16 августа 2026

ФÆРНДЖЫН УНАФФÆ БАКÆНÆМ

15.08.2026 | 23:47

Чиколай бæрæгастæу фæзи æмвæрстæ æвæрд æнцæ Малити Геуæргий æма Хетæгкати Къостай бюсттæ. Е уой æвдесæн æй, æма Дигори дзиллæ æмхузон цитгиндзийнадæй кадæ кæнунцæ нæ национ литератури дууæ хъазауатоней алæмæтдзийнадæн.

Зундгонд куд æй, уотемæй нæ республики Сæргълæууæг æрæги Парламентмæ барвиста «Республикæ Цæгат Иристон-Аланий паддзахадон æвзæгти туххæй» закъони проект. Æма бафæдзахста, цæмæй ибæл арæзт æрцæуа æхсæнадон æркаст, цæмæй дзиллæй фулдæремæн равгæ уа сæ зæгъуйнæгтæ зæгъунæн.

Уæ зæрдæбæл уин æрлæуун кæнуйнаг ан уой дæр, æма нæ мадтæлон æвзаги паддзахадондзийнадæ сæрмагонд закъонæй исфедар кæнуни фæдбæл раздæр дæр архайд цудæй. Еугур хабæртти кой нæ кæндзинан, фал уин уæ зæрдæбæл ба уой æрлæуун кæндзинан, æма 1992 анзи фæззиндтæй «Цæгат Иристони ССР-и æвзæгти туххæй» закъони проект, парахаттæй ибæл цудæй дзубанди дзиллон хабархæссæг фæрæзнити. Берæ аллихузон гъудитæ æма фæндитæ си загъд æрцудæй. Æма си берети зæгъуйнæгтæ, махмæ гæсгæ, уой аккаг æнцæ, цæмæй сæмæ абони æригъосæн. Зæгъæн, нæ номдзуд поэт, публицист æма æхсæнадон архайæг Хостихъоти Зини гъудитæ. Мухур сæ кæнæн, газет «Рæстдзинад»-и ин кутемæй мухургонд æрцудæнцæ (1992 анзи 9 июни), уотемæй – иронау, уомæй уой зæгъуйнаг ан, æма нин ирон æвзаг дæр нæ дигорон æвзаги хузæн зæрдтагон æй. Æцæг уой зæгъуйнаг ан, æма уæди рæстæги фæткæмæ гæсгæ Зинæ нæ еумæйаг мадтæлон æвзаг хонуй «ирон», махмæ гæсгæ растдæр уодзæнæй «оссаг». Фал уой дæр нæ æййевæн – гъулæггагæн, Зинæ абони не ’хсæн нæбал æй, æма ин æ уацмæ хевастæй æййивддзийнæдтæ хæссун æгириддæр раст нæ уодзæнæй.

*  *  *

Дзыхæй нæ, фæлæ удæй ирон чи у, мæ ныхас уыцы адæмимæ у ныртæккæ. Нæ гыццыл ирон зæххыл цытæ цæуы, уый не ’ппæт дæр уынæм. Алырдыгæй нæм лæбурынц, ирон туг кæлы, нæ зæхх – дзырддаг, хъаугъайаг ссис. Гъе ахæм рæстæджы цы митæ кæнынц, нæ иуæй-иутæ та? Бавдæлдысты æмæ нæ дзыллæйы дихтæ кæныныл æрлæууыдысты. Кæмæндæр, дам, йæ бæндæн иу дагъæй не ’ххæссыд æмæ йæ дыдагъ кодта. Ирон адæмы хæстон историйыл дæ цæст куы ахæссай, уæд фыдæй-фыртмæ нæ уды цæры иу æвирхъау миниуæг: зын уавæры къордтæ-дихтæ бавæййæм, иу зондмæ æрцæуын нæ бон не ’свæййы, суанг ма кæрæдзи ныхмæ дæр схæцæм æмæ ныл фыдгул æнцонæй фæуæлахиз вæййы. Абон цыбыр къабазмæ дæр уый тыххæй æрцыдыстæм. Æмæ та ныр дæр зын уавæры куы бахаудыстæм, уæд нæ иуæй-иутæ бавнæлдтой нæ адæмы сæрмæ лæбурынмæ, хъуамæ йæ аныхъуырой, хъæуамæ нын не ’хсæн кæрæдзимæ æнæуынондзинад стыхджы кæной. Кæрæдзиуыл стырзæрдæ цæмæй кæнæм, ууыл архайынц. Æмæ ма уæд фыдгулы дæр хуыздæр цы хъæуы? Цæмæн кæнын ацы ныхæстæ?

Бирæ азты дæргъы чысыл адæмтыл цы бон уыд, уый зонæм. Сæфты уавæрмæ æрцыдысты æвзæгтæ, культурæтæ. Ахæм уавæрæй хызт не ’рцыд ирон æвзаг, ирон культурæ дæр. Уыцы рæстæджы ма махмæ уыд æвзаджы мидхæст дæр. Нæхимидæг чидæртæ архайдтой, дыгурон дзырд дæлдзиныг кæныныл. Дыгуронау фыст уацмыстæ зæрдиагæй мыхуыргонд нал цыдысты. Æвæццæгæн, афтæ хъуыды кодтой, нацийæн иу литературон æвзаг хъуамæ уа, зæгъгæ, иннæ нацитæн куыд ис, афтæ. Фæлæ ууыл нæ ахъуыды кодтой, уæд Гуырдзыбеты Блашка, Багъæраты Созыр æмæ Малиты Георги та цы фæуой, зæгъгæ. Дыгуронау абон дæр рæзы литературæ æмæ уый дæлдзиныг кæнын фыдракæнд у ирон культурæйæн. Цы уæлдай у, курдиатджын уацмыстæ фæнды иронау фыст æрцæуæнт, фæнды – дыгуронау?! Фæлæ абон дыгурон дзырды сæрыл тохгæнджытæй хъуамæ рох ма уа, ирон дзырд дæр хуыздæр уавæры кæй нæ уыд, иумæ кæй сæфтысты, уый.

Абон гæнæнтæ куы фæци, цæмæй нæ дзыллæйы пырхæнтæ зæрдæ – не ’взаг мургай æруидзæм, бандидзын æй кæнæм, уæд чидæртæ бавдæлдысты æмæ архайынц, цæмæй æндидзгæ нæ, фæлæ бынтондæр йæ уд сиса.  Ахуыргонд Исаты Зоя 1982 азы журнал «Иранское языкознание»-йы фыссы: «…В ряде явлений фонетики и морфологии иронский и дигорский диалекты могут рассматриваться как два последовательских этапа развития одного и того же языка (подробнее см. Абаев, 1949, с.375 и сл.). «Ирон æвзаджы дзырд «диалект» нæй, уый йæм ахуыргæндтæ ’рбахастой. Нæ фыдæлтæй диалекты кой ничи кодта. Уыдыстæм дыгурæттæ æма ирæттæ, ома, иу адæмы, аланты дыууæ æмхуызон къабазы. Ныр уыцы æнæрайы «диалекты» алыварс æрæмбырд стæм æмæ йыл халæттау базырхъилæй хъуахъ-хъуахъ кæнæм. Иу зæгъы, æвзаг у, иннæ – æвзаг нæй, æртыккаг – цæуыннæ у? Цымæ адæймагæн йæ кæцыфæнды къабаз дæр ралыг кæн, уæд уый цы уæлдай у? Нæ адæмæн дæр фæнды сæ ирон къабаз фесæфæд, фæнды – сæ дыгурон, уæддæр нацийы культурæ къахыр кæны.

Ныртæккæ кусæм ирон æвзаджы Закъоныл. Æз мæхæдæг дæр дæн уыцы Закъоны къамисы. Дыккаг аз нæ бон иу уынаффæмæ ’рцæуын нæу. Кæсаг, хæфс æмæ цъиусуры» митæ кæнæм не ’взаджы хъысмæтæн. Фыццаджыдæр уал уый, æмæ нæ Сæйраг Совет не ’взагæн бацыд фыдракæнды, Ирыстоны дыууæ паддзахадон æвзаджы кæй расидт, – уымæй. Аци хъуыддаг у – чъирийы уæлæ цъупп, зæгъгæ, цæйау акæнынц, афтæ. Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг Совет уынаффæ рахаста, цæмæй æппæт Федерацийы дæр уырыссаг æвзаг уа паддзахадон. Мах республикæ дæр хауы Федерацимæ. Фæнда нæ, ма фæнда, уæддæр уыцы Закъон хауы махмæ дæр. Уæдæ ма йæ цымæ нæхи Сæйраг Советы дыккаг хатт цæмæн хъуыд паддзахадон расидын? Уый тыххæй бирæтæ дзурынц, æз дæр фыстон газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Фæдисон»-ы. Фæндон бахастон, цæмæй фысджыты Цæдис Гуманитарон иртæстыты зонадон институты ирон хайад æмæ Университеты ирон хайад тæрхондонмæ раттой нæ Сæйраг Советы уыцы уынаффæ. Фæлæ абоны онг йæ былы бынæй иу уддзæф ничима суагъта.

Ирон æвзаджы хъысмæт цы къамисы æвзарæм, уым иутæ ууыл лæуд сты, цæмæй ирон сывæллæттæй кæй цы ’взагыл фæнды, ууыл ахуыр кæна. Ома, ахуыры æвзаг равзарыны сæрибардзинад сын уа. Æмæ та цымæ уыцы «сæрибардзинад» махæн уæгъдибардзинадмæ рахиздзæн? Сабийæн рæвдауæндоны, скъоламæ бацæугæйæ йæ бон уый бæрц хъуыды кæнын нæма вæййы, цæмæй йæхицæн æвзаг равзара. Уыцы стыр бæрн ныййарджытæм хауы. Æмæ абон бирæ ныййарджытæй цы домут, кæд æмæ сæхæдæг сæ мадæлон æвзагыл не ’рвæссынц, нæ дзурынц, уæд. Ахæм ныййарджытæ сæ сабиты ирон æвзагыл ахуыр кæндзысты? Нæ! Уыдон æвзардзысты стыр цæлхдуртæ не ’взаджы рæзты раз.

Æвзаджы къамисы иу хай лæууы ахæм уынаффæйыл, цæмæй ирон сывæллæттæ иууылдæр рæвдауæндонæй райдайæн скъола фæуынмæ ахуыр кæной иронау æппæт ахуыры æрмæг дæр. Уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыр кæной, уырыссаг æвзаг æмæ литературæ дæр. Афтæ уыд раздæр заманты. Къамисы уæнгтæй чидæртæ та афтæ зæгъынц уæд, дам, рацæудзыстæм дæхицæн æвзаг равзарыны Закъоны сæрибардзинады ныхмæ. Мах бон кæй цы ’взагыл фæнды, ууыл ахуыр кæнæд, зæгъгæ, уыцы хаххыл куы ацæуæм, уæд нæ хорзмæ не ’ркæндзæн. Нæ дзыллæ цæттæ нæу ахæм сæрибардзинадмæ. Куы ма йæ загътон, иронау чи нал дзуры, уыцы ирон ныййарджытæ нын нæ культурæйы рæзтыл бынтон арт бандзардзысты, ахæм сæрибары тырыса сын сæ къухы куы бакæнæм, уæд. Хъыгагæн та ахæмты фæзмдзысты иннæ ныййарджытæ дæр, уæдæ мæ саби уый сабийæ цæмæй гуымыдзадæр у, зæгъгæ, мæнæн цæуылнæ хъуамæ ахуыр кæна уырыссагау.

Уырыссаг адæмы хал дардыл у. Тас нæу се ’взагæн фесæфынæй, стæй се скъолаты ахуыры æрмæг æндæр æвзагыл ахуыр кæной, уымæй дæр сын тас нæу. Мах та бавдæлдыстæм, æмæ Уæрæсейы Федерацийы æвзаджы Закъонæй нæхи Закъоны проектмæ æрбахастам, не ’взаджы рæзтæн зиан йедтæмæ пайда чи не ’рхæсдзæн, ахæм æууæлтæ, хъуыды нæ кæнгæйæ. Гъе, уыдонæй иу у ахуыры æвзаг равзарыны сæрибардзинады Закъон. Афтæмæй нын уый не ’взаджы хъысмæт ноджы сæрсæфæнмæ тæры.

Абон ирон æвзаджы Закъоны хъуамæ ма фæзына уæгъдибардзинады миниуæг. Æрмæстдæр фидар, национ культурæйы цæрæнбон хъахъхъæнæг Закъон хъуамæ бацæуа йæ тыхы ирон æвзаджы Закъоны. Уыцы Закъоны не ’взаджы дыууæ къабазы дæр хъуамæ уой æмбар. Дыгурон сывæллæттæ хъуамæ райдайæн кълæсты ахуыр кæной ахуыры æрмæг дыгуронау, ирон æвзаг æмæ литературæ дæр ахуыр кæнгæйæ, ирон сывæллæттæ – иронау, дыгурон æвзаг æмæ литературæ дæр ахуыр кæнгæйæ. Кæннод æй æрмæст университеты райдайынц ахуыр кæнын æмæ уый фаг нæу. Ирон хайады чи нæ ахуыр кæны, уыдон та хъуамæ ма зоной дыгуронау? Не ’взаджы дыууæ къабазы дæр æмхуызон ахуыр кæнын Ирыстоны зæххыл æмхуызонæй сæ зонын стыр æххуыс фæуыдзæн нæ дзыллæйы æмуддзинадæн. Æвзаг аразæг адæм сæхæдæг сты. Хъуамæ æмхуызон зоной æвзаджы къабæзтæ æмæ сæ цавæр æвзаг хъæуы, ахæм дзы сæхæдæг араздзысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Дыууæ къабазы кæрæдзи фæрцы хъæздыгдæр кæндзысты. Уый у нæ адæмæн кæрæдзи бамбарыны фæндæгтæй иу. Ау, фæсарæйнаг æвзæгтыл куы ахуыр кæнæм нæ сабиты!

Кæд абон не ’взаджы Закъоны уыцы уынаффæтæ ныффидар кæнын нæ бон нæу, уæд нæ уынаффæ ахæссын хъæуы фæстæдæрмæ, хуыздæр бон ныл куы скæна, уæдмæ. Ма батагъд кæнæм фæлвых Закъон фидар кæнынмæ. Уый фыдракæнд уыдзæн.

Афтæ чи хъæр кæны, махæн, дыгурæттæн, ирæттимæ иумæйагæй ницы ис, мах хицæн адæм стæм хицæн æвзагимæ, уыдон та бынтон тæригъæддаг сты. Уыдон сæ цæргæбонты æвзаг цы у, уый дæр нæ бамбардзысты. Фæлæ сæ, мæнмæ гæсгæ, иу æвзаджы мæт дæр нæй, афтæмæй фæдис кæнынц радиотæй, уынгты, æмбырдты, хæццæ кæнынц адæмы зонд. Кæд афтæ ’нхъæл сты уыцы зыгъуыммæгæнджытæ, дыгур æмæ ир иу адæм кæй сты, уый сæ нæ бауагъта курдиатджын фысджытæ, ахуыргæндтæ суæвын? Æви сæ кад сбæрзонд кæнынмæ хъавынц нæ дзыллæйы кæрæдзиуыл ардауынæй? Æвæццæгæн, афтæ у. Фæлæ бамбарæнт иу хъуыддаг: нæ гыццыл къона бахъарм кæнæм, нæ рæхыс ма дихтæ кæнæм. Уæд тыхджын уыдзыстæм. Мах абонау никуы хъуыд нæ дзыллæйы иудзинад уартæ тæтæр æмæ манголты æрбабырстæй фæстæмæ. Мах абонау никуы хъуыд не ’взаджы, нæ культурæйы, нæ зæрдæты иудзинад. Æмныфс куынæ уæм, уæд сæфт у нæ фидæн.

Уæдæ алырдæмты хæцыны бæсты фæлдджын уынаффæ бакæнæм рæстæгыл, кæрæдзи ныхас, кæрæдзи зондмæ байхъусæм.

ХОСТЫХЪОТЫ Зинæ  (1937-1995), поэт, публицист

Этот сайт использует cookie для хранения данных. Продолжая использовать сайт, вы даете согласие на работу с этими файлами.

Политика в отношении обработки персональных данных