23 апреля 2024

ХӔСТЫ РӔСТӔГ УӔВГӔ ЦЫ НЕ ’РЦӔУЫ…

26.06.2021 | 12:03

ДЫВДЫВ АЛЫГЪД НЕМЫЦИМӔ…

ДАУЫРАТЫ Дамир, Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг

Кӕцыдӕр аз мӕ фӕззӕджы хъарм бонтӕй иуы мӕ рухсыбадинаг хӕлар Ӕгъуызарты Саукуыдз йемӕ Дур-Дурмӕ акодта, дӕ хӕлар дунейы рухс кӕм федта, уыцы хӕдзар, дам, фен, мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Таймураз цуанон у ӕмӕ дын уый та иу ӕхстӕн дыууӕ хъӕддаг хуыйы куыд афӕлдахы, уый равдисдзӕн. Физонӕджы тӕф ма хъуыды кӕныс?..

Хъӕуы астӕу автобусӕй куыддӕр рахызтыстӕм, афтӕ махӕй чысыл фалдӕр иу сау «Москвич» дзыхълӕуд ӕркодта. Бӕрзонд, фӕтӕнуӕхск лӕппу дзы рахызт, морӕ нымӕтхуд йӕ сӕрыл. Саукуыдзимӕ кӕрӕдзиуыл ныттыхстысты, цӕуылдӕрты аныхас кодтой, нӕ мӕм хъуыст, стӕй уыцы мӕнӕн ӕнӕзонгӕ мӕнмӕ дӕр ӕрбацыд, йӕ ном мын загъта — Тазрет, йӕ машинӕйы раззаг дуар мидбылты худгӕйӕ ныттыгъта:

– Мӕнӕ ма мӕ фарсмӕ ӕрбабад!..

Иуцасдӕр куы ауадыстӕм, уӕд ӕй бамбӕрстон хъӕуӕй ахызтыстӕм, уый, хӕдзӕрттӕ дзы нал уыд, быдыр райдыдта, ӕцӕг дзургӕ ницы скодтон. Саукуыдз фӕразӕй:

– Дамир, мӕнӕ мӕ хӕлар Тазрет ныцъцъӕх ис дӕ уазӕджы, дам, дын раздӕр ӕз хъуамӕ бабуц кӕнон. Разы йын кӕнӕм?.. Искуы Къорайы уыдтӕ?..

Ахӕм уавӕры ды мӕ бынаты цы бакодтаис, мӕ кӕсӕг? Цы гӕнӕн мын уыдис, зӕгъын, сымах куыддӕриддӕр фӕнды, афтӕ.

Хъӕуы астӕу иу бӕрзонд агуыридурӕй амад хӕдзары цур егъау, фӕтӕнкъабузджын бӕласы бын аууоны ӕрлӕууыдис нӕ машинӕ. Ӕз мӕ къах зӕххыл куы ӕрӕвӕрдтон, уӕд фыццаг фӕкомкоммӕ дӕн уымӕн йӕ цауддӕр уидаджы зӕххы цъар куыд стыдтой, уымӕ, уыдысты ӕнахуыр ставд, иуыл дзы чидӕр фӕтӕн фӕйнӕджы гӕбаз зӕгӕлтӕй дӕр ма ныххоста бадынӕн.

Тазрет мын кӕнӕ мӕ цымыдисдзинад бамбӕрста, кӕнӕ та, чи зоны, алы уазӕгӕн дӕр афтӕ кӕны, фӕлӕ мын радзырдта ацы бӕлас, дам, мӕ фыды фыдыфыды сагъд у, немыц иу советон афицеры уацары райстой, тӕхӕджы, ӕмӕ йӕ ацы тулдзыл ӕрцауыгътой, цалдӕр боны йыл дзедзыкка фӕкодта. Хӕсты фӕстӕ чидӕр нӕ хъӕуы хицауы сардыдта уыцы тулдз бӕлас, дам, йӕ бындзарӕй афӕлдахын хъӕуы, не знӕгтӕн, дам, сӕ сау ми бакӕнынмӕ фӕахъаз… Ноджы цыдӕртӕ ма. Фӕлӕ ӕгас хъӕубӕстӕ дӕр ууыл не сразы сты, уый сӕрыстыр кӕмӕй стӕм, нӕ хъӕуы ахӕм фидауц куы у…            :

– Тазрет, Дамир фыссӕг у, уый нӕ зоныс?.. Уӕртӕ ма йын уӕ куыдзы хабар дӕр ракӕн…

Уый нӕ йӕ фӕдыл цъылинаджы хуымты уӕрӕх астӕуты цӕхӕрадоны кӕронмӕ акодта, дыууӕ ӕхсӕр бӕласы бын егъау дуры цур ӕрлӕууыд, ӕргуыбыр кодта, йӕ нымӕтхудӕй йӕ асӕрфта ӕмӕ дзы мӕнмӕ разынд сырх ахорӕнтӕй фыст «Ам ныгӕд ис Дывдыв».

– Ацы Дывдывы мӕ фыдӕн йӕ кӕсгон хӕлар цуанон Хизиры лӕвар уыд, – Тазретӕй нӕ ферох Саукуыдзы курдиат. – Уыцы ӕнахуыр фӕлмӕн ном та йыл ам нӕхимӕ сбадт, мӕнӕ иуӕй-иу хъуырхъуыргӕнаг зӕронд лӕгӕй уӕлдай нӕ уыд, ӕдзух хъӕуа-нӕ хъӕуа рӕйгӕ кодта, ӕхсӕв та–ниугӕ, ӕвӕццӕгӕн, ам махмӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Мӕ фыд ӕй уӕддӕр бирӕ уарзта, хӕстмӕ куы цыд, уӕд мӕ мадӕн фӕдзӕхсгӕ ныккодта ме ссыдмӕ, дам, мын ӕй мацы фӕкӕнут, мемӕ-иу цуаны цӕудзӕни.

Немыц нӕ хъӕуы дӕр куы ӕрбынатон сты, уӕд Дывдыв бынтон ӕндӕр хуызӕн фестад, нӕ — рӕйгӕ, нӕ — ниугӕ. Иу бурсӕр афицер Шульц мӕнӕ ам махмӕ нӕ уаты цардис ӕмӕ-иу уый бын атылд. Уымӕ уый хорз касти, алыхуызон хӕринӕгтӕ йын лӕвӕрдта, суанг ӕй печенитӕ хӕрын дӕр ма сахуыр кодта, ӕз ӕмӕ мӕ хо ма гыццылтӕ уыдыстӕм, нӕ цуры-иу ын сӕ тыргъты акалдта, цыма мах мӕстӕй мардта, уыйау. Чысыл уырыссагау дзырдта уыцы Шульц ӕмӕ иухатт мӕ мадӕн бамбарын кодта ацы хъӕуы, дам, махыл уӕ куыдзӕй тынгдӕр ничи бацин кодта. Куыд ӕм хӕлӕг кӕнӕм, уый нӕ мад уыдта, фӕлӕ цы йӕ бон уыд, ӕлгъыста йӕ…

Иу зымӕгон райсом немыц лидзынмӕ фесты. Мах нӕ рудзынгӕй кастыстӕм ӕмӕ нӕхи цӕстытӕй федтам Шульц цӕугӕ-цӕуын йӕ сау рог машинӕйы дуар куыд ныттыгъта ӕмӕ, сӕ фӕдыл чи ныййарц, уыцы Дывдыв кабинӕмӕ куыд багӕпп кодта, уый. Мӕ мад ныхъхъӕрзыд, уынгмӕ разгъордта, суанг Бесолты тигъы онг ныххӕццӕ, сӕ фӕдыл ма бирӕ фӕкаст. Кӕддӕр-уӕддӕр нӕхимӕ куы раздӕхт, кӕрты дуар йӕ фӕдыл куы сӕхгӕдта, уӕд уынгӕг хъӕлӕсӕй цы загъта, уыцы ныхӕстӕ мӕ никуы рох кӕнынц:

—  Фыдвӕндаг фӕуы!..  Уӕ фыд куы раздӕха, уӕд ын цы зӕгъдзыстӕм?..

Уыцы бон ӕгас хъӕу дӕр базыдтой Дывдывы хабар. Не ‘мгар лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ нӕ тулдз бӕласы бын кӕрӕдзиуыл миты къуыбӕрттӕ ӕхсынтӕй хъазыдысты, кӕрӕдзийы ӕмӕ-иу махмӕ амонгӕйӕ дзырдтой:

—  Сӕ куыдз немыцы фарс фӕцис. Ныууагъта сӕ…

Хъуыды ма кӕнын, ӕз уый ницӕмӕ ӕрдардтон, фӕлӕ мӕ хо скуыдта, мидӕмӕ балыгъд ӕмӕ уӕд уыдон дӕр фӕйнӕрдӕм фӕпырх сты, зыдтой йӕ ныртӕккӕ сӕм нӕ мад ралӕбурдзӕнис, уый.

Ӕртыккаг, ӕви цыппӕрӕм бон нын сӕумӕрайсом нӕ сыхӕгты ус Ламикка нӕ рудзынг ныххоста ӕмӕ йӕ ӕгас хъӕу дӕр куыд хъусой, афтӕ хъӕрӕй ӕрбадзырдта:

– Мӕнӕ уӕ бӕлццон раздӕхти, Хестантӕ. Ракӕсут ӕм!..

Мӕ мад ӕй чи банхъӕлдта, Хуыцау йӕ зонӕг, фӕлӕ йӕ хъӕццул иуварс фехста, йӕ ныхӕй рудзынгыл баныхӕст, ӕрӕджиау мӕнырдӕм ӕнӕбары разылд ӕмӕ ӕнкъард хъӕлӕсӕй загъта:

– Цу ма уыцы ӕвзӕрӕн кӕрты дуар бакӕн.  Ӕз дӕр дӕ феййафын…

Ӕз ӕнхъӕлдтон, зӕгъын, уый мыл йӕхи ӕрбаппардзӕн, фӕлӕ мӕ цыма уынгӕ дӕр нӕ фӕкодта, уыйау мӕ сагӕхты ӕхсӕнты ауад, дыккаг уӕладзыджы тыргътӕм асинтыл сызгъордта. Фӕстаг къӕпхӕнмӕ нӕма схӕццӕ, афтӕ гӕрах райхъуыст ӕмӕ Дывдыв дӕлӕмӕ расхъиудта, уайтагъд йӕ туджы пырхӕнтӕ ногуард миты ахъардтой. Ӕз хабар бамбӕрстон, мӕ фӕсонтӕ каумӕ сарӕзтон ӕмӕ кӕуыс ма – нал, Ламикка мӕ ӕрбахъӕбыс кодта:

– Ма фӕтӕрс, ма фӕтӕрс!..

Гӕрахы хъӕрмӕ нӕ сыхӕгтӕ цалдӕрӕй нӕ кӕртмӕ ӕрбакалдысты. Абоны хуызӕн ма мӕ цӕстытыл уайы: иуы дзыхӕй дӕр дзы ныхасы ӕрдӕг дӕр не схаудта, мӕ мад ӕд топп тыргътӕм бахизӕны куы ӕрбадт, йӕ уӕхсчытыл зырзырӕг куы бахӕцыд, уӕд уыдон сӕргуыбырӕй иугай уынгмӕ ахызтысты, нӕхи бар нӕ ныууагътой…

Ӕрӕджиау федтон мӕ мад йӕ хӕцӕнгарз фӕйнӕджытыл ӕрӕвӕрдта, уый, Дывдывы цурмӕ ӕрцыд, йӕ фӕстаг къахыл ын схӕцыд, стӕй мӕнӕн загъта:

– Мӕ фӕдыл ма белимӕ рацу!..

Мӕнӕ йӕ ацы тӕккӕ цур баныгӕдтам, дуры бын байбын ракъахтам, уӕд ацы ӕхсӕр бӕлӕстӕ нӕма уыдысты. Йӕ сау сыджыт цӕмӕй бӕрӕг ма дара, уый тыххӕй йӕм мит ӕрбакалдтам. Фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы здӕхтыстӕм, уӕд та мӕ мад йӕ катайӕн нӕ бафӕрӕзта:

– Цы зӕгъдзыстӕм ныр дӕ фыдӕн?..

Ӕз уӕд нырма ныфсӕвӕрӕн ныхас зӕгъынхъом нӕма уыдтӕн. Уӕвгӕ йын зӕгъын дӕр ницыуал бахъуыд: нал нӕм раздӕхт…

Фӕссихор нӕ Тазрет Дур-Дуры, Саукуыдз дунейы рухс кӕм федта, уыцы хӕдзары цур раргъӕвта.

Дыккаг бон нын сӕумӕцъӕхтыл Таймураз нӕ уаты дуар ныттыгъта, бӕстӕ йӕ сӕрыл систа:

– Цас хуыссут, горӕттӕгтӕ,  цас!.. Афонмӕ хъӕддаг хуытӕ кӕрдо хӕрдӕй ныддӕнгӕлтӕ сты. Цӕуын хъӕуы…

Ӕз ын не сразы дӕн, ӕфсон ын ссардтон, зӕгъын, мӕхи ӕвзӕр ӕнкъарын, ӕвӕццӕгӕн мын ӕппындзух кӕмӕй ӕппӕлут, Дыгургомы уыцы климӕт нӕ фӕбӕззыд. Мӕхи та фӕндыд ногӕй Къорайы фестын, уыцы фыдӕлтыккон тулдз бӕласы бын ӕнӕ дзургӕйӕ алӕууын, Дывдыв цы стыр дуры бын ныгӕд ис, ууыл банцой кӕнын…

БЕРЛИНӔЙ КУЫДЗ СЛАСТА…

Хуымӕллӕг, 1949 аз. Уӕлӕсыхаг Цӕра нӕ хъӕуӕй тохы быдырмӕ чи фӕраст, уыдоны фыццӕгтӕй иу уыдис, здӕхгӕ та ӕппӕты фӕстӕ скодта, йӕхӕдӕг куыд дзырдта, афтӕмӕй йӕ дӕлӕ Берлины баурӕдтой. Ӕз уӕд нырма гыццыл лӕппу уыдтӕн, фӕлӕ цӕмӕндӕр мӕ зӕрдыл бадардтон уыцы бонты нӕ хъӕуккӕгтӕ куыд сусу-бусу кодтой, куыд ӕй фаудтой, уый:

— Иутӕ Германы зӕххӕй сызгъӕрины голджытимӕ сыздӕхтысты, Цӕра та дзы йӕ сыдзыл немыцаг бур куыдз сласта…

Скъолайы дӕр ӕндӕр кой нал уыдис ӕмӕ иу бон фӕсурокты ӕртӕ цымыдис хӕлары, ӕз, Гугкаты Ермак ӕмӕ Кцойты Феликс уӕлӕсыхмӕ араст стӕм, кауы хуынчъытӕй йӕм бирӕ фӕкастыстӕм, абоны хуызӕн ма уайы мӕ цӕстытыл: уыд ӕнахуыр стыр, ӕз ахӕм куыдз фыццаг хатт федтон, Туацъӕйы хус фӕсалы хуызӕн йӕ хъуынтӕ бур, йӕ хъустӕ залмы сыфтау дӕлӕмӕ фӕлдӕхт йӕ цӕстыты онг, йӕ зӕнгтӕ – хъуынджын, уыд хӕдзармӕ бацӕуӕны къаххафӕнмӕ баст. Уырдыгӕй нӕ фӕндаг Кцойты куыройыл ракодтам, былӕй-иу доны малмӕ нӕхи фехстам, Феликс нын йӕхицӕй раппӕлыд ӕз, дам, уыцы немыцаг куыдзы сымахӕй раздӕр федтон, Цӕра йӕ мӕнӕ ардӕм ӕркӕны найынмӕ…

Ууыл иу мӕйы бӕрц, чи зоны, чысыл фылдӕр рауади, афтӕ та Хуымӕллӕджы ӕндӕр кой нал уыд: чидӕр дзидзайы фӕлмӕны ӕрцындз батъыста, кауы сӕрты йӕ Цӕрайы кӕртмӕ баппӕрста, куыдз ӕй аныхъуырдта ӕмӕ амарди, ӕфсӕйнаг къаххафӕн, дам, ма йӕ катайы кӕрты дуары онг рахӕр-хӕр кодта…

Уыцы фыдгӕнӕг чи уыдис, уый уӕд афтӕ дӕр не сбӕрӕг, фӕлӕ мӕнӕ цы радзырдта мӕнӕн, районы газеты ӕрыгон уацхӕссӕгӕн, нӕ хъӕусоветы уӕды азты сӕрдар Ӕгкацаты Федыр, Цӕрайы кой дӕр нӕм куы рауадис, уӕд:

– Йӕ дардӕй ласт куыдзӕн ын чидӕр афтӕ куы бакодта, уӕд мӕм дыккаг ӕви ӕртыккаг бон Цӕра хъӕстмӕ ӕрхӕццӕ, кӕмӕн, дам, цы кодта мӕ куыдз, мӕ сӕрӕн куы ницы ӕмбарын, уӕд, никӕуыл, дам, гуырысхо кӕныс, ацы хъӕуы чи цы гӕнӕг у, уый дӕуӕй  хуыздӕр  чи  зоны…   Ды  йын,   Дамир,   мӕ   бынаты   цы загътаис?.. Бауырнӕд дӕ, мӕ дзыхӕй дӕр никуы ссыди, фӕлӕ мӕм уымӕй размӕ  уыд хӕсты  ветеран,   Цӕрайы дӕллагфарс  цӕрӕг Темыр, се  ‘хсӕн фыдӕлтыккон ныллӕг кау быд йеддӕмӕ ницы ис. Ӕмӕ мын афтӕ зӕгъы, дӕ хорзӕхӕй, мӕнӕ, дам, ма дӕ кабинеты дуар    мидӕгӕрдыгӕй    дӕгъӕлӕй    сӕхгӕн,    ӕз    дӕм    цыдӕр равдисон…

Мӕ цуры йӕ хӕлаф фадхъулты онг ӕрыппӕрста, йӕ хӕдоныл хӕрдмӕ схӕцыд. Зоныс ӕй, Дамир, ӕз мӕхӕдӕг дӕр хӕсты быдыры уыдтӕн, бирӕ цыдӕртӕ федтон, фӕлӕ йын йӕ фӕтӕн фӕсонтӕ ӕмӕ йе ‘рбадӕнтӕм куы бакастӕн, уӕд мӕ скӕуынмӕ бирӕ нал хъуыд. Куыд мын радзырдта, афтӕмӕй хӕсты фыццаг бонтӕй иуы Житомиры бынмӕ уацары бахауд, къуырийы фӕстӕ дыууӕ ӕмбалӕй ралыгъдысты, фӕлӕ сыл немыцӕгтӕ сӕ куыйты сардыдтой, уыдон сӕ баййӕфтой, хъӕды цъымарайы, дам, размӕ бахаудтӕн ӕмӕ мӕ дыууӕйӕ сӕ быны скодтой, гӕбазгай мӕ фӕтыдтой…

Ӕз ӕм хъуыстон ӕмӕ йӕ уайтагъддӕр бамбӕрстон, мӕнмӕ йе ‘рцыды сӕр цӕй тыххӕй у, уый. Дзургӕ ницыма скодтон, йӕхӕдӕг фӕразӕй:

– Мӕ сыхаг не знаджы зӕххӕй хуыздӕрӕн цы сласта, уый куыннӕ зондзынӕ?.. Ды мӕ  бынаты уым фӕцӕрис?  Куыд дӕ фӕнды, ӕз хъуамӕ бон-изӕрмӕ дӕр уымӕ кӕсгӕйӕ мӕ кӕддӕры хъизӕмары бонтӕ мысон? Ӕмӕ йын кӕдмӕ фӕраздзынӕн? Исты хос нын ӕрхъуыды кӕн. Ӕмбарыс мӕ?..

Ӕз ӕй ӕмбӕрстон, фӕлӕ цалынмӕ абон райсомы фӕхъау кодтон, уӕдмӕ уыцы хабар ӕрцыди…

Дарддӕр цы уыд, уый ӕз мӕхӕдӕг зыдтон: Цӕра фӕтӕргай, хъӕубӕстӕм фӕхӕрам, горӕтмӕ алыгъд цӕрынмӕ. Иуцасдӕр та хъӕу фӕсусу-бусу кодтой:

– Цӕра Берлинӕй сызгъӕринтӕ дӕр сласта, ӕндӕра Дзӕуджыхъӕуы Терчы был цъӕхсӕр хӕдзӕрттӕ цӕмӕй балхӕдта?.. Йӕ сыстытӕй?..