05 ноября 2024

ЕУМÆЙАГ ДЗУБАНДИЙ ПАЙДА АГЪАЗИАУ УОДЗÆНÆЙ…

30.06.2022 | 16:05

Æзинæ, 29 июни Дзæуæгигъæуи æ куст райдæдта медиафорум «PRO Кавказ». Аци ахсгиаг мадзал арæзт æрцудæй Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлой хъæппæресæй. Æма æ архайгутæ ба иссæнцæ Мæскуй æма æндæр уæрæсейаг регионти дзиллон информаций фæрæзнити косгутæ æма хецауади оргæнти минæвæрттæ, уæдта эксперттæ.

«PRO Кавказ» æй нæуæг фæзæ, ами журналисттæ фæуурухдæр кæндзæнæнцæ сæ зонундзийнæдтæ, æрдзубанди кæндзæнæнцæ ахсгиаг гъуддæгутæбæл, уой хæццæ ма мадзалæн ес еугæнæн ихæс. Архайунцæ си Мæхъæли, Кæсæг-Балхъари, Цæцæни, Дагестани республикити æма Стъараполæй минæвæрттæ. Адтæй Цæгат Кавкази регионтæй мухури равдист.

Форуми райдайæни æ архайгутæн зæрдиагæй райарфæ кодта нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис. Æма æ радзубандий загъта:

– Аци мадзалæн æ ахсгиагдзийнадæ уомæй æй, æма æрæмбурд кодта æнæгъæнæ Цæгат Кавказæй дзиллон хабархæссæг фæрæзнити косгути æма федералон нисани хæццæ разагъди экспертти – е æй æ сæйраг менеуæг. Абони уавæртæ домунцæ уæхæн куст. Уинæн дуйней æййивддзийнадæ, уой хæццæ æййевуй мухури фæрæзнити куст дæр. Нæ регионæн ес устур фæлтæрддзийнадæ æхсæнади кусти аллихузон къабæзти. Сумахæй аразгæ ‘й нæ адæми цæстингас сæйраг фарстатæмæ. Рæстæги домæнтæмæ гæсгæ гъæуама арæзт æрцæуа еугонд æцæгдзийнадæй хайгин дзиллон хабархæссæг фæрæзнæ. Уомæй уæлдай, сæхе уагæвæрд ес нуриккон технологитæн, æма син аци фæрæзни фæрци иссердзинан гъæугæ бунат. Форум уодзæнæй пайда алкæмæн дæр.

Форуми арæнти арæзт æрцудæй журналистти ‘хсæн ерис социалон-экономикон къабæзти. Уой хæццæ ма арæзт æрцудæй преми «Кавказ. Стереотиптæ сæтгæй». Уой фæрци Кавкази ахедундзийнадæ гъæуама исирæза, куд размæцуд регион, уотæ.

Бони дуккаг æмбеси форуми архайгутæ æрбамбурд æнцæ пленарон сессимæ. Еци æмбурди кадгин иуазгутæ адтæнцæ Сергей Меняйло æма Цæгат Кавкази федералон зилди иннæ регионти хецауади оргæнти иннæ минæвæрттæ. Сергей Меняйло æ радзубандий зæрдиаг салам загъта форуми архайгутæн, уæдта фæббæрæг кодта, исæвзургæ æхсæнадон-политикон уавæрти дзиллон информаций фæрæзнити размæ ци фиццаградон нисантæ лæууй, уони.

Сергей Меняйло æ радзубандий загъта:

– Аци форум хуннуй «PRO Кавказ», уомæн æма, Кавказ æй размæцуд æма ин аллихузон къабæзти ес устур федæн. Абони нæ бæсти, куд еугур дуйней, цæуй информацион тох. Сумахæй аразгæ ‘нцæ аци тохи фæстеугутæ. Дуйней ес журналистти дууæ къуари: еуетæ сæхе рауæйæ кæнунцæ, иннетæ ба æхсæнадæн пайда хæссунцæ. Фæндуй мæ, цæмæй аци форуми фæрци фæуурухдæр кæнайтæ уæ дæсниади зонундзийнæдтæ, æма уæхецæн дзуапп раттетæ: «Кæци журналистти къуармæ хаун?»

Медиафоруми туххæй бæлвурддæр æрмæг ниммухур кæндзинан нæ газети хæстæгдæр номертæй еуеми.

 

Нæ уацхæссæг