21 декабря 2024

ФИДТÆЛТИ УÆЗÆГ – КÆСТÆРТÆН УОДÆНЦОЙНÆ

12.08.2023 | 22:22

Зундгонд куд æй, уотемæй æрæги бабæй нæ республики æ куст райдæдта культурон-ахурадон мадзал «Этнолагерь – 2023». Арæзт цæуй æвдæймаг анз. Æ нисан ба æй – нæ адæми минæвæрттæй сæ фидтæлтиккон уæзæгæй еуварсдæр рауæнти нуртæккæ ка цæруй, еци æригæнтти байеу кæнун нæ адæми истори æма культурæбæл сæ фехцулдæр кæнун. Проект æнхæстгонд цæуй нæ республики æма æндагон рахастдзийнæдти министради хъæппæресæй.

Алли анз дæр проекти фæййархайунцæ не ‘мзæнхон фæсевæдæй Уæрæсей алли рауæнти æма фæсарæнти ка цæруй, уони минæвæрттæ. Аци анз нæмæ ци дæс æма инсæй кизги æма лæхъуæни æрбацудæй, етæ ‘нцæ фондз паддзахадемæй – Туркæй, Бельгийæй, Гурдзийæй, Хъазахти Республикæ æма Хонсар Иристонæй, уæдта æртæ уæрæсейаг регионемæй. Фиццаг хатт мадзали фæлгæти архайуй Донецки Адæмон Республикæ, куд Уæрæсей Федераций субъект.

Иуазгутæн аразунцæ балцитæ республики алли рауæнтæмæ, зæрдæбæлдарæн бунæттæмæ, музейтæмæ,  практикон ахуртæ не ‘взаг базонунæн, кæсунцæ син лекцитæ Иристони истори æма культури туххæй, мастер-къласти сæ ахур кæнунцæ къеретæ кæнунбæл, зарунбæл, национ кæфтитæ кафунбæл.

Аци мадзали архайгути хæццæ сæрмагондæй фембалдæй нæ республики разамонæг Сергей Меняйло æма сæ хæццæ зæрдтагон дзубандий рæстæг уотæ загъта:

– Нæ еумæйаг бунтæ, нæ уедæгтæ, нæ истори зонун – алли рæстзæрдæ адæймагæн дæр е æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг ихæс æй. Уомæн æма етæ ‘нцæ  нæ адæм кæмифæнди цæргæй дæр ци хæзнатæ гъæуай кæнунцæ, етæ. Абони национ еудзийнадæн ес устур нисан, куд федералон, уотæ регионалон æмвæзадæбæл дæр. Æма уæхæн проекттæ æнæмæнгæ гъæугæ ‘нцæ. Уони фæрци кæрæдзей хуæздæр базонæн ес, не ‘хсæн культурон еудзийнадæ æвзурун кæнунцæ. Уой хæццæ ма федардæр кæнунцæ нацити ‘хсæн культурон  бастдзийнæдтæ. Æхцæуæн мин æй, уæхе цæститæй нæ республикæ ке фæууидтайтæ, е. Æруагæс ми кæнуй, нæуæгæй бабæй уæ ардæмæ æрбацæун ке бафæндæ уодзæнæй, е.