07 декабря 2024

«ФАДУАТ – ЦАРДГЪОНГÆНÆГ ÆМА ГЪУДДАГ АРАЗÆГ!..»

25.03.2023 | 20:40

Нæ бæсти æхсæнадон-политикон цардарæзти аци анзи æрцæуйнаг гъуддæгути ’хсæн бæлвурд бæрæг дарунцæ дууæ цауи.

Уонæй еу – нуриккон Уæрæсей æвзарæн системæбæл æнхæст кæнуй дæс æма инсæй анзи. Аци цау цæйбæрцæбæл агъазиау æма ахсгиаг æй, уомæн ирд æвдесæн иссæй е дæр, æма Цæгат Иристони Сæргълæууæги сæрмагонд Указæй (хуæрзæрæги, 8 феврали нисангонд æрцудæй нæ республики æвзарæн системи косгути Бон). Бæрæггонд цæудзæнæй 19 октябри – еци бон 1993 анзи райдæдта Цæгат Иристони Центрон æвзарæн къамис аразуни куст. Абони нæмæ æвзарæн системи фæллойнæ кæнуй 3500 адæймагемæй фулдæр, етæ уодуæлдайæй архайунцæ 346 æвзарæн къамисей куст гъæугæ хузи райаразунбæл. Æма син профессионалон бæрæгбон нисангонд ке ’рцудæй, е æй, сæ куст цæйбæрцæбæл ахсгиаг æма арфиаг æй, уой æвдесæн.

Иннæ æрцæуйнаг цау – куд алли анз, уотæ бабæй нæмæ фæззæги, бæлвурддæрæй ба 10 сентябри рацæудзæнæй гъæлæскæнуйнади Еумæйаг бон. Еугур еци гъуддæгути фæдбæл æй нæ республики Центрон æвзарæн къамиси сæрдар Моргуати Жанни дзубанди.

 

Нæ дзубанди Моргуати Жанни хæццæ ба райдæдтан арфитæй.

– Жаннæ, фиццагидæр дæуæн æма нæ республики æвзарæн системи еугур косгутæн дæр хъæбæр æхцæуæнæй арфæ кæнæн уæ юбилейи фæдбæл, æма уин нæ зæрдæ зæгъуй, цæмæй уæ æнæмæнгæ гъæугæ куст уа æнтæстгин, уæхуæдтæ ба си зæрдрохс куд уайтæ!

– Арфиаг уотæ, мах ба архайдзинан, цæмæй нæ куст æцæгæйдæр нæ Иристонæн, нæ адæмæн пайдахæссæг уа.

– Жаннæ, нæ рагфидтæлтæ куд зæгъиуонцæ, цард цæуй æма фарнæ хæссуй, уотæ нæ республики æвзарæн системæ дæр, æруагæс ни кæнуй, æ дæс æма инсæй анзей карæмæ исфæрнгун æй, зæрдрохс ун кæмæй æнгъезуй, берæ уæхæн гъуддæгутæй, фæлтæрддзийнадæй. Идæрдтæбæл нæ дзордзинан, фал  фæстаг рæстæгути хабæртти кой ракæнун ба бунати уодзæнæй.

– Фиццагидæр мæ зæгъун фæндуй фариккон æвзурстити туххæй. Уой дæр уæлдай æхцæуæнæй, уомæн æма рацудæнцæ, иннæ æнзти хæццæ рабаргæй, зингæ-зингæ фулдæр æвзаргутæ си архайдтонцæ, уотемæй æвзаргутæн сæ 69% исгъæлæс кодтонцæ. Уомæ гæсгæ ба нæ бон æй федарæй уотæ, зæгъун, æма хецаудзийнади алли къабæзтæмæ æвзурститæ (æдеугурæй адтæнцæ дæс æма авдинсæйемæй фулдæр) рацудæнцæ æнтæстгинæй. Лæвæрд æрцудæнцæ 940 депутатон мандати, уонæй дæс æма æртинсæй – республики парламентмæ равзурст депутаттæн.

Фари æвзурститæн ма адтæй еу хецæндзийнадæ – цудæнцæ, раздæр куд адтæй, уотæ еу бон нæ, фал дууæ боней дæргъи.

– Еубонон æма цалдæр боней дæргъи æвзурстити ’хсæн ци хецæндзийнæдтæ ес?

– Куд зонæн, уотемæй æвзурстити уæхæн фæткæ нисангонд æрцудæй коронавируси фудæй тæссаг санитарон-эпидемиологон уавæр ке исæвзурдæй, уомæ гæсгæ. Фал аци нæуæгдзийнадæ куд равдиста, уотемæй цалдæр боней дæргъи гъæлæс кæнуни мадзал айдагъ медицинон æгъдауæй нæ, фал социалон ахедундзийнадæй дæр пайдахæссæгдæр æй. Уотемæй куд æвзаргутæн æма цæстдаргутæн, уотæ æвзарæн къамисти иуонгтæн дæр сæ куст хуæздæр æма æнхæстдæрæй цæуй.

Уотæ æнгъæл дæн, æма дууæ боней дæргъи ке цудæнцæ æвзурститæ, уомæ гæсгæ фæффулдæр æй æвзаргути нимæдзæ гъæлæс кæнуни бæнтти. Уæдта ма уой дæр æнæрæстæфгæ нæ фæцан, æма уотемæй цæйбæрцæбæл æнцаддæр адтæй æвзарæн рауæнти еумæйаг уавæр. Кæд алли бунатмæ дæр цалдæргай кандидати уидæ, уæддæр æвзурстити размæ агитацион куст дæр æма æвзурститæ сæхуæдтæ дæр рацудæнцæ æнæ уæлдай хъоргæнæг миутæй, æнæ хæлхъойтæй. Уомæн агъаз адтæй е дæр, æма видеоцæстдард дæр цудæй æнæкъулумпийæй сутки æндæргъци закъонмæ гæсгæ. Еугур еци мадзæлттæ арæзт цудæнцæ, цæмæй æвзурститæ æмбæлгæ уагæбæл æма æнæ закъонихалгæй рацудайуонцæ, уомæн.

– Фал уæддæр аци нæуæг мадзали, дууæ боней дæргъци гъæлæс кæнуни фæтки хæццæ еугурæй арази нæ ’нцæ…

– Нæ кусти мах дзолгъа-молгъатæбæл нæ æнцойнæ кæнæн, фал комкоммæ дæнцæгтæмæ гæсгæ кæнæн хатдзæгтæ. Еци дæнцæгти хатдзæгтæн ба, сæ сæйрагдæр е æй, æма æвзурстити фæсте æртæ мæйей дæргъи тæрхондонæмæ еунæг гъаст дæр нæ бацудæй нæ архайди туххæй.

– Циуавæр нæуæгдзийнæдтæй ма пайдагонд цæудзæнæй æвзарæн системи?

– Цалдæр анзей дæргъи æнтæстгинæй пайдагонд цæуй механизм «Мобилон æвзарæг»-и хузи гъæлæс кæнуни мадзалæй. Е фадуат дæттуй, æвзаргутæй æвзурстити рæстæг æ еудадзугон цæрæн рауæнæй æндæр кæмидæр идарди ка фæууй, уонæн уоми исгъæлæс кæнунæн.

Никки ба ма Уæрæсей Центрон æвзарæн къамиси сайти алли æвзарæги бон дæр æй базонун, ци æвзарæн участокмæ хаст цæуй, уоми æвзаргути номхигъди æй æви нæ, уой, уæдта ма æвзарæн мадзæлтти æмгъудтæ æма гъæлæс кæнуни фæстеугутæ базонун.

– Аци нæуæг мадзæлттæ ести фæййагъаз уодзæнæнцæ хумæтæг, фал ахсгиаг фарста ниллух кæнунæн, гъома, дæсгай æнзтæ еци-еу бæстихаййи ка цæруй, етæ æвзаргути номхигъдтæмæ хаст ку не ’рцæуонцæ æма уони бæсти сæмæ «мард уодтæ» хаст ку ’рцæуонцæ, уой нихмæ?

– Фиццагидæр, æвзаргути номхигъдтæмæ ци æййивддзийнæдтæ хаст цæуй, уомæ еудадзугдæр цæстдард цæуй, фал ами уæддæр дæлбарæ ан паддзахадон оргæнтæ нæмæ адæми цæрæн рауæнти туххæй æма æндæр гъæугæ бæрæггæнæнти æцæгдзийнадæй. Аци рауæн мæ бон уотæ зæгъун æй, æма «Паддзахадон лæггæдти» портали хæццæ рабаргæй, еци бæрæггæнæнти æма махæн нæхе бæрæггæнæнти æмхæлдехдзийнадæ хъæртуй 85 процентемæ, уогæ уой дæр нимайун гъæуй, æма еугур æвзаргутæ регистрацигонд не ’рцæунцæ номхигъдти…

Иннемæй ба аци анз еугур еци номхигъдтитæ никкидæр ма бæлвурддæргонд æрцæудзæнæнцæ, Уæрæсей Федераций нимæдзти æма Уæрæсей медгъуддæгути министрадтæ нæмæ ци бæрæггæнæнтæ æрбадæттонцæ, уони бундорбæл æнцойнæгæнгæй.

– Аци анзи æвзурстити кой искодтайтæ. Кæми арæзт цæудзæнæнцæ?

– Дæсæймаг сентябри гъæуама æвзурст æрцæуонцæ фондз районеми минæвæртти æстдæс Æмбурдей 116 депутати, аст гъæуеми ба разамонгутæ. Тæккæ устурдæр æвзарæн мадзæлттæ арæзт цæудзæнæй Ирæфи райони – ами æвзардзæнæнцæ райони минивæртти Æмбурди депутаттæ.

– Фæсевæд цæйбæрцæбæл разæнгардæй архайунцæ æвзарæн мадзæлтти?

– Нæ республики Центрон æвзарæн къамис устур æргом æздахуй, цæмæй фæсевæд лæмбунæгдæр ахур кæнонцæ æвзарæн-барадон æма æ электоралон культурæ. Уой туххæй берæ аллихузон мадзæлттæ арæзт цæуй – архайæн, фæсевæд цæмæй разæнгарддæрæй æма рауон-циуондæрæй архайуонцæ æвзарæн мадзæлтти. Уой туххæй республики районти арæзт æрцудæнцæ æма æнæкъулумпийæй косунцæ фæсевæдон-æвзарæн къамистæ.

Зæгъæн, евгъуд анзи æригон æвзаргутæн арæзт æрцудæй «Аланий электоралон командæ», зæгъгæ, гъуддагон гъазт. Дууæ боней дæргъи фæсевæд гъæлæс кодтонцæ фæсевæдон парламентмæ æвзурстити. Æдеугурæй си архайдта 7,3 мин адæймаги. Хъæбæр цæмæдесæй пайда кодтонцæ нуриккон технологитæй.

– Аци анз ма циуавæр гъуддæгутæ исæнхæсткæнуйнаг айтæ æвзарæн къабази архайди?

– Нуртæккæ нæмæ ци хайадон (æвзарæн участокти) къамистæ косуй, уони барадон æмгъудтæ кæронмæ фæхъхъæртунцæ. Нæуæг къамистæ гъæуама федаргонд æрцæуонцæ аци анзи июни кæронмæ. Нæ бæсти æвзарæн системæбæл дæс æма инсæй анзи ке æнхæст кæнуй, уой фæдбæл исфедар кодтан сæрмагонд мадзæлтти пълан. Уомæ гæсгæ арæзт цæудзæнæнцæ наукон конференцитæ, «тумбул стъолтæ», олимпиадитæ, викторинитæ, конкурстæ студенттæ æма скъоладзаути ’хсæн.

Нæ тæккæ сæйрагдæр ихæс ба ’й – анзи кæрони архайун райдайдзинан нæ бæсти президент æвзаруни компани райаразун кæнунбæл.

– Нæ бæсти Президент дин дæ уодуæлдай фæллойни туххæй исаккаг кодта устур хуæрзеуæг – майдан «Фидибæстæн устур лæггæдти бацæуни туххæй». Ци зæрдæй исæмбалдтæ еци æхцæуæн хабарбæл?

– Ке зæгъун æй гъæуй, устур æхцæуæндзийнади хæццæ. Уогæ еци хуæрзеуæг кæд комкоммæ лæвæрд æрцудæй, уæддæр æй æз уотæ нимайун, æма е айдагъ мæн нæй, фал уомæн æ нисанеуæг æй нæ республики еугур æвзарæн къабази косгути устур байвæрд, уæдта æвзаргути архайдæн бæрзонд аргъгонди æвдесæн.

Е æй развæлгъауи хуарзæнхæ, нæ бæсти Президенти ’рдигæй æууæнки нисанеуæг, махæн нæ еугуремæн дæр, нæ профессионалон дæсниадæ еудадзугдæр бæрзонддæр кæна, цæмæй нæ бæсти гъомусадæ федардæр кæна, æма нæ исонибон зæрдæмæдзæугæдæр уа…

– Æвзурстити хæццæ фарстатæ уоййасæбæл берæ ’нцæ, æма уонæн сæ еугурей фæдбæл еунæг хатмæ æрдзубанди кæнунæн равгæ нæййес. Уомæ гæсгæ ба нæ зæрди ес, фæстæдæр дæр ма сæбæл æрдзубанди кæнун. Абони ба ма уой зæгъæн, æма аци анзи æвзурститæмæ цæттæ кæнгæй ци бафæдзæхсуйнаг дæ нæ республики æвзаргутæн.

– Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй дессаги зундгин загъд: «Фадуат – цардгъонгæнæг æма гъуддаг аразæг!..» Мæнмæ гæсгæ, æвзурститæ дæр æнцæ, нæ абони цардарæзт цæмæй хуæздæр кæна æма нæ исонибон ба никки райдзастдæр уа, гъе уомæн тæккæ хуæздæр фадуат. Уой ни алкедæр раст ку лæдæра æма æвзурстити æ бартæй бæрнонæй ку пайда кæна, уæд цæйбæрцæбæл æнтæстгин уодзинан.

– Арфæ дин кæнун, Жаннæ, дæ зæрдæмæдзæугæ дзубандий туххæй.

КÆРОНБÆТТÆНИ БÆСТИ

Æвзурстити туххæй дзубандимæ гæсгæ зæрдæбæл æрбалæууй еу таурæхъон цау.

Цæветтонгæ, еу гъæуи, дан, еу зæронд лæг мæлуни къахбæл ниллæудтæй. Е адтæй, раст нæуæг цардарæзт ку æрфедар æй, уæд. Е ’мгарæ зæронд лæгтæ æ алливарс бадунцæ æма ’й дзубандибæл дарунцæ.

– Мæлгæ уин кæнун, мæлгæ, мæ лимæнтæ, – нæтгæй сæмæ дзоруй уæззау сæйгæ.

– Тухсгæ ма кæнæ, мах дæр дæ тагъд баййафдзинан. Дæумæ хицæ кæнун гъæуй, аци нæуæг царди дессаги хабæрттæ нæ зæронд мæрдтæн фиццаг ка ракæндзæнæй, – зæрдитæ ин æвæрунцæ лæгтæ.

– Ракæндзæнæн, фал Гогоцций лæгъуз гъæуихецау иссæй, е си уæддæр нæ баруагæс уодзæнæй. Æма син еци хабар нæ ракæндзæнæн…

Аци цауи кой æвзарæн къамисти косгутæй кæмæндæр ку ракодтон, уæд хъæбæр зæрдиагæй фæххудтæй, уæдта загъта:

– Уогæ ба ци не ’римисдзæнæнцæ адæм, уæлдайдæр ба цæмæй син сæхе мацæмæй фудгин кæнонцæ. Нур Гогоцций гъæуихецауæй сæхуæдтæ нæ равзурстонцæ? Æма ’й нæ уидтонцæ, ци æй, уой? Уомæ гæсгæ бæрнондæр зæрдихаттæй кæсун гъæуй æвзурститæмæ, ке æвзарæн, хецаудзийнади къабазтæмæ ке минæвар кæнæн, нæ цардиуаги хабæрттæ ке къохти уодзæнæнцæ, уомæ.

Раст æй æ загъд. Еугæр нин лæвæрд цæуй хецаудзийнади еугур къабæзтæмæ дæр нæ фæндонæй аккаг адæймæгутæ равзаруни барæ, уæд си æнхæстæй цæмæннæ гъæуама испайда кæнæн!..

Æрмæг бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ.

 

Нæ номдзуд финсæг Хъазбегти Хъазбег кæддæр е ’мдзæвгитæй еуеми уотæ финста:

Мæ киунугæ – мæ хуарз æмбал,
Царди унæр – мæ фæтæг.
Ахур-косун – царди амал
Нæ Цæдеси игъæлдзæг…

Нæ зонæн, æ аци зæрдрохсдзийнадæ ести барæ даруй æ доги æвзурститæмæ, фал уой ба бæлвурдæй зонæн, æма уæди советон цардарæзтити рæстæг æвзурститæ адæмæн æхцæуæн уиуонцæ, æцæгæйдæр си дзиллонæй архайиуонцæ… Бæргæ хуарз уидæ нуриккон æвзурстити дæр адæм уотæ дзиллонæй ку архайиуонцæ – кæд хуæздæр уавæртæмæ бæллæн, уæд нин етæ цæмæй бантæсонцæ, уобæл гъæуама архайгæ дæр кæнæн…