27 апреля 2024

ГУЛУТИ Темурхъани фурт Хизир

19.01.2021 | 11:19

Ӕ цардӕй рахецӕн ӕй Устур Фидибӕстон тугъди архайӕг, нӕ республики хестӕр фӕлтӕри кадгиндӕр ӕма курухондӕр минӕвӕрттӕй еу – Гулути Темурхъани фурт Хизир.

Е райгурдӕй 1927 анзи, Чиколай. Устур Фидибӕстон тугъд ку райдӕдта, уӕд иннӕ ӕригон фӕсевӕди хӕццӕ ӕмхузон ӕмпурста фронтмӕ, знаги хӕццӕ тох кӕнунмӕ. Ӕма ин бантӕстӕй. 15-анздзуд биццеу фӕллигъдӕй фронтмӕ, уоми иссӕй 271 дивизий полкКи хъӕболӕ. Фиццаг тохи бацудӕй Мӕздӕги бунмӕ 1942 анзи.

Ӕ тугъдон над цудӕй Дзӕуӕгигъӕуӕй Донецкмӕ, архайдта Краснодари край ӕма Украинӕ иссӕребарӕ кӕнунбӕл. Фал ӕ имисуйнӕгти тӕккӕ ахсгиагдӕр адтӕй Кавказ знӕгтӕй иссӕребарӕ кӕнунбӕл тох. Гулути Хизир ци лӕгдзийнадӕ, бӕгъатӕрдзийнадӕ ӕма ӕвзугъддзийнадӕ равдиста, уони туххӕй хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Сурх Стъалуй, Фидибӕсти тугъди 1-аг ӕма 2-аг къӕпхӕни ордентӕй, берӕ майдантӕй, уони хӕццӕ – «Севастополь иссӕребарӕ кӕнунбӕл 75 анзи» туххӕй.

Тугъд ку фӕцӕй, уӕд Гулути Хизир бавналдта Цӕгат Иристони адӕмон хӕдзарадӕ ӕ къӕхтӕбӕл ислӕуун кӕнунмӕ. Ӕ фӕнзуйнаг, хебӕл нӕ ауӕрдгӕй фудӕбони туххӕй хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй хуӕрзеугутӕй, уони хӕццӕ – Цӕгат Иристони Сӕйраг Совети Президиуми ӕма ФЕЛКЦ-и Центрон Комитети Кади грамотитӕ. Е адтӕй цӕхӕрзӕрди хецау, алкӕддӕр архайдта ӕхсӕнадон ахсгиагдӕр цаути, айдагъ е ’мбӕлтти ’хсӕн дӕр нӕ, фал Цӕгат Иристони еугур цӕргути ’хсӕн дӕр ин адтӕй устур кадӕ.

Берӕ ӕнзти разамунд лӕвардта ветеранти советӕн, куста фӕсевӕди хӕццӕ, ӕхе еунӕг гъуддагӕй дӕр некӕд баримахста. Алкӕддӕр адтӕй разӕй, ӕ уарзон Фидибӕсти еугур гъуддӕгутӕмӕ дӕр барӕ ке дардта, уой туххӕй Гулути Хизири исхуарзӕнхӕ кодтонцӕ майдан «Иристони намус»-ӕй.

Нӕ ветерантӕ цардӕй цӕунцӕ, фал нӕ зӕрдӕбӕл дардзинан сӕ нӕмттӕ – Фидибӕсти ӕцӕг патриоттӕ, лӕгдзийнадӕй ӕнхӕст гъӕуайгӕнгутӕ. Етӕ Устур Уӕлахезмӕ бахастонцӕ ахедгӕ байвӕрӕн, сабурдзийнадӕ ӕма амонд балӕвар кодтонцӕ иннӕ фӕлтӕртӕн. Мах сӕ имисдзинан!

 

БИТАРТИ Вячеслав,

Алексей МАЧНЕВ,

ТУСКЪАТИ Таймораз.