27 апреля 2024

ЕУ ӔНТӔСТӔЙ ИННӔ ӔНТӔСТМӔ

10.02.2021 | 16:27

Цӕгат Иристонии мухури ӕма дзиллон коммуникацити гъуддӕгути Комитети сӕргълӕууӕг Фидарати Юрий ӕрӕги нӕ республики дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити минӕвӕртти хӕццӕ фембӕлди рӕстӕг радзурдта, аци анзи ихӕстӕ ӕма нисанти туххӕй.

Ӕ радзубандий куд фегъосун кодта, уотемӕй ӕрӕги рохс фӕууидтонцӕ сери «Алайнаг библиотекӕ»-йи уагъд авд киунуги. Уонӕн ма гъӕуама рацӕуа фондз киунуги. Ӕдеугурӕй ба аци серий уагъд ӕрцӕудзӕнӕй 27 киунуги. Номдзуд ахургонд Абайти Васой райгурди 120 анзей бонмӕ уагъд ӕрцӕудзӕнӕнцӕ е ‘взурст кустити цуппар томи.

Фидари-фурт ма куд загъта, уотемӕй устур ӕргом ӕздӕхт цӕудзӕнӕй ӕригон журналистти профессионалон дӕснидзийнадӕ бӕрзонддӕр кӕнунмӕ, аци анз син арӕзт ӕрцӕудзӕнӕй сӕрмагонд исфӕлдистадон ахуртӕ. Уомӕй уӕлдай ма нӕ радиой, телеуинунади, газетти редакцити ци ӕригон уацхӕсгутӕ ес, уонӕн уодзӕнӕй фадуат Мӕскуй, Петербурги телеуинунади, ра-дио ӕма газетти редакцити. Аци анз ма  исаразуйнаг ӕнцӕ Цӕгат ӕма Хонсар Иристони журналистти еумӕйаг форум «Архитекториум Медиа тугъдадӕ». Гъӕуама фарӕ арӕзт ӕрцудайдӕ, фал коронавируси фудӕй фӕстӕдӕрмӕ ‘й рахастонцӕ. Аци форум фиццаг хатт исаразтан дууӕ анзей размӕ. Ка си архайдта, еци журналисттӕ си хъӕбӕр аразийӕй байзадӕнцӕ. Се ‘рмӕгути ӕмбурдгонд рохс фӕууиндзӕнӕй аци анз.