21 ноября 2024

Хъӕдорӕ ӕма бадӕрджани хъаугъа

03.12.2021 | 15:43

Искастӕй зӕнхӕй лӕдзӕг-хъӕдорӕ, рагӕлста ӕ дууӕ сифи ӕма хӕрдмӕ фӕббуруй мехбӕл. Ӕхе Хуцау бангъалдта. Цӕйбӕрцӕдӕр исбурдӕй, уӕдта сӕрӕй бунмӕ ӕркастӕй, ӕма рауидта бадӕрджани ӕвзарӕ ӕма имӕ дзоруй:

– Ци хъӕбӕр дӕхе ниххурстай, дӕ дууӕ роси сурх-сурхсид ку дарунцӕ? Уогӕ, цума, нур ду кадӕ? Адӕймагӕн ба ести пайда хӕссис?

Ӕма уӕд, бадӕрджан хъӕдорӕн дзуапп равардта:

– Нур цитӕ дзорис? Ӕз адӕймагӕн хъӕбӕр пайда дӕн. Мӕн хуӕруйнагбӕл ку бафтаунцӕ, уӕд ӕ адӕ дзӕвгарӕ фӕхуӕздӕр уй, мӕ витаминти фӕрци. Етӕ ӕнцӕ: В3, В5, Е, К, Са, Р, Mg, Na, ликопин ӕма глутатион.

Ӕма имӕ уӕд, еци ӕнӕнвӕрсонӕй лӕдзӕг-хъӕдорӕ дзоруй:

– Еци витаминтӕй уӕлдай, мӕнмӕ ба ма ес аллихузи белоктӕ ӕма берӕ аминокислоттӕ, кӕцитӕ губун искосун кӕнунцӕ. Етӕ ӕнцӕ – лизин, тирозин, аланин, фенилаланин, адӕймагӕн берӕ пайда хӕссунцӕ. Уони фӕрци, цард цӕмӕдессагдӕр исуй.

Уӕдмӕ син Адӕймаг сӕ хъаугъа фегъуста ӕма син уотӕ зӕгъуй:

– Лӕдзӕг-хъӕдорӕ дӕр, уӕдта бадӕрджан дӕр, уӕ дууӕ дӕр мин мӕ царди медӕгӕ пайда хӕссетӕ.

Уӕ еуей иннебӕл нецихузи баййевдзӕнӕн, уой балӕдӕретӕ ӕма уӕ хъаугъайӕн кӕрон искӕнетӕ.

 

Ӕрдзон хуӕруйнӕгтӕй ка ци пайда дӕттуй адӕймагӕн, уой фӕдбӕл ӕрмӕгутӕ нӕ зӕрди ес идарддӕр дӕр мухур кӕнун. Фиццагидӕр ба уомӕ гӕсгӕ, ӕма нури доги си беретӕ феронх ӕнцӕ адӕмӕй, уӕлдайдӕр ба кӕстӕр фӕлтӕртӕй, кӕцитӕ фӕййахур ӕнцӕ цидӕр ӕнахур, ӕ зӕран фулдӕр кӕмӕн ӕй, уӕхӕн хуӕлцӕбӕл. Уотемӕй ба нӕмӕ цӕйбӕрцӕбӕл берӕ ес, ӕнӕнездзийнадӕн дессаги агъазгӕнӕг ка ‘й, уӕхӕн аллихузон фидтӕлтиккон хуӕруйнӕгтӕ!..