07 декабря 2024

«ФИЦЦАГИДӔР – РӔСТЗӔРДӔ УН ГЪӔУЙ!..»

15.04.2022 | 11:42

– Мӕ бон еу гъуддаги туххӕй федарӕй зӕгъун ӕй: ци рауӕн косис, уоми гъӕуама уай кӕдзосзӕрдӕ, ӕнӕхийнӕ. Уӕлдайдӕр ба литератури: уоми сайӕн нӕййес, нӕййес сайӕн ӕндӕр рауӕнти дӕр, фал литератури сайд куд ирдӕй, куд бӕлвурдӕй разиннуй, уотӕ ба – некӕми. Айдагъдӕр кӕдзосзӕрдӕй, уоди тӕлӕнӕй, рохс цӕсгонӕй ниффинсӕн ес ӕцӕг литературон уадзимис…

***

Аци гъуди кӕддӕр ӕ радзубандитӕй еуеми загъта Мӕрзойти Сергей. Абони ба ‘й уомӕ гӕсгӕ ӕримистан, ӕма Цӕгат Иристони адӕмон финсӕг, Хетӕгкати Къостай номбӕл Паддзахадон премий лауреат, литературон критик ӕмӕ ӕртасӕг, публицист, ӕхсӕнадон архайӕг Мӕрзойти Тимофейи фурт Сергейи райгурдбӕл 10 апърели исӕнхӕст ӕй финддӕс ӕма цуппаринсӕй анзи (1927-2008). Уой фӕдбӕл ӕрмӕгутӕ кӕсетӕ 4-6-аг фӕрстӕбӕл.