25 апреля 2024

ФАРНИ ӔНӔГЪӔНӔ ДОГӔ Ӕ ХӔЦЦӔ РАЙЕВГЪУДӔЙ…

29.04.2022 | 16:18

Аци гъуди нӕ зундгонд ахургонд Мамиати Изетӕ загъта, ӕрӕги нӕ номдзуд поэт ӕма ӕхсӕнадон архайӕг Хъодзати Ӕхсари номерӕнӕн ӕрӕги ци уац ниммухур кодта, уоми. Еуемӕй раст ӕй – Ходзати Мӕхӕмӕти фурт Ӕхсарӕ нӕ Иристонӕн, нӕ еугур дзиллӕн дӕр ӕцӕгӕйдӕр фарнӕхӕссӕг адтӕй, уодуӕлдайӕй хъиамӕт кодта нӕ Фидибӕсти уодварни сӕрбӕлтау. Фал уой хӕццӕ ба Изетӕ раст нӕй уомӕй, ӕма Хъодзай-фурт ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн уогӕй, ӕ хӕццӕ е ’носон дуйнемӕ райевгъудӕй фарни ӕнӕгъӕнӕ догӕ. Нӕ, нӕ райевгъудӕй, уомӕн ӕма еци фарни ӕ берӕ уодуӕлдай хъиамӕттӕй байзадӕй махӕн, нӕ Иристони дзиллӕн, ӕма цӕрдзӕнӕй фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Ӕма ин ӕ рохс ном арфиагӕй имисдзӕнӕнцӕ. Абони ’й мах ба имисӕн уомӕ гӕсгӕ, ӕма 28 апърели ӕ райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй фондз ӕма цуппаринсӕй анзи (1937-2021). Ӕма уой фӕдбӕл ӕрмӕгутӕ мухур кӕнӕн нӕ газети абони сӕрмагонд уӕлӕфтауӕн рауагъди 3-аг ӕма 7-аг фӕрстӕбӕл.