Ӕ ЕСБОН – НӔ АДӔМОН ЕСБОН
21.01.2022 | 17:31
Разагъди ирон финсӕг Коцойти Бариси фурт Арсени исфӕлдистадӕ ‘й хеуон нӕ адӕми еугур дзамантӕ ӕма еугур фӕлтӕртӕн дӕр, ӕведуйгӕ сауӕдони хузӕн нин ӕй нӕ уодигъӕди байлӕгъдзийнадӕн. Ӕ гъудитӕ нин зӕрдтагон ӕнцӕ – дӕттунцӕ нин зунди хъаурӕ, рӕстдзийнади рохс, бӕрзондгӕнӕг сагъӕстӕ.
Абони ба ‘й уомӕ гӕсгӕ имисӕн, ӕма 16 январи ӕ райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй дӕс ӕма авдинсӕй анзи (1872-1944). Уой фӕдбӕл абони нӕ газети 6-7 фӕрстӕбӕл мухур кӕнӕн Арсени туххӕй имисуйнӕгтӕ ӕма ӕ радзурдтӕй еу.