07 декабря 2024

ФЕДЕРАЛОН СОЦИАЛОН ЛÆГГÆДТÆ

23.01.2024 | 15:01

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Александр Реутов искодта ведомствити ’хсæн косæг къуари æмбурд. Уоми равзурстонцæ æма исфедар кодтонцæ федералон уæлбарæ лæггæдтæ есæг граждæнти бартæ. Гъæуама сæ бон хуастæ есун уа федералон бюджети харзæй.

Æнæнездзийнадæ гæъуайкæнуйнади министр Тебиати Сослан куд радзурдта, уотемæй Уæрæсей уæлбарæ лæггæдтæ есгутæн сæ уавæртæ фæххуæздæр æнцæ, 2005 анзи сæрмагонд программæ ку фæззиндтæй, уæд. Регионтæ еци нисантæн федералон бюджетæй есунцæ фæрæзнитæ. Сæ бæрцæ баст æй регионти уæлбарæ федералон лæггæдтæ есгути нимæдзи хæццæ. Етæ æхца есуни бæсти равзурстонцæ социалон лæггæдтæ.

Тебиай-фурти загъдмæ гæсгæ, социалон лæггæдтæ равзарунæн ес хецæн ахедундзийнадæ:

– Федералон социалон лæггæдтæй фæццох ун æ фæсте расайуй фæрæзнити кадавардзийнадæ, еугур уæзæ æрæнцайуй регионалон бюджетбæл. Уотемæй уæлбарæ лæггæдтæ есгутæмæ афойнадæбæл гъæугæ хуастæ нæбал бафтуйунцæ», – загъта Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министр.

Куд ма байамудта, уотемæй уæлбарæ лæггæдтæ есгутæн анзи дæргъи адтæй сæ социалон лæггæдтæ иснæуæг кæнуни фадуат. Паддзахадон агъаз райсуни туххæй гъæуама 1 октябрьмæ бадæттонцæ курдиадæ, уой фæсте, иннæ анзи 1 январæй уæлбарæ лæггæдтæ иснæуæг уодзæнæнцæ.

Æмбурди баихæс кодтонцæ Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади, Фæлойнæ æма социалон ирæзти министрадтæн, цæмæй уæлбарæ лæггæдтæ есгути ’хсæн лæдæрунгæнæн куст бакæнонцæ. Федералон социалон лæггæдтæ есгутæн фæййагъаз кæнуни хæццæ исарази ’нцæ Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Социалон фонди, Медико-социалон экспертизи сæйраг бюрой косгутæ дæр. Еугур æмвæзади фарстатæмæ цæстæ фæддарунæй зæрдæ байвардтонцæ.