уой имисгӕй бустӕги гъенцъун кӕнунцӕ абони цардарӕзти ӕнӕрастдзийнӕдтӕй, уомӕ гӕсгӕ ба сӕ исонибонӕй дӕр уоййасӕбӕл неци хуарзмӕ ӕнгъӕл кӕсунцӕ… Нӕ нуриккон бонгинти ба евгъуд некӕми гъӕуй, сӕ сагъӕс ӕй абони фулдӕр мулкитӕбӕл фӕххуӕст ун, цӕмӕй исонибони дӕр сӕ гоморитӕ алцӕмӕйдӕр цъоппидзаг уонцӕ…