06 декабря 2024

«ЕУЗÆРДИУОНÆЙ АЛКÆДДÆР КÆРÆДЗЕБÆЛ УОДЗИНАН ÆХЦУЛ!..»

24.08.2024 | 16:36

Советон æфсæддонтæ япойнаг æрдонгтæ Халхин-Голи тугъди ниддæрæн кæнуни фæсте. Астæуæй – номдзуд Георгий ЖУКОВ.

Цæугæдон Халхин-Голи фалдзос 1939 анзи ци тугъдтитæ рацудæй, уони кой рæстæгæй-рæстæгмæ кæд ракæнунцæ, уæддæр, куд æнгъезуй, уотæ цитгингонд ба æнхæстæй цæмæдæр гæсгæ не ’рцæунцæ. Уотемæй ба уони ахедундзийнадæ дæр зингæ агъазиау æй. Япойнаг тогмондаг æрдонгтæ 1939 анзи уалдзæги гадзирахаттæй Манголимæ ку ’рбалæбурдтонцæ, уæд сæ нихмæ истох кодтонцæ советон-мангойлаг æфсæддон хæйттæ. Тугъдтитæ райдæдтонцæ 1939 анзи, 11 майæй ба еци анзи августи кæрони уæнгæ – япойнаг æрбалæборгутæ бустæги дæрæнгонд æрцудæнцæ, ка ма си фæййервазтæй, уони ба фендæдуар кодтонцæ, ци мангойлаг зæнхитиæ байахæссуйнаг адтæнцæ, уордигæй. Раст зæгъгæй, Япони æ фæххуæрди туххæй федуди бадзурд бафинста фæстæдæр, 16 сентябри. Уогæ уотемæй дæр бæрæг адтæй, Япони уоййасæбæл сæрустур кæмæй адтæй, æ еци Квантунаг æфсади æвзаргæдæр еугæндтæ куд æгадæ дæрæнгонд æрцудæнцæ, æма уой фудæй ба æ геополитикон уавæртæ куд фæккиуддæр æнцæ. Уонæн сæ еугурей туххæй парахаттæй рахабæрттæ кæнуни равгæ нин  нæййес, фал уой ба зæгъдзинæн, æма историктæ куд зæгъунцæ, уотемæй æ еци фæххуæрди фудæй Япони, кæд си Гитлер хъæбæр тингунæй агурдта, уæддæр æ нифс нæ бахаста Советон Цæдеси нихмæ тугъдон архайдтитæ райдайунмæ. Кæд нæ бæсти арæнтæмæ берæ æфсæдтæ дардта, уæддæр…

Цæугæдон Халхин-Голи фалдзос тугъдтити архайгутæн етæ иссæнцæ сæ цæргæ-цæрæнбæнтти имисуйнаг. Рæстæгæй-рæстæгмæ хецæн къуæрттæй бабæрæг кæниуонцæ Манголи, япойнаг æрбалæборгути кæми дæрæн кодтонцæ, еци рауæнтæ, номерæн мемориалтæ, кæцитæ, нæкæси, уоми берæ ’нцæ, хуæрзгъудгондæй, зæрдæхцæуæнæй фембæлиуонцæ сæ мангойлаг æмтохгæнгути хæццæ. Еу уæхæн цауи туххæй зундгонд советон журналист Г. Харченко кæддæр ци уац ниффинста, уой абони мах дæр мухур кæнæн.

*  *  *

Тугъди советон æма мангойлаг ветеранти къуари хæццæ мах хуæдтæхæгбæл рабалци кодтон Манголий сæйраг сахар  Улан-Баторæй. Дууæ сахаттей фæсте бахъæрттан Халхин-Голи цæугæдони дæлвæзæмæ. Аллирдигæй бор-борид дарунцæ будуртæ, зæнхæ ниссор æй, рагæй си нæ адтæй уарунтæ. Айдагъдæр цæугæдон æнцадгай ивулуй бæрзонд цъæх къотæрти ’хсæнти. Уомæн æ дæллаг билтæбæл цæуй арæн.

Халхин-Голи райони центрæй автобуси рандæ ан кæддæр япойнаг æрбалæборæг æрдонгти нихмæ тугъдтитæ кæми цудæнцæ, уордæмæ. Зæнхæбæл нур дæр ма бæрæг дарунцæ еци карз тугъдтити фæдтæ: зиннунцæ æмбесмæ сикъитæй ка байдзаг æй, еци акъоппитæ æма траншейитæ, синдзгун, изгæ тели тухтитæ, кæ ниййизгæ ’й, знаги еци пурхæгонд танкитæ.

Автобуси нæ хæццæ ’нцæ Советон Цæдеси Бæгъатæртæ, болкъонтæ Григорий Борисенко æма Александр Котцов. Етæ лæмбунæг кæсунцæ фæйнердигæй будуртæмæ.  Ести нæуæг хъулфад кенæ хæрдæ ку рауинунцæ, уæд сæ зæрдæбæл æрбалæуунцæ евгъуд бæнттæ. Уонæн ами зундгонд æй алцидæр: Григорий Якови фурт командир, Александр Василий фурт ба комиссар кæми адтæй, еци батальон карз  тох кодта япойнæгти нихмæ. Æма нур ветерантæн ами алцидæр сæ зæрдæбæл æрлæуун кæнуй уæди тугъдтити хабæрттæ æма цаутæ, советон æма мангойлаг æфсæддонти æма командирти æскъуæлхтдзийнæдтæ.

Нæ фарсмæ – Дугаржав, æ уæле национ дарæс – «дел». Дугаржав адтæй бæхгин полкки командир. Æ реубæл мангойлаг Сурх Турусай æма Полярон стъалуй ордентæ, уони фарсмæ ба – советон Сурх Стъалуй орден. Нæ иннæ æмбæлццон Амгалан ба уæд адтæй Манголи Адæмон Республики Гæрзефтонг тухти æфсæддон. Уой реубæл дæр ес цалдæр ордени æма майдани. Ветерантæ кæрæдземæн дзорунцæ сæ имисуйнæгтæ.

Мæ фарсмæ свердловскаг тугъдон лæг, Советон Цæдеси Бæгъатæр П.Е. Пономарев. Халхин-Голи тугъдтити рæстæг Павел Елизари фурт адтæй кæстæр сержант. Æма уæд ци æскъуæлхтдзийнадæ равдиста, уой туххæй финстонцæ еугур газеттæ дæр: еунæгæй ниппурхæ кодта, æ алливарс ибæл ци инсæй знаги æртухстæнцæ, уони.

Бацудан, бæрзонд туппурбæл ци бæрзонд стеллæ лæууй,  уой размæ. Пьедесталбæл – танк. Е æй циртдзæвæн М.И. Яковлеви бригади тугъдонтæн. Ами цудæй уæлдай карздæр тугъдтитæ. Уомæн æвдесæн æнцæ, билгæронæй Халхин-Голмæ ци æгæрон берæ пурхæгонд япойнаг дзармадзантæ æма танкитæ гæлст æрцудæнцæ, етæ.

Автобустæ сабургай бацудæнцæ номерæн уæлмæрдти размæ. Ами æвæрд æнцæ, уæди карз тугъдтити бæгъатæрæй ка фæммард æй, нæ еци æхсæрдæс æма цуппаринсæй тугъдони. Бæрзонд еумæйаг циртдзæвæнтæ. Танкисттæ кæми æвæрд æнцæ, уоми танки мæсуг, артиллеристтæ кæми æвæрд æнцæ, уоми дзармадзани ревæд гилдзитæ кæрæдзебæл амадæй. Фестæг æфсæддонти æнсувæрон циртбæл – æфсæйнаг стеллæ. Ветерантæ хъонцгæнгæй нигъгъос æнцæ…

Аразгутæ байархайдтонцæ ами Уæрæсей къум исаразунбæл. Циртити алливарс ниййаразтонцæ бæрзæ æма сосгъæдæ бæлæстæ, деденгутæ. Етæ еугурæйдæр ласт æрцудæнцæ, æвæрд си ци тугъдонтæ ’нцæ, уони райгурæн рауæнтæй. Мангойлаг адæм арфиагæй сæ зæрдæбæл дарунцæ, сæ сæребарæдзийнади сæрбæлтау ка фæммард æй, сæ еци Советон æнсувæрти рохс нæмттæ.

Нæуæгæй бабæй ранæхстæр ан нæ идарддæри надбæл, æма бабæй нади дууердигæй – номдзуд тугъд кæми цудæй, еци будуртæ. Дзубанди фæстагмæ рахизтæй абони гъуддæгутæмæ.

Манголи Адæмон Республики Фæллойни Бæгъатæр, фиййау Цэнд ардæмæ ’рбацудæй Астæуккаг Гобий аймакæй. Е дæр архайдта Халхин-Голи тугъдтити. Цэнд нин хабæрттæ кæнуй, фонсдаруни кусти сæ къохи ци æнтæстдзийнæдтæ бафтудæй, уони туххæй. Гъæууонхæдзарадон еугонд «Хъæбæр хуарз цард»-и æртинсæйанздзуд фиййау З. Жаморан ба нин радзурдта, фусвонс даруни кусти æ гъæздуг фæлтæрддзийнадæ æригон араттæн куд амонуй, уой туххæй.

Дзурди барæ æхемæ райста гъæууонхæдзарадон еугонд «Уæлахез»-и æригон (цæуй ибæл æхсæрдæс æма инсæй анзи) сæрдар З. Бирманготов. Разамунд ци устур хæдзарадæн дæттуй, е æй минкъий æндæдæр, тугъдтитæ кæми цудæнцæ, еци зæнхитæбæл.

Цæугæдон Халхин-Голи фалдзос тугъдтити архайгутæн циртдзæвæн Манголий.

Еци гъæууонхæдзарадон еугонд арæзт æрцудæй, тугъдтитæ ку райдæдтонцæ, уомæй мæйæ раздæр. Уæд е адтæй лæмæгъ хæдзарадæ, байеу си ’нцæ, нæдæр гъæууонхæдзарадон техникæ, нæдæр машинттæ кæмæ нæ адтæй, уæхæн мæгур хæдзарæдтæ. Нури кустуат ци зæнхитæ ахæссуй, е æй цуппар мин квадратон километри. Цæруй 1500 адæймаги. Ци фонс сæмæ ес, уойбæрцæ ’й 65 мини. Уонæн се ’мбесæй фулдæр æнцæ фустæ. Æновудæй косунцæ фонси муггаг фæххуæздæр кæнунбæл, гъæугæ хуаллæгтæ цæттæ кæнунбæл. Аразунцæ фонсдарæн бæзгæ бунæттæ. Гъæууонхæдзарадон еугонди сæйраг зоотехник Чулуни къохи бафтудæй фиццаг æнтæстдзийнæдтæ: е ’ргъауи ци æртигайанздзуд дугæрдгутæ ес, уонæн сæ уæзæ рæстæмбес нимадæй æй фæйнæ 310 килограмми. Уогæ ’нцæ фид ка дæттуй, уæхæн бунæттон фонси муггагæй. Еци бæрæггæнæн бæсти æй хуæздæртæй еу. Гъæууонхæдзарадон еугонди зæнхæбæл ес фæлварæн станцæ. Уоми ци æртæсæдæ косæги ес, етæ еугондæн агъаз кæнунцæ техникæй, амунддзийнæдтæй. Аци бæсти фиццаг хатт ами зайун байдæдта фæткъутæ æма дæс хузей бæрцæ гагарæзæ. Сомони (райони) центри ес дууæ скъолай (райдайæн æма астæуккаг), дууæ медицинон косæндони æма æртæ фельдшерти пункти, ес си клуб, кинотеатр. Адæмæй беретæмæ ес мотоциклтæ. Сомони центрæй бæсти сæйраг сахар æма аймаки центр Чойбалсанмæ тæхунцæ хуæдтæхгутæ.

Тæхæн Чойбалсанмæ, рахесæрдигæй фæстегæй райзадæй цадæ Буир-Нур. Еци цадæмæ кæлуй Халхин-Голи дон. Нæ бунæй ба уинæн, ами тугъдтити рæстæг бомбитæ æма дзармадзани нæмгутæ гъоргъитæ кæми искъахтонцæ, еци зæнхæ. Будурти аллирдæмæти цæунцæ тугъди дзаманæй байзайгæ нæдтæ. Кæрдæг сæ бæргæ бамбарзта, фал ма уæддæр зиннунцæ бæрзондæй кæсгæй.

Æма мæнæ уæди дзамани фронти фарсмæ ка адтæй, еци сахар Чойбалсан дæр. Цæрæн хæдзæртти нæуæг гъæунгтæ си радаргъ æнцæ, фиди комбинати рæсугъд азгъунститæ си аразунцæ болгайраг специалисттæ. Аци агъазиау кустуат аллибон дæр дæтдзæнæй 90 тонни фиди продукттæ. Сахари ма косунцæ электростанцæ, цъоппæхснæн фабрикæ, æма советон специалисттæ ке аразунцæ, уæхæн къуар æндæр кустуатей азгъунститæ. Хуæдтæхæг еу зилд инней фæдбæл кæнуй сахари сæрмæ, æвæдзи, цæмæй имæ лæмбунæгдæр æркæсæн уæлиаутæй. Æма мах зæрдæхцæуæнæй уинæн, сахар куд зæрдæмæдзæугæ рæсугъд æй, уой.

Уой фæсте бабæй адтæй митинг сахари музыкалон-драмон театри. Халхин-Голи билгæрæнттæбæл тугъдтити ка архайдта, уонæй еу, Советон Цæдеси Бæгъатæр инæлар-лейтенант Иван Афонин, мангойлаг æмбæлттæн æ радзубандий зæрдиагæй уотæ загъта:

– Æхцæуæн æй, нæ тугъдон æмбæлтти тог дзæгъæли ке нæ никкалдæй, уой уинун. Никки æхцæуæндæр ба е æй, æма тугъдон рæстæгути æргомæй ци æнсувæрдзийнадæ æргомæй-æргомдæрæй æвдист æрцудæй, е абони никки тухгиндæр кæнуй. Уомæ гæсгæ ба ми федарæй æруагæс кæнуй е дæр, æма еузæрдиуонæй алкæддæр кæрæдзебæл æхцул ке уодзинан, е…