ФИДТÆЛТИ НАМУСÆЙ СÆРУСТУР УОГÆЙ, УОДФЕДАР КУД УÆН!..
Дуйней тæккæ æверхъаудæр тугъд кæд еу æма цуппаринсæй анзей размæ советон адæми хъазауатон хъиамæтти фæрци банцадæй, уæддæр ма уой бæрцæбæл берæ æнзти имисæн æ цаутæ æма хабæрттæ… Имисæн сæ нæ Цитгин Уæлахезæй сæрустур уогæй, зæрдристæй имисæн, уой сæрбæлтау тугъди будурти æ цард ка иснивонд кодта, нæ еци æдзард тугъдонти, имисæн не ’хсаргин уæлахездзаутæй абони не ’хсæн ка нæбал æй, уони рохс нæмттæ дæр, кадгин рæвдудæй боц кæнæн, цардæгас ма си ка ’й, уони. Имисæн сæ уæлдай хъæбæрдæр ба уомæ гæсгæ, цæмæй еугур еци хабæрттæ табуйаг уонцæ нæ нури æма нæ исонибони нæуæг фæлтæртæн, нæ фидтæлти намусгин фæллæнттæ син дæнцæ куд уонцæ, куд сæ разæнгард кæнонцæ нæ Фидибæстæбæл æновуд унмæ æма æ сæрбæлтау рæстуодæй хъазауат кæнунмæ. Абони е уæлдай ахсгиаг æй, уомæн æма не ’знæгтæн тухæй нин сæ бон неци æй, æма архайунцæ нæ фидтæлти намус æма кади алæмæтдзийнадæ иснецæййаг кæнунбæл, ирæзгæ фæлтæрти цæсти ’й фегадæ кæнунбæл æма син сæ сæризунд бустæги исусхъуммитæ кæнунбæл.
Адæмти сабур цардарæзтæн ба еума тасдзийнадæ е æй, æма нæуæг тугъд æндзаргутæй «феронх» æй, нацистон Германий æма милитаристон Японий кæддæри разамунд сæ тогмондаг бæлдитæй дуйней адæмтæн ци æверхъаудзийнæдтæ исаразтонцæ, е, æма сæ абони цитгин кæнунцæ, уой хæццæ ба ма, уони фæнзгæй, адæмтæн нæуæг дзахана исаразуни фæндитæ сæмæ рæстæгæй-рæстæгмæ фæззиннуй. Уой туххæй нуриуæнгæ дæр финстан, абони ба (6-7-аг фæрстæбæл) мухур кæнæн еума æрмæг.
Уомæ гæсгæ ба гъæуама имисæн æма имисæн нæ Цитгин Уæлахез, бæрзондæй-бæрзонддæр кадæ кæнæн нæ адæми намус æма æхсарæн – уадзæ æма ’й не ’знæгтæ дæр уинонцæ нæ нифсхастдзийнадæ æма уодфедардзийнадæ, æма ’й лæдæронцæ, сæ фудвæндитæй ку нæ банцайуонцæ, уæд сæ кæрон азуймаг ке кæндзæнæй, уой…
БИЧИЛТИ Алетæ