21 декабря 2024

«ФИНСУН ГЪӔУЙ ӔНЦОН ЛӔДӔРӔН ӔМА ӔНХӔСТ ӔВЗАГӔЙ!..»

21.01.2022 | 18:01

ГУЛУТИ Андрей, (1892-1980) Цæгат Иристони адæмон поэт

Коцойти Арсени хӕццӕ ӕз базонгӕ дӕн 1922-1923 ӕнзти. Еци рӕстӕги цардтӕн Дзӕуӕгигъӕуи ӕма кустон Цӕгат Иристони ахуради хайади, фиццаг литературон секций, уӕдта литературон коллегий.

Гъуди ма ’й кӕнуй Коцойти Арсени – сауцӕстӕгин, ниллӕггомау бӕзӕрхуг лӕг, уӕд дардта цубур сау закъӕ, ӕ уӕле – пъӕлито, ӕ сӕрбӕл – уӕлдзарм ирон ходӕ, ӕ къохи къӕлӕтгин лӕдзӕг. Ахид ӕрбацӕуидӕ ахуради хайадӕмӕ ӕма фулдӕр хӕттити, рацо-бацо кӕнгӕй, дзубанди кодта ахуради хайади косгути хӕццӕ, дзубанди кодта мӕн хӕццӕ дӕр литературон гъуддӕгути туххӕй: фарста мӕ, куд цӕуй литературон секций куст, уомӕй; дзурдта, киунугутӕ рауадзун ке гъӕуй ирон ӕвзагбӕл ӕма ӕндӕр уӕхӕн гъуддӕгути фӕдбӕл. Тагъд рӕстӕги Арсен ӕхуӕдӕг дӕр иссӕй литературон коллегий иуонг ӕма райдӕдта косун ахуради хайади.

Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма кӕд ӕз революций агъоммӕ, ме ’взонги бонти, астӕуккаг скъолай ахур кӕнгӕй, бакастӕн Арсени редакцигондӕй, журнал «Ӕфсир»-и еуӕй-еу номертӕ; кӕд еци журнали бакастӕн Арсенӕн ӕ радзурд «Рӕдыд» ӕма ин фӕууидтон ӕ конд карикатуритӕ фудӕзнаг Байати Гаппобӕл ӕма ӕндӕртӕбӕл, уӕддӕр 1922 анзмӕ ин ӕ финститӕй мӕ зӕрдӕбӕл неци лӕудтӕй. Нӕ гъуди кӕнун Арсен, литературон коллегий иуонг уогӕй, ескӕд бакастӕй ӕ уадзимистӕ коллегий ӕрбадти, уой. Арсен фулдӕр игъосгӕ кодта, иннӕ финсгутӕ – Бритъиати Елбиздихъо ӕма ӕндӕртӕ сӕ уадзимистӕ куд кастӕнцӕ, уомӕ. Иннети уадзимисти туххӕй Арсен радзоридӕ ӕ гъудитӕ.

Еу хатт Арсен ӕма ӕз адтан ахуради хайади. Арсен уотӕ бакодта; фӕндуй мӕ ку мин байгъосисӕ мӕ финст минкъий радзурдмӕ, зӕгъгӕ. Арсен бакастӕй ӕ радзурд. Куд ма ’й гъуди кӕнун, уотемӕй радзурди сюжет адтӕй уӕхӕн: хорнигулӕйнаг адӕймаг исхизтӕй хъӕбӕр бӕрзонд рауӕнмӕ, ӕма кастӕй уордигӕй бунмӕ – зӕнхӕмӕ. Еци адӕймаг хъӕбӕр сӕрустур адтӕй ӕхецӕй ӕма гъуди кодта: ӕз хъӕбӕр устур дӕн, зӕнхӕбӕл ци адӕм рацо-бацо кӕнунцӕ, етӕ неци ӕнцӕ мӕ рази, ӕнцӕ мулдзугути хузӕн. Фал еци адӕймагмӕ зӕнхӕй хӕрдмӕ ци сувӕллӕнттӕ кастӕнцӕ, етӕ ба берӕ фӕффарстонцӕ сӕ кӕрӕдзей, цума циуавӕр ӕй, бӕрзондӕй ци сау ӕндӕрг зиннуй, е, зӕгъгӕ. Фӕстагмӕ сувӕллӕнттӕ цӕхгӕрӕй загътонцӕ: «Е, ӕвӕдзи, сирддонцъеу ӕй».

Иристони разагъди æртæ лæги (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): Коцойти Арсен, Зæнгиати Бæбу æма Æмбалти Цоцко.

Уӕхӕн адтӕй Арсени радзурди гъуди. Ӕз байгъустон радзурдмӕ ӕма загътон Арсенӕн, революций агъоммӕ ке бакастӕн ӕмдзӕвгӕ уруссаг ӕвзагбӕл «Ахмет на минарете», зӕгъгӕ, ӕма еци ӕмдзӕвгӕн дӕр ӕ гъудитӕ Арсени радзурди гъудити хузӕн ке адтӕнцӕ, ӕ автор ба, куд ма ’й гъуди кӕнун, уотемӕй поэт Величко ке адтӕй.

Арсен бадес кодта ӕма загъта:

– Мадта кӕд уотӕ ӕй, уӕд ӕй ниууадзун гъӕуй, нӕбал ибӕл косун.

Еци радзурди кой некӕдбал искодта Арсен, мухури дӕр ӕй некӕд фӕууидтон. 1922 анзи кӕрони литературон коллеги нӕбал куста. Уой фӕсте ӕз цубур рӕстӕг бакустон газет «Горская беднота»-йи редакций, Арсен дӕр хӕстӕг лӕудтӕй еци редакций кустмӕ, мухур кодта газети ӕ статьятӕ ӕма фельетонтӕ.

1923 анзи райдайӕни мин Арсен загъта: «Тагъд рӕстӕги ирон ӕвзагбӕл цӕун райдайдзӕнӕй ирон газет. Редакций бакосунмӕ гъӕуй хуарз ка исарӕхса, уӕхӕн адӕймаг. Ӕз мӕхуӕдӕг гъавтон, фал рагъуди кодтон ӕма, мӕнмӕ гӕсгӕ, ду дӕр хуарз исарӕхсдзӕнӕ редакций кустмӕ». Ӕз райдӕдтон косун газет «Рӕстдзинад»-и редакций секретарӕй. Газети фиццаг номер рацудӕй 1923 анзи 14-аг мартъий.

Ахид ӕрбацӕуидӕ Арсен «Рӕст-дзинад»-и редакцимӕ, е хъӕбӕр дардта ӕ гъос, газети мухургонд ци ӕрмӕг цудӕй, уомӕ; дзурдта, газет цӕйбӕрцӕбӕл пайда ӕй фӕллойнӕгӕнӕг ирон адӕми гъомбӕладӕн, уой туххӕй; дзурдта ӕвзаги кӕдзосдзийнадӕ ӕма ӕндӕр берӕ уӕхӕнтти туххӕй. Еци рӕстӕг Арсен мухур кодта газети статьятӕ ӕма фельетонтӕ, ӕ фӕсномуг ном адтӕй – «Габойти Габо» ӕма ӕндӕртӕ.

Еу хатт Арсен редакцимӕ ӕрбахаста ӕ финст роман «Кӕфхъуындар»-ӕй хецӕн скъуддзӕгтӕ. Куд ма ’й гъуди кӕнун, уотемӕй загъта, романӕн ӕ фулдӕр хай раги финст ке фӕцӕй, фал ин ке фесавдӕй, уой. Арсен куд дзурдта, уотемӕй ибӕл гъавта нӕуӕгӕй бакосунмӕ. Ӕ романӕй ци скъуддзӕгтӕ ӕрбахаста редакцимӕ, етӕ мухургонд ӕрцудӕнцӕ газет «Рӕстдзинад»-и. Ирон ӕвзаги фарстатӕ ӕвзаргӕй, Арсен кӕддӕриддӕр ӕ дзурдӕн хецау адтӕй. Е дзурдта, финсун гъӕуй ӕнцонлӕдӕрӕн ӕма ӕнхӕст ӕвзагӕй, зӕгъгӕ.

Газет «Рӕстдзинад»-и фиццаг номери ӕз ниммухур кодтон ӕмдзӕвгӕ «Рӕстдзинад», зӕгъгӕ. Газет «Рӕстдзинад»-и туххӕй дзоргӕй, ӕз уотӕ финстон ме ’мдзӕвги еу рӕнгъи: «Кӕронӕй-кӕронмӕ нӕ бӕстыл ӕрхӕт».

Ӕз загътон Арсенӕн, еуӕй-еу ӕмбӕлттӕ куд зӕгъунцӕ, уотемӕй финсун гъӕуй кӕрӕй-кӕронмӕ, зӕгъгӕ. Фал Арсен загъта: «Нӕ, ду раст ниффинстай. Финсун гъӕуй – кӕронӕй-кӕронмӕ. Гъе уотӕ ӕнхӕстӕй финсун гъӕуй алли дзурд дӕр».

Еу хатт адтан еумӕ – Бритъиати Елбиздихъо, Арсен ӕма ӕз. Арсен уотӕ бакодта Елбиздихъойӕн: «Раст мӕмӕ кӕсуй иронау финсун – «литературон ӕрмӕг», «капиталистон дуйне», «коммунистон парти» ӕма ӕндӕр уӕхӕн дзурдтӕ, зӕгъгӕ. Уӕд Елбиздихъо бафарста: «Мадта мин зӕгъайтӕ, иронау уӕхӕн миногон дзурд, ӕ кӕрон – он – кӕмӕн уа, уотемӕй ба анзи афонӕ (зумӕгон, уалдзигон, сӕрдигон, фӕззигон) анзи афонӕ ка нӕ амонуй, уӕхӕн дзурд», – зӕгъгӕ. Ӕз загътон, ес уӕхӕн дзурд – «нарон», зӕгъгӕ. Елбиздихъо загъта: «Раст зӕгъис, еци дзурд анзи афонӕ не ’вдесуй». Исарази ӕнцӕ, дзурдтӕ-миногонтӕ – «литературон», «капиталистон», «коммунистон» ӕма ӕндӕр уӕхӕнттӕ, ирон ӕвзаги ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уотӕ финсӕн ке ес, уобӕл. Еци рӕстӕги ирон газети дӕр финсун райдӕдтонцӕ уотӕ.

Арсен хъӕбӕр лӕмбунӕг кастӕй ӕвзаги кӕдзосдзийнадӕмӕ, уой туххӕй мин ӕхуӕдӕг уотӕ дзурдта: «Ӕз мӕхенимӕри гъуди кодтон, дигорон диалектбӕл финсгӕй нӕ фӕррӕдуйдзӕнӕн, зӕгъгӕ, уотемӕй дигоронау ниффинстон минкъий статьягонд ӕма ’й ниммухур кодтон. Уой фӕсте мин ме ’мбӕлттӕ куд балӕдӕрун кодтонцӕ, уотемӕй ме статьяй еу дзурд рауадӕй иннердӕмӕ. «Гъе уӕд балӕдӕрдтӕн,– загъта ходгӕй Арсен, – ӕвзаг хъӕбӕр хуарз зонун ке гъӕуй ӕма ӕнӕ уомӕй адӕймагӕн финсун ке не ’нгъезуй, уой».

1923 анзи Арсен рандӕ ‘й косунмӕ Хонсар Иристонмӕ ӕма ’й дзӕвгарӕ рӕстӕг нӕбал фӕууидтон. Хонсар Иристони рацудӕй ӕ радзурдти ӕмбурдгонд – киунугӕ «Радзурдтӕ», зӕгъгӕ, ӕма ин уӕд лӕмбунӕгдӕр базонгӕ дӕн е ’сфӕлдистади хӕццӕ.

1929 анзи Арсен ӕрбаздахтӕй ӕма куста Цӕгат Иристони, ӕ уадзимистӕ мухур кодта газет «Рӕстдзинад»-и, журналтӕ «Мах дуг»-и, ӕма «Фидиуӕг»-и, рауагъта ӕ радзурдти хецӕн ӕмбурдгонд дӕр. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ахид ӕмбалдан Арсени хӕццӕ, дзубанди кодтан ӕ хӕццӕ алцӕй туххӕй дӕр.

Арсени хъӕбӕр фӕндадтӕй, цӕмӕй ирон советон литературӕ истухгин адтайдӕ, цӕмӕй нӕмӕ фӕззиндтайдӕ Хетӕгкати Къостай хузӕн устур финсгутӕ, устур аййев уадзимистӕ. Ӕма си ӕруагӕс дӕр хъӕбӕр кодта еци гъуддаг, ӕнӕмӕнгӕ, уотӕ ке уодзӕнӕй, е.

Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕги Арсен немуцаг-фашистон лӕборгутӕмӕ дардта устур ӕнӕуинон цӕстингас. Е бӕрӕг ӕй ӕ уадзимис «Чудище»-йӕй. Арсенӕй ӕруагӕс кодта, немуцаг фашисттӕ саст ке ‘рцӕудзӕнӕнцӕ ӕма нӕ Советон Цӕдес сӕребарӕй ке араздзӕнӕй ӕ идарддӕри цард.

Зӕгъуйнаг дӕн Арсени царди фӕстаг бӕнтти туххӕй. 1943 анзи е раздахтӕй эвакуацийӕй Дзӕуӕгигъӕумӕ, раздахтӕй Хонсар Иристонӕй. Адтӕй фӕлмаст, фӕлладхуз, сӕйгӕ. Фесавдӕй ӕ фиццаги игъӕлдзӕгдзийнадӕ. Гъуди ма ’й кӕнун, куд мин загъта, уой: «Мӕнмӕ куд кӕсуй, уотемӕй ӕз уалдзӕгмӕ нӕбал фӕццӕрдзӕнӕн». Ӕз ӕй бафарстон, цӕмӕй сӕйгӕ ӕй, уобӕл. Ӕма мин радзурдта, ӕхсӕвӕ ниххусгӕй, инод ке фӕккӕнуй, уой. Еу къуар боней фӕсте ба мӕбӕл рамбалдӕй ӕма мин загъта, цӕмӕй ӕ хӕццӕ фӕццӕуон собесмӕ (Цӕголи-фурти номбӕл гъӕунгӕмӕ). Уордӕмӕ ку цудан, уӕд мин радзурдта, ӕнамонди надбӕл куд рандӕ ‘й Калакмӕ ӕма Бакуй ци гъезӕмӕрттӕ фӕккодта сӕйгӕй, еци хабӕрттӕ. Уой фӕсте Арсен хъӕбӕр фӕссӕйгӕ ‘й ӕма фӕцӕй Дзӕуӕгигъӕуи сӕйгӕдони.

Арсен рамардӕй 1944 анзи 4 феврали. 5 феврали ӕ мӕрдон кирӕ ӕвӕрд адтӕй пионерти Галауани. Ӕ уӕлгъос лӕудтӕнцӕ кадгин хъарагъул Цӕгат Иристони финсгути Цӕдесӕй. Мӕрддзогойни адӕм зӕрдхъурмӕй фӕстаг фӕндараст загътонцӕ Коцойти Арсенӕн, номдзуд ирон финсӕгӕн, ирон аййев прози бундорӕвӕрӕгӕн.