11 октября 2024

ДЗУРД ГЪӔУАМА ДЗУРДТАГ МА УА!..

17.02.2022 | 17:13

Цардӕнцӕ еу бийнонтӕ, адтӕй си хестӕртӕ дӕр ӕма кӕстӕртӕ дӕр, мадта гъӕуагӕ дӕр уоййасӕбӕл нецӕмӕй адтӕнцӕ. Ӕцӕг… Ӕгъдау сӕмӕ федар нӕ адтӕй.

Уӕд дин еу ӕхсӕвӕ мет хъӕбӕр ку ӕруаридӕ. Сӕумӕй зӕронд лӕг исистадӕй, тургъӕмӕ рацудӕй ӕма метбӕл рауидта кедӕр фӕдтӕ. Ниддестӕ ‘й:

– Ке фӕдтӕ ‘нцӕ, кӕд ӕма мӕнӕй уӕлдай некема исистадӕй?

Фӕд-фӕд фӕннӕхстӕр ӕй ӕма уотемӕй исхъӕрдтӕй гъӕдӕмӕ. Лӕг дестӕ кӕнуй:

– Айӕ ци хабар ӕй?

Уӕд имӕ къотӕртӕй кадӕр радзурдта:

– Етӕ мӕн фӕдтӕ ‘нцӕ, уӕ хӕдзари амонд дӕн ӕма, ци уӕ гъӕуй, ци корис, уой мин зӕгъӕ.

Зӕронд лӕг ин уотӕ:

– Ӕз нӕхемӕ рафӕрсон.

Уотемӕй фӕннӕхстӕр ӕй сӕхемӕ ӕма фӕрсуй бийнонти:

– Нӕ амонд нӕ фӕрсуй, ци уӕ гъӕуй, зӕгъгӕ, ӕма ци ракорон:

Фурттӕ загътонцӕ:

– Зӕнхӕ, хуар…

Уӕд дин кӕстӕр киндзӕ уатмӕ ӕрбахизтӕй ӕма загъта:

– Ӕгъдау, уарзондзийнадӕ…

Зӕронд лӕг бацийнӕ кодта:

– Гъе, хъӕбӕр хуарз загъта: ӕгъдау, уарзондзийнадӕ!..

Зӕронд лӕг иссудӕй гъӕдӕмӕ, сӕ амондмӕ, ӕма уӕдӕй фӕстӕмӕ бийнонтӕ дзӕбӕхӕй цӕрунтӕ байдӕдтонцӕ…

Махбӕл дӕр еци бийнонти хузӕн ӕверхъау фудбӕлах не ‘рцудӕй евгъуд ӕноси 90-аг ӕнзти? Нӕ кӕддӕри тухгин Советон Цӕдес фехалгути фудмиуӕн аккаг нихкъуӕрд нӕ равардтан ӕма ни нӕ амонд фӕлледзӕги ӕй. Еци лӕг ӕ бийнонти амонд сӕ хӕдзарӕмӕ бӕргӕ ӕрбаздахта, фал махӕн ба уӕхӕн ӕздахӕг разиндзӕнӕй?..

 

Геннадий ЗЮГАНОВ, Уӕрӕсей Федераций Компартий раздзӕуӕг: «Алли депутат дӕр гъӕуама дӕнцӕ ӕвдеса закъондзийнадӕ ӕнхӕст кӕнунӕй…»

Ӕма син еци гъуддаг, баруагӕс уи кӕд, уоййасӕбӕл зин нӕ уодзӕнӕй, уомӕн ӕма, ци закъонтӕ рацъапп кӕнунцӕ, уонӕн сӕ фулдӕрӕй-фулдӕр сӕхе ӕма се ‘мдзӕнхити пайдайӕн фӕуунцӕ…

 

Николай ВАЛУЕВ, Паддзахадон Думи депутат: «Цауӕн кӕнун анз еу, дууӕ, ӕртӕ, тӕккӕ фулдӕр цуппар хатти. Уой сирдтӕбӕл нӕ, фал хезун байдӕдтон мӕргътӕбӕл цауӕн кӕнунмӕ…»

Ӕ цауӕни фӕткӕ, ӕвӕдзи, уомӕ гӕсгӕ раййивта, ӕма бонӕй уӕззау уӕзи дуйней кӕддӕри чемпионӕн, айдагъ ӕ «хӕларзӕрдӕ» уиндӕй дӕр сирдтӕ гъӕдтӕй фӕлледзӕги ‘нцӕ. Мӕргътӕ ба ‘й сӕ бӕрзонд тӕхӕнтӕй ӕнхӕст нӕма  ӕрӕстӕфтӕнцӕ, нӕма си фӕттарстӕнцӕ…

 

Олег КОНОНЕНКО, космонавт: «Пандеми куд бавдиста, уотемӕй ес берӕ уӕхӕн архайӕг тухтӕ, кӕцитӕ сӕ зӕранӕй бабун кӕндзӕнӕнцӕ нӕ цивилизаци. Уомӕ гӕсгӕ ба нӕ гъӕуй ӕнхӕст космосон цивилизаци исун ӕма Зӕнхӕй фӕттӕхун…»

Кумӕ? Ӕма Зӕнхӕбӕл нӕ фудзундӕй  ци бӕлӕхтӕ исаразтан, уони, кумӕ фӕттӕхуйнаг ан, уоми ба нӕ исараздзинан ӕма бабӕй нин никки ӕндӕр рауӕнтӕмӕ ледзгӕ нӕ рауайдзӕнӕй? Уотемӕй ни космосон хауллитӕ нӕ рауайдзӕнӕй? Хуӕздӕр  нӕ уайдӕ нӕ Зӕнхӕбӕл зӕрдтагонӕй ауодун ӕма си амондгун цард аразун?..