25 апреля 2024

ДЗУРДИ ФАРНӔХӔССӔГ – ДЗИЛЛӔН ХУӔРЗГӔНӔГ!..

02.02.2021 | 15:13

Цийфӕнди доги дӕр, рӕстӕгутӕ цийфӕнди фӕйнӕхузти ку кӕниуонцӕ, уӕддӕр дзилли алкӕддӕр гъудӕнцӕ, нерӕнгӕ дӕр гъӕунцӕ, уӕдта, баруагӕс уи уӕд, гъӕудзӕнӕнцӕ дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнитӕ. Кӕддӕр уӕлдай фулдӕр, кӕддӕр ба ӕстӕндӕр, фал бустӕги ӕнӕ уонӕй ба некӕци ӕхсӕнади бон исуодзӕнӕй ӕ цардарӕзти хабӕрттӕ адӕми цӕсти исахедгӕ кӕнун.

Уомӕн ӕма дзурди хъаурӕ агъазиау ӕй. Нӕ фидтӕлтӕ хумӕтӕги нӕ зӕгъиуонцӕ: «Дзурд ци бакӕна, уой дуйней тохӕндзаумӕутти бон дӕр нӕ бауодзӕнӕй!..» Уомӕ гӕсгӕ етӕ багъӕуаги дзурд зӕгъунӕн се ‘хсӕнӕй алкӕддӕр сӕрмагонд лӕгти ӕвзурстонцӕ.

Нури доги ӕхсӕнади медӕгӕ дзурд зӕгъуни барӕ хауй дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнитӕмӕ. Уонӕй берӕ аразгӕ ‘й, ӕма уомӕ гӕсгӕ бӕрнондӕр уонцӕ, ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕстгӕнгӕ син уа фӕткӕ: дзурд ӕ рауӕни ку уа, уӕд алли афони дӕр бӕззуй.

Ӕма цӕмӕй ӕцӕгӕйдӕр уотӕ уа, уой туххӕй ӕнхӕсткӕнуйнаг фарстати фӕдбӕл ӕрӕги дзубанди цудӕй нӕ республики журналистти Цӕдеси еумӕйаг ӕмбурди. Бӕлвурддӕр ӕрмӕг мухур кӕндзинан нӕ газети хӕстӕгдӕр номертӕй еуеми.