27 декабря 2024

ФИДИБӔСТИ СӔРБӔЛТАУ УОДУӔЛДАЙӔЙ ТОХ КОДТА…

15.07.2022 | 17:47

Мæ райгурæн гъæу Чиколай туххæй дзубанди ку рацæуй, уæд мæ зæгъуйнæгти æнæ фæззæгъгæ нæ фæуун уой, æма мæхе кæдæй гъуди кæнун, уæдæй абони уæнгæ игъосун Махъоти Амурхани фурт Алихани берæ лæгигъæдти туххæй, æма мин е æхцæуæн куд нæ фæууй – æгайтима нæ дзиллæ уæхæн кадæ кæнунцæ мæ намусгин æмгъæуккагæн. Цал æма цал анзи нæбал æй не ’хсæн, фал æ ном æма æ лæгдзийнадæ адæмæй иронх нæ ’нцæ, дæнцæнæн сæ хæссунцæ кæстæртæн, цæмæй етæ дæр уотæ еузæрдиуон уонцæ нæ Фидибæстæбæл, æдæрсгæй тундзонцæ уой сæрбæлтау арфиаг гъуддæгутæй архайунмæ.

…Махъоти Алихан ку рамардæй (1981 анзи 27 мартъий), уæд æ мæрдæгъдауи Цæгат Иристони адæмон поэт Хъайтухъти Геор гæгъæдий гæбазæбæл рафинста мæнæ ауæхæн цуппаррæнгъон:

Алихан, ды хох дæ нæ цæсты,

Æгасыл дæ не ’хсæн нымад.

Хъæбатыр нæ мæлы, йæ бæсты

Фæцæрынц йæ хорз ном, йæ кад…

Аци рæнгъитæ Алиханæн æ хеуæнтти, уæдта адæми зæрдитæмæ дæр уотæ багъардтонцæ æма  финст æрцудæнцæ Чиколай æфсæддон уæлмæрдти æ циртдзæвæнбæл дæр, уæдта Дзæуæгигъæуи ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл ин ци мраморон номерæн фæйнæг æвæрд æй, уобæл дæр.

Еци рæнгъити медгъудий æцæгдзийнадæ рабæрæг æй æ фæсмæрди æнзти дæргъи дæр – æцæгæйдæр, нæ Бæгъатæр абони дæр не ’хсæн æй  цитгийнаг æ ном, æ кадæй…

Нæ газети абониккон номери ба ‘й уомæ гæсгæ имисæн, æма 17 июли æ райгурдбæл æнхæст кæнуй сæдæ анзи (1922-1981). Мæнæ фиццаг фарсбæл æ къари фæсте ци дууæ хузи мухур кæнæн, уони нисанеуæг ба уæхæн æй.

Еуемæй, Махъой-фуртæн æ тугъдон над фæцæй Берлини агъазиау æскъуæлхтдзийнадæ бавдесгæй. Иннемæй ба, Алихан æ цæргæ-цæрæнбонти хъæбæр зæрдристæй хъонц кодта æ æдзард тугъдон æмбæлттæбæл, уæлдайдæр Ирæфи район немуцаг фашистон æрдонгтæй уæгъдæ кæнуни тугъдтити рæстæг ка фæммард æй, уонæбæл. Æма ниууосиат кодта, æ уæлзæнхон цардæй ку рахецæн уа, уæд æй цæмæй байвæронцæ æ æдзард тугъдон æмбæлттæ Чиколай сæрмæ ци Æнсувæрон цирти æвæрд æнцæ, уоми. Æ еци фæндæ ин исæнхæст кодтонцæ…

Æма нур еци рауæнмæ кадæриддæр бацæуй, етæ син еумæ сæ рохс нæмттæ иссерунцæ, кадæ син искæнунцæ…

Нæкæси, аци Æнсувæрон цирти разæй Чиколамæ цæугæй еуцæйбæрцæдæр идарддæр æрæги игонгонд æрцудæй Уæлахези парк. Уордæмæ бацæуæни урух фæзи æвæрд æнцæ бюститæ Советон Цæдеси Бæгъатæр Махъоти Алиханæн, Намуси ордени æнхæст кавалертæ Хъалати Семенæн, Иосиф Юрченкойæн, Едзати Æхсарбегæн.

 

Махъоти Алихани туххæй æрмæгутæ кæсетæ 4-7 фæрстæбæл.