06 октября 2024

ФÆЛЛОЙНÆГÆНÆГИ БАРТÆ ГЪÆУАМА СÆЙРАГДÆР УОНЦÆ!..

23.01.2024 | 15:05

Нæ республики хецауади Сæрдар Дзанайти Барис ин разамунд лæвардта, уотемæй æрæги арæзт æрцудæй  социалон-фæллойнадон рахастдзийнæдтæ нивæбæл кæнуни æртæвæрсуг Къамиси æмбурд. Архайдтонцæ си профцæдести æма кустдæтгути минæвæрттæ.

Нæ республики профцæдесон организацити Еугонди сæрдар Касати Таймораз æмбурди архайгути базонгæ кодта Цæгат Иристони тæккæ минкъийдæр мизди туххæй регионалон проекти хæццæ. Куд бафеппайдта, уотемæй мах ан, бюджетон къабази мизди ихæстæ ка не ’руадзуй, Уæрæсей еци регионти ’хсæн.

Мизд федуни фарстай фæдбæл радзурдта республики фæллойни паддзахадон инспекций разамонæг Берозти Тамерлан дæр.

Æмбурди ма æркастæнцæ Цæгат Иристони профцæдесон федераций, республики кустдæтгути еугонди æма Хецауади ’хсæн аразидзийнади 2024-2026 æнзтæмæ æртæвæрсуг проектмæ. Уоми уæлдай æргом æздæхт цæуй фæллойни базари ирæзтмæ, æгуст адæмæн фæййагъаз кæнунмæ, фæллойни æдасдзийнади уавæртæ исаразунмæ.

Касати Таймораз куд фæббæрæг кодта, уотемæй аразидзийнади проекти бæлвурдгонд цæунцæ мизд фæффулдæр кæнуни, æфтуйæггæгти ирæзти, æма фæллойнæгæнæг адæми социалон æгъдауæй гъæуай кæнуни фарстатæ. Уоми бунат иссирдтонцæ социалон æма фæсевæдон политики æмархайд, косгути æдасдзийнадæ æма æнæнездзийнадæ. Финст си æрцудæнцæ кусти уавæртæ фæххуæздæр кæнуни, промышленнон æма экологон æдасдзийнади домæнтæ.

Дзанайти Барис æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй еумæйаг куст баст æй кæронбæттæни хатдзæги хæццæ:

– Кæрæдзей фегъосæн, лæдæрæн, ци минæвæрттæ архайунцæ æмбурди, уонæн сæ еугур фарстатæ дæр æнцæ зундгонд. Еумæйаг фæндитæ фæббæрæг уодзæнæнцæ. Æртæвæрсуг къамиси иуонгтæ дæс бонемæ равзардзæнæнцæ проекти социалон-фæллойнадон рахастдзийнæдтæ нивæбæл кæнуни фадуæттæ. Сæ феппайуйнæгтæ бахæсдзæнæнцæ, уой фæсте проект бафинсдзинан.

Хецауади Сæрдар æма финансти министрадæн, районти разамонгутæн бафæдзахста, цæмæй сæ цæстæ даронцæ, паддзахадон æма муниципалон косгутæмæ мизд куд хъæртуй, уомæ. Еугæр ихæстæ ес, уæд уой фегъосун кæнуни туххæй гъæуама коса комкоммæ бастдзийнади телефон. Еугур еци хабæрттæ гъæуама хъæртонцæ  Æртæвæрсуг къамиси иуонгтæмæ æма фæллойни паддзахадон инспекцимæ.

Æмбурди ма «Промышленникти æма амалгъонти цæдес»-и сæрдар радзурдта 2023 анзи кусти бæрæггæнæнтæбæл. Абони сæйрагдæр æй еумæйаг кусти размæцуд багъæуай кæнун. Æма уой фæдбæл дзоргæй, Дзанай-фурт куд баханхæ кодта, уотемæй республики ес дзæбæх инвестицион уавæр, амалгъонтæ уой лæдæрунцæ:

– Берæ проекттæ царди уагъд цæунцæ, фондз си æнцæ раззагдæртæ, уонæн равардтонцæ 65 миллиард соми. Фæззиндзæнæй нæмæ 7 мин нæуæг кусти бунати. Федералон æма регионалон агъази мадзæлттæй дар пайда кæнæн, туризм ирæзуй. Аразун гъæуй дзæбæх фадуæттæ. Еци рауæн Æртæвæрсуг къамиси архайд ахсгиаг æй.

Аци æрмæг цæттæгонд æй нæ республики Сæргълæууæг æма  Хецауади пресс-служби игъосункæнуйнæгтæмæ гæсгæ.