12 ноября 2024

ХЪÆБÆЛОТИ БИЛАРИ НОМБÆЛ СТИПЕНДИ – ÆНТÆСТГИНДÆРТÆН

21.10.2023 | 14:32

Куд зонæн, уотемæй разагъди лæгтæй еу, номдзуд паддзахадон архайæг Хъæбæлоти Емæзай фурт Билари  цитгин ном исæносон кæнуни туххæй 2017 анзи æ номбæл нисангонд æрцудæй Цæгат Иристони Хецауади сæрмагонд стипенди, кæци лæвæрд цæуй нæ республики ахургæнæндæнтти æнтæстгиндæр студенттæн. Стипенди алли анз дæр раттунцæ, ахури, наукон-æртасæн æма исфæлдистадон кусти бæрзонд бæрæггæнæнтæ ка ’вдиста æма сæ еугурдуйнеуон æма еугуруæрæсеуон конкурсти, фестивалти æма олимпиадити уæлахезти æвдесæндартæ, сертификаттæ æма Кади гæгъæдитæй ка бафедар кодта, еци студенттæн. Стипенди федунцæ республики бюджети фæрæзнитæй.

Хъæбæлоти Билари номбæл стипенди аци анз кæмæн гъæуама лæвæрд æрцæуа, уой исæлвурд кæнуни туххæй æрæги арæзт æрцудæй сæрмагонд паддзахадон æмбурд. Куд рабæрæг æй, уотемæй стипенди есуни фæдбæл курдиæттæ балæвардтонцæ уæлдæр ахурадон уагæдæнтти 18 студенти æма астæуккаг профессионалон уагæдæнтти 8 ахургæнуйнаги. Сæ еугурдæр æнцæ нæ республики цæргутæ, куд Иристони, уотæ æндæр рауæнти ка ахур кæнуй, уæхæн фæсевæд.

Экспертон къамиси иуонгтæ лæмбунæг æркастæнцæ, еци курдиæттæмæ. Хигъд цудæнцæ сæ ахури бæрæггæнæнтæ, уæдта æртасæн æма исфæлдистадон архайд. Стипендибæл дзоргути ’хсæн ес еугурдуйнеуон æма еугуруæрæсеуон конкурсти уæлахездзаутæ, Уæрæсей Федераций Президент æма Хецауади гранттæ райсгутæ, æртасæн кустити автортæ æма уотæ идарддæр.

Къамиси иуонгтæ æхсæз æма инсæй кандидаттемæй равзурстонцæ дæс, Хецауадæй ахури анзи дæргъи разæнгардгæнæн æхцай фæрæзнитæ (дæс мин соми) алли мæйæ дæр ка есдзæнæй, уони.

Æмбурди куд амунд æрцудæй, уотемæй ке курдиæттæмæ æркастæнцæ, еци лæхъуæнтæ æма кизгуттæ хъæбæр хуарз бæрæггæнæнтæ æвдесунцæ ахури, наукон æма æхсæнадон архайди. Еугур кандидаттæ дæр еци стипендий аккаг æнцæ. Фал хуæздæртæй хуæздæртæ æвзурст æрцудæнцæ, сæ гæгъидæтæмæ син лæмбунæг æркæсгæй. Фиццаг нисангонд адтæй æхсæз стипендий. Фал 2020 анзи сæ нимæдзæ исхизтæй дæсемæ.