26 апреля 2024

ХАБÆРТТÆ, ЦАУТÆ…

26.11.2022 | 17:26

Кустуат «Автоколоннæ-1210» сбербанк-лизинги хæццæ фондз анзей æмгъудæй ци бардзурд бафинста, уомæ гæсгæ аци анзи кæронмæ гъæуама райса 40 бæлццæнттæласæн хуæдтолгитæ «ПАЗ-Вектор-NEXT», уæдта цуппар китайаг хуæдтолги «Higer». Дууæ хуæдтолги ба ма райсдзæнæй 2023 анзи райдайæни.

* * *

Куд нисангонд цæуй, уотемæй Цæгат Иристони хецаудзийнади къабæзтæ 19,1 миллион сомей аргъ нæуæганзон лæвæрттæй барæвдаудзæнæнцæ куд берæсувæллонгин æма цубуркъох бийнонти кæстæрти, уотæ сæрмагонд тугъдон операций ка архайуй, еци æфсæддонти æма хайон фæдздзурдмæ гæсгæ æфсадмæ ке байагурдтонцæ, уони бийнонти дæр.

* * *

Цæгат Иристони 125 миллион соми дехгонд æрцæудзæнæй 8-17 анзей кари сабийтæ, кæци бийнонти ес, уонæн аллимæйон феддонтæн. Нæуæг феддон аци анзæн райсдзæнæнцæ 30 мин бийнонтемæй фулдæр. Æдеугурæй ба еци социалон агъазæн нисангонд цæуй федералон æма регионалон бюджетæй 5,2 миллиард соми радех кæнун.

* * *

Дзæуæгигъæуæн аккаггонд æрцудæй Уæрæсей Хецауади рæбун финансон университети преми – «Экологон фалдзоси хуæрзгъæдæдзийнади раздзæуæг», зæгъгæ, номинаций. Аци хабар æхцæуæн бæргæ ’й, фал дессагæн – кæд мах республики сахар æ экологон берæ  гъæндзийнæдти хæццæ хуæздæрбæл нимад æрцудæй, æма ке разæй фæцæй, уæд уонæми ба, мæгурдæйрагдæрти, уавæр цихузæн æй?..

* * *

Цæгат Иристони аци анзи райдайæнæй æрцудæй 1098 иссугъди. Уонæми фæммардæй фондз адæймаги. Иссугъдтитæн сæ фулдæр (910) æрцудæнцæ æдзæрæг рауæнти, уæлдайдæр ба сор кæрдæг содзуни фудæй.

* * *

Нæ республики ЗАГС-и Управлений игъосункæнуйнагмæ гæсгæ, аци анзи фараст мæйей бæрæггæнæнтæ куд æвдесунцæ, уотемæй Цæгат Иристони силгоймæгтæ дууадæс анзи фулдæр цæрунцæ нæлгоймæгтæй: силгоймæгтæн сæ царди дæргъвæтийнæ ’й 76 анзи, нæлгоймæгтæн ба – 64 анзи.