ГЪÆУЙ ХУÆЗДÆРТИ ИМИСУН…
Иристони кадæ æма намус алли дзаманти дæр идæрдтæбæл игъустæй, уомæн æма, кæд нимæдзæй минкъий адæмихатт ан, уæддæр нæмæ номдзуд, цардаразæн гъуддæгути зингæ æнтæститæй ка фескъуæлхтæй, уæхæн адæймæгутæ ба алкæддæр берæ адтæй æма ес.
Фæлтæрæй-фæлтæрмæ етæ адтæнцæ æма æнцæ фæнзуйнаг. Æма син сæ рохс нæмттæ æма арфиаг гъуддæгутæ ку нæ имисæн, сæрустурæй син сæ кой ку нæ кæнæн, уæд, рæстæгутæ куд евгъуйуонцæ, уотæ нæ адæми исонибони фæлтæртæй феронх уодзæнæнцæ. Гъе уомæ гæсгæ ба архайæн нæ газети фæрстæбæл нæ номдзуддæрти туххæй æрмæгутæ мухур кæнунбæл, кæцитими нæ равгитæ æма гæнæнтæмæ гæсгæ бæлвурд радзорæн сæ цардвæндаг æма се ‘нтæстдзийнæдти фæдбæл. Æма еци хабæрттæн ба къуар рæнгъемæй нæ зæгъдзæнæ, бацæттæ кæнун фæгъгъæуй парахатгонд æрмæг еци адæймаги карнæ æнхæстæй бавдесуни туххæй.
Гъулæггагæн, еу адæймаги туххæй устур æрмæг нæмæ ку фæззиннуй, уæд е нæ фæццæуй газеткæсгутæй кедæрти (раст зæгъгæй, уæхæнттæ бустæги ефстаг разиннунцæ) зæрдæмæ. Хъæбæр беретæ ба нин арфитæ фæккæнунцæ.
Уомæ гæсгæ ба уотæ зæгъæн: лæмбунæг ку расагъæс кæнай, уæд нури фæлтæртæн хуарз цард цæмæй уа, маке цагъайрæгтæ уонцæ, ахури барæ сæ уа, сæхе барæ уонцæ, уобæл ка тох кодта æ уодбæл нæ ауæрдгæй, уæдта берæ æнзти дæргъи кусти медæгæ паддзахади ирæзтбæл, æ адæми цæра ка кодта, еци лæгти куд нæ имисæн?!.
Айдагъ Иристони æма Кавкази нæ, фал еугур Уæрæсей ке зудтонцæ, революций рæстæги, уæдта уой фæсте советон цардарæзт федар кæнуни рæстæгути, уонæй сæ еу адтæй Тæкъоти Симон. Хумæтæги нæ ниммухур кодтан уой туххæй советон доги зундгонд историк Тотойти Михали финст æрмæг. Уой кæсгæй, алкедæр уи базондзæнæй, цæхуæн æма цæйбæрцæбæл агъазиау арфиаг гъуддæгутæ исаразта Тæкъой-фурт е ‘мвæндонти хæццæ айдагъ нæхе адæмæн нæ, фал Цæгат Кавкази иннæ адæмтæн дæр.
Тæкъоти Симони ном ма æримисун æнгъезуй уомæ гæсгæ дæр, æма мах нæ республики нæхе цæттæ кæнæн, Цæгат Иристонæн автономий ном лæвæрд ке ‘рцудæй (1924 анзи июни), уобæл сæдæ анзи ке æнхæст кæнуй, еци бæрæгбонмæ. Тæкъой-фурт ба адтæй Цæгат Иристони автономон облæсти фиццаг разамонæг. Уадзæ æма нури кæстæр фæлтæртæ зононцæ еугур еци хабæрттæ.
Нæ фæллойнæгæнæг дзилли сæрбæлтау хъазауатонæй ка архайдта, уони сæ еугурей ку нимайæн, уæд æгæр берæ бунат багъæудзæнæй уотид сæ номхигъдæн. Берети туххæй нæмæ æрмæгутæ айразмæ дæр адтæй, уæдта никкидæр ма уодзæнæй бундорон æрмæгутæ нæ газети фæрстæбæл. Алкедæр си æй уой аккаг…
Хуцау уи исарази уæд!