ЕЦИ ÆВЕРХЪАУ ТОХИ БÆНТТИ НАМУС НИН ÆНОСТОМÆ ЦИТГИЙНАГ ÆЙ!..
Курски облæсти гъæу Понырий æрæги игонгонд æрцудæй мемориалон комплекс «Курски тугъд». Аци цау цæйбæрцæбæл ахсгиаг иссæй, уомæн æвдесæн æй е дæр, æма æ игон кæнуни фæдбæл цитгин мадзали архайдта Уæрæсей Президент Владимир Путин. Æма уоми радзубанди кæнгæй, загъта:
– Гитлер замышлял взять здесь реванш за Сталинград, надеялся на силу своих танковых дивизий, на эсэсовские соединения – на то, что они прорвут фронт и вновь покатятся лавиной на Восток. Но их встретила железная стойкость, доблесть наших солдат и командиров, закаленных в боях бойцов Красной Армии.
Цитгин мадзали рæстæг Владимир Путин паддзахадон хуæрзеугутæ равардта фæндзæймаг еумæйагæфсæддон æфсади 127-аг мотоæхсæг дивизий æфсæддонтæн. Уæрæсей Бæгъатæри ном аккаггонд æрцудæй лейтенант Александр Леваковæн, ефрейтортæ Филипп Евсеевæн æма Алексей Неустроевæн, уæдта хестæр лейтенант Расим Баксиковæн. Майдан «Æхсардзийнади туххæй» лæвæрд æрцудæй ефрейтор Илья Гавриловæн. Аци хабар уой æвдесæн æй, æма нæ бæсти адæмихæттити æригон фæлтæртæ дæр, нæ фидтæлти намусæй сæрустур уогæй, æнцæ æновуд Фидибæстæбæл, цæттæ ’нцæ багъæуаги æ сæрбæлтау уодуæлдайæй бахъазауат кæнунмæ.
Нæ фидтæлтæ ба Устур Фидибæстон тугъди, уой хæццæ ба Курски алфамбулай тугъдтити ци лæгдзийнадæ бавдистонцæ, е æнæгъæнæ дуйней дæр деси æфтудта. Æма уой кадæ æностæмæ цитгинæй гъæуай кæнун ба махæн æй нæ уодварни ихæстæн сæ ахсгиагдæртæй.
Курски тугъди кадæн нæуæг мемориалон комплекс игонгонд ке ’рцудæй, еци цау махæн, Иристони дзиллæн дæр хеуонæй-хеуондæр æй. Уомæн æма æверхъау карз тугъди бæгъатæрæй архайдтонцæ мингай не ’мзæнхонтæ, беретæ си уоми сæ цард иснивонд кодтонцæ Фидибæсти сæрбæлтау.