ЕУ АХСГИАГ ГЪУДДАГ АРАЗГӔЙ, ИННӔ АХСГИАГ ГЪУДДАГ ЕУВАРСГОНД МА ЦӔУА!..
Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлой разамундӕй ӕрӕги ци аппаратон ӕмбурд рацудӕй, уоми ӕрдзубанди кодтонцӕ нӕ республики цардиуаги ахсгиаг ӕма ӕвӕстеуатӕй райаразуйнаг социалон-экономикон фарстатӕбӕл. Зӕгъӕн, завод «Электроцинк»-и идарддӕри карнӕбӕл. Зундгонд куд ӕй, уотемӕй бӕсти Президент Владимир Путини хӕццӕ Сергей Меняйлойӕн айразмӕ ци фембӕлд адтӕй, уоми дӕр ӕркастӕнцӕ аци фарстамӕ дӕр, уомӕн ӕма республикӕн нуртӕккӕ ахсгиаг ӕй. Ӕма ӕмбурди куд фегъосун кодтонцӕ, уотемӕй еци кустуати фӕзуӕттӕ бакӕндзӕнӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕуи бӕрни.
Фарста абони уотӕ ӕвӕрд цӕуй, ӕма нӕ экономики еугур къабӕзтӕ дӕр гъӕуама кустгъон уонцӕ, гъӕугӕ пайда си уа нӕ республики хуарзӕн. Уомӕ гӕсгӕ Сергей Меняйло промышленности ӕма транспорти министрадӕн байхӕс кодта, цӕмӕй бундорон ӕргом раздахонцӕ, нуртӕккӕ лӕугӕ ка кӕнуй, еци кустуӕттӕмӕ. Никки ба ма загъта:
– Дӕсгай ӕма фулдӕр ӕнзти дӕргъи Цӕгат Иристони ци ӕрдӕгарӕзт объекттӕ лӕуунцӕ, уонӕмӕ дӕр гъӕуама уӕ гъос ӕрдарайтӕ. Алли объекти туххӕй дӕр гъӕуама бӕлвурд унаффӕ хаст ӕрцӕуа. Раздӕр кӕмӕй пайда кодтонцӕ, ӕма нур ка нӕбал бӕззуй, еци бӕстихӕйтти кой дӕр кӕнун: Дзӕуӕгигъӕуи бунӕттон хеунаффӕйади администрацимӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун, цӕмӕй ӕнӕдзебӕлӕй сӕ фӕндитӕ зӕгъонцӕ алли цауи туххӕй дӕр: идарддӕр ӕй аразӕн кенӕ ‘й ихалӕн.
Дзӕуӕгигъӕуи бунӕттон хеунаффӕйади администраций разамонӕг Милдзихти Вячеслав куд фегъосун кодта, уотемӕй сӕмӕ бӕстихӕйтти туххӕй ес хигъд, нур сӕ хецӕутти хӕццӕ дзубанди кӕнунцӕ. Идарддӕр, парки ци ӕрдӕгарӕзт берӕуӕладзугон бӕстихай ес, уой уавӕрмӕ рахизтӕнцӕ. Милдзихи-фурт куд радзурдта, уотемӕй бӕстихаййӕн ӕ сӕр райхалунӕн рӕстӕгмӕ зиндзийнӕдтӕ фӕззиндтӕй. Нур сӕ райеуварс кодтонцӕ ӕма ‘й ихалунцӕ. Куддӕр ӕхсӕзӕймаг уӕладзугмӕ ӕрхъӕртонцӕ, уотӕ уӕззау техникӕй бавналӕн уодзӕнӕй. Куститӕ уӕд фӕррӕвдзӕдӕр уодзӕнӕнцӕ.
Ӕмбурди ма, куд алли хатт, уотӕ дзубанди цудӕй эпидемиологон уавӕри туххӕй. Ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади министри ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тебиати Сослан куд радзурдта, уотемӕй сӕ цӕугӕ медицинон бригадитӕ фӕуунцӕ районти. Республики цӕргутӕ еци уавӕрӕй пайда кӕнунцӕ, диспансеризаци рацудӕнцӕ 569 адӕймаги, профессионалон ӕгъдауӕй равзурстонцӕ 206 адӕймагей ӕнӕнездзийнадӕ.
Цӕмӕй идардгомау гъӕути цӕргутӕ хуӕрзгъӕдӕ медицинон агъаз есонцӕ, уой туххӕй балхӕдтонцӕ дууӕ флюорографи, сентябри кӕрони ма дууӕ маммографи дӕр райсдзӕнӕнцӕ. Уонӕй цӕугӕ медицинон бригадитӕ пайда кӕндзӕнӕнцӕ. «Гъӕуама цӕугӕ бригадити куст, районтӕмӕ куд бахъӕртунцӕ, уони исбӕрӕг кӕнӕн. Мадта сӕ гъӕугӕ аппараттӕй дӕр исефтонг кӕнун гъӕуй, уӕд рацӕргӕ адӕми уавӕр хуӕздӕр равзардзӕнӕнцӕ, диспансеризаций хуӕрзгъӕдӕдзийнадӕмӕ дӕр аййеппитӕ ӕрхӕссӕн нӕ уодзӕнӕй», – фӕббӕрӕг кодта Сергей Меняйло.
Уӕлбарӕ лӕггӕдти хецӕуттӕ хуастӕй куд ефтонг ӕнцӕ, уой туххӕй разамонӕг фарста равардта «Росздравнадзор»-и управлений хецау Ольгӕ Давыдовамӕ. Хестӕр кари адӕм ӕма сувӕллӕнттӕн инсулин ке нӕ фагӕ кӕнуй, уой туххӕй гъӕститӕ цӕуй. Иннӕ ӕмбурдмӕ гъӕуама Ольгӕ Давыдова бацӕттӕ кӕна, сӕйгитӕн хуастӕ куд дӕттунцӕ, уой туххӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ.
Алли сӕйгӕн дӕр ӕхе нез ӕй сагъӕссагдӕр…
Аци игъосункӕнуйнӕгтӕмӕ гӕсгӕ мах ба уой зӕгъуйнаг ан, ӕма нури эпидемиологон уавӕри коронавируси пандемий нихмӕ ӕвӕстеуатӕй гъӕугӕ мадзӕлттӕ арӕзт ке цӕуй ӕма еци архайдмӕ лӕмбунӕг цӕстдард ке ес, е, дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, ӕнӕмӕнгӕ хуарз ӕй. Фал уой хӕццӕ ба сагъӕси ӕфтауй ӕндӕр уавӕр.
Куд зонӕн, уотемӕй пандемий фудӕй сӕйгӕдӕнттӕй кӕцидӕрти рӕстӕгмӕ ӕхгӕд ӕрцудӕнцӕ сӕрмагонд хайӕдтӕ. Уонӕми рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕхе дзӕбӕх кӕнун ке багъӕуидӕ, уонӕй нур ӕвӕстеуатӕй агъаз ке багъӕуа, е ба гъӕуама ци фӕууа, ци кӕнгӕ ин ӕй? Еу уӕхӕн сӕйгӕ нин куд радзурдта, уотемӕй ӕрӕги ӕхсӕвӕ ӕ зӕрдӕй балӕгъуз ӕй. «Тагъд агъаз»-и дохтиртӕ имӕ афойнадӕбӕл бӕргӕ ӕрбацудӕнцӕ, ци гъудӕй, уомӕй ин бӕргӕ агъаз кодтонцӕ, фал уӕддӕр сӕйгӕдонӕмӕ ласгӕ рауадӕй.
Ӕвӕдзи ӕй зонетӕ, нуртӕкки эпидемиологон уавӕртӕмӕ гӕсгӕ районти сӕйгӕдӕнттӕ кезугай (еу сутки дӕргъи – еу, иннӕ сутки дӕргъи – иннӕ, уотемӕй) есунцӕ Дзӕуӕгигъӕуи ӕма иннӕ рауӕнти сӕйгитӕй «Тагъд агъаз»-и дохтирти унаффӕмӕ гӕсгӕ госпитализаци кӕнун ке багъӕуй, уони. Ӕма, мӕнӕ ци лӕги кой кӕнӕн, уой дӕр фӕлластонцӕ, ке кезу адтӕй, еци сӕйгӕдонӕмӕ. Уоми ба дин бунат дӕр ку нӕ разиннидӕ, нӕ си адтӕй, бӕлвурдӕй ӕй ка гъудӕй, уӕхӕн специалист дӕр.
Раст зӕгъгӕй, еци изӕр сӕйгӕдони ка куста, еци медицинон къуар хъӕбӕр зӕрдиагӕй архайдтонцӕ, сӕ бон цидӕриддӕр адтӕй, уомӕй агъаз кодтонцӕ сӕйгӕн. Ӕма си е дӕр хъӕбӕр бозӕй рацудӕй. Уомӕ гӕсгӕ ба сӕйгӕдӕнтти косгутӕмӕ фау ӕрхӕссӕн нӕййес – уонӕн сӕ фулдӕрӕй-фулдӕр сӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ зӕрдиагӕй.
Нӕ дзубандий сӕр ба уобӕл ӕй, ӕма еу ахсгиаг гъуддаг аразгӕй, иннӕ ахсгиаг гъуддаг дӕр еуварс кӕнун раст нӕй. Пандемий нихмӕ еугур равгитӕ ӕма гӕнӕнтӕй дӕр архайун нуртӕккӕ тӕккӕ ахсгиагдӕр ӕнхӕсткӕнуйнаг гъуддаг ке ӕй, уой ни алкедӕр лӕдӕруй. Фал ӕндӕр уӕззау ӕма тӕссаг незтӕй еудадзугон сӕйгӕ ка ‘й (зӕгъӕн, зӕрди незӕй), етӕ ба гъӕуама ӕнӕргъудийӕй изайуонцӕ, уони тухст уавӕртӕ ба сагъӕссаг нӕ ‘нцӕ?
Гъе уобӕл, ӕвӕдзи, лӕмбунӕгдӕрӕй гъӕуама расагъӕс кӕнонцӕ ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади бӕрнон косгутӕ. Цийфӕнди сӕйгӕ дӕр – коронавируси кенӕ ӕндӕр нези фудӕй – ӕ тухст уавӕри агъазмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, ӕма ин гъӕугӕ хузи афойнадӕбӕл агъазгонд цӕмӕннӕ гъӕуама цӕуа!..
БАЛИКЪОТИ Тотраз