ФАРНӔ ИТАУӔГ ӔХУӔДӔГ ДӔР ФӔРНӔЙДЗАГ ӔЙ!..
Зундгонд куд ӕй, уотемӕй 13 январи бабӕй бӕрӕггонд цудӕй Уӕрӕсей мухури Бон. Еци бӕрӕгбони фӕдбӕл нӕ республики ци берӕ цитгингӕнӕн мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцудӕй, уонӕн сӕ сӕйрагдӕр иссӕй Цӕгат Иристони Сӕргълӕууӕӕг Сергей Меняйлой фембӕлд дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити минӕвӕртти хӕццӕ фембӕлд Национ музейи. Нӕ республики разамонӕг еци фембӕлди архайгутӕн зӕрдиагӕй райарфӕ кодта сӕ бӕрӕгбони фӕдбӕл, уой хӕццӕ ба ма ӕ радзубандий баханхӕ кодта уой дӕр, ӕма медиакъабази косгути архайд цӕйбӕрцӕбӕл ахсгиаг ӕй не ‘хсӕнади сабурдзийнади, социалон-экономикон райрӕзтӕн, нӕ фидтӕлтиккон монон хӕзнатӕ багъӕуай кӕнунӕн, ирӕзгӕ фӕлтӕрти гъомбӕладон ӕма ма берӕ ӕндӕр ахсгиаг гъуддӕгути.
Уой фӕдбӕл дзоргӕй, Сергей Меняйло ӕримиста ӕма берӕ цӕмӕдессаг дӕнцитӕ ӕрхаста, раздӕр ци регионти куста, уоми журналистти куст ци фадуӕтти цудӕй, циуавӕр бӕрӕг фарстатӕбӕл архайдтонцӕ, цӕмӕй дзиллон информацион къабазӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ ирӕза, цӕмӕдессагдӕр уонцӕ журналистти ӕрмӕгутӕ. Сергей Меняйло ӕ дзубандий рӕстӕг мадзали архайгути зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, интернет ӕма иннӕ электронон хизти размӕ адӕм мухури фӕрӕзнитӕмӕ киоскти ради куд лӕудтӕнцӕ, уой дӕр.
– Сӕрмагонд киоскти адӕймаг кӕдфӕндидӕр ӕлхӕдта, кӕци газет ӕй гъудӕй, уой. Адӕм кастӕнцӕ журналтӕ ӕма газеттӕ зӕрдиагӕй. Ӕма нур кӕд еци уавӕр цӕхгӕрмӕ раййивта, интернет информацион тугъдади сӕйраг фӕрӕзнӕ иссӕй, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нӕ къох бустӕги исесӕн мухури фӕрӕзнитӕбӕл. Ес нӕ республики газеттӕ, историон ӕгъдауӕй гъӕуайгонд ка ‘рцудӕй, хӕзнатӕбӕл ке нимайӕн, уӕхӕн республикон фӕрӕзнитӕ.
Абони нӕуӕг ӕхсӕнади ӕндӕр хузи фарстатӕ ес, нуриккон цардӕн хецӕн домӕнтӕ ка агоруй, уӕхӕнттӕ, ӕма сӕбӕл архайун дӕр нӕуӕгдӕр мадзӕлттӕй гъӕуй. Журналистики къабазӕ нӕ республики ӕнтӕстгинбӕл нимад цӕуй, фал, уӕддӕр бӕллун гъӕуй хе журналистти ӕмӕхсӕнадӕ исаразунмӕ. Уоми уин никки фулдӕр фадуат уодзӕнӕй кӕрӕдзей хӕццӕ ахиддӕр ӕмбӕлунӕн, уӕ кусти ахсгиагдӕр фарстатӕбӕл дзубанди ӕма федӕни нӕуӕг проекттӕбӕл рагъуди кӕнунӕн, – загъта нӕ республики Сӕргълӕууӕг.
Сергей Меняйломӕ, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити косгутӕ фарстатӕ дӕр лӕвардтонцӕ, мадта куд – журналистӕн е ӕ куст ӕй. Ӕма республики Сӕргълӕууӕг алке фарстайӕн дӕр лӕмбунӕг дзуапп равардта.
Фембӕлди кӕронбӕттӕни республики Сӕргълӕууӕг Уӕрӕсей мухури Бони кадӕн сӕрмагондӕй премитӕ ӕма Кади гӕгъӕдитӕй схуарзӕнхгин кодта Иристони журналистти, анзи дӕргъи цӕмӕдессаг ӕрмӕгутӕ ка цӕттӕ кодта, уони. Преми лӕвӕрд цудӕй номинацитӕмӕ гӕсгӕ.
Уотӕ, Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги преми алли номинацити райстонцӕ Золойти Фатимӕ, Къадзати Станислав, Нанити Мӕдинӕ, Юлия Юрова, Кучити Александр, Дзгойти Алинӕ, Тамарӕ Бунтури, Къӕбулти Иринӕ, Черчести Зӕринӕ ӕма Темурхъанти Мӕдинӕ.
Сӕрмагонд преми лӕвӕрд ӕрцудӕй газет «Дигорӕ»-йи сӕйраг редактор Сакъити Эльбрусӕн ӕма ӕхсӕнадон уацхӕссӕг Герити Петрӕн.
Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕги арфи финстӕг ба райстонцӕ Эдьдар Афашоков, Гӕззати Зӕлинӕ, Бигъати Дианӕ, Сӕбанти Миленӕ ӕма Светланӕ Громова.