ХÆМИЦАТИ МИНКЪИЙ ХÆМИЦ
Нæ газети айразмæ номери ниммухур кодтан уац «Æ уарзон зари хæццæ ин загътонцæ фæстаг фæндараст…» Уомæй иссирдтан зундгонд адæмон зартæгæнæг æдзард Золойти Майрæни рохс ном. Уаци куд загъд ес, уотемæй е хъæбæр берæ уарзта æма хъæбæр дæсни заридæ Хæмицати минкъий Хæмици зар. Нæ газеткæсгутæй ни кадæртæ ракурдтонцæ, цæмæй сæрмагондæй ниммухур кæнæн Хæмицæн æхе туххæй æрмæг дæр. Æма син сæ курдиадæ æнхæст кæнæн – кæсетæ ХÆМИЦАТИ Рамани финст æрмæг сæ номдзуд рагфидтæли туххæй.
Нæ дзенети бадуйнаг фидтæлтæ нин куд дзурдтонцæ, уотемæй æртæ лæги – Хæмиц, Цæргæс æма Азнаур раги кæддæр рацудæнцæ Гурдзийæй Дигоргоммæ æма, дан, æлдар Астанти Дзамболатæй ракурдтонцæ, цæмæй сæ уоми бауагътайдæ цæрун. Астани-фурт син цæруни барæ равардта.
Хæмиц æрцардæй Стур-Дигори, Цæргæс – Къуссуй, Азнаур минкъий рæстæг рацардæй Стур-Дигори, уæдта фæллигъдæй Кæсæгмæ, уоми æ номбæл исмуггаг кодта, æма фæстагмæ иссæй ездон Азнаурти муггаги фидтæл.
Хæмиц дæр исмуггаг кодта æхе номбæл æма уотемæй Стур-Дигори фæззиндтæй Хæмицати муггаг. Рæстæг куд цæугæ цудæй, уотæ.
Хæмицатæй беретæ фæллигъдæнцæ, ка – Толдзгунмæ, ка – Секермæ, Сурх-Дигорæмæ, Цымытимæ æма Турсигоммæ, æндæр рауæнтæмæ.
… Уæди рæстæгути кæсгон æлдар Тасолтанти Тасолтани ном идæрдтæбæл райгъустæй. Рæсугъд æма парахаттæй æрвиста æ царди фæрнгун бæнттæ. Фал æносон неке æй. Еу рæстæг æрсæйгæ ’й, æ кæддæри федар иуæнгтæ ин зæнхæ æхемæ æлвасун байдæдта.
Зæронд Тасолтан бадзурдта æ авд фуртемæ æма син загъта:
– Мæнæй уин пайда нæбал ес, мæ цæргæстæ, мæ цардвæндаги кæрон æрхъæрттæй, фал мæнæ уæ еунæг хуæри седзæрхуз ма бауадзетæ. Киндзи дæттунвæндæ ’й ку искæнайтæ, уæд мулк гъæуагæ нæ айтæ, гъæздугдзийнадæмæ ма бахицæ кæнетæ. Равзаретæ уæхæн уосгор, донæн æ тæнгутæ ка нæ агоруй, æ лæгдзийнадæ, е ’хсари фæрци уин далæ Ногъайти æргъæуттæй фондзинсæй бæхи ка раскъæра.
Берæ нæбал рацардæй зæронд Тасолтан. Æ хъал цæуæт æй кадæ æма радæй исæмбæлун кодтонцæ æ зæнхи хайбæл.
Цудæнцæ бонтæ. Алли зундгонд муггæгтæй цитгин минæвæрттæ цудæнцæ Тасолтанти сæрустур æнсувæртæмæ: «Агорæн уæ адгин хæстæгæн, исаккаг нин кæнетæ уæ еунæг уарзон хуæрæ Фатъимæти-рæсугъди…»
Æнсувæртæ минæвæрттæн, æвзаргæ уосгортæн, еу цъухæй дзурдтонцæ сæ фиди фæдзæхст.
Уæд, зæгъуй, æ амонд бавзарун фæндæ ку искæнуй Стур-Дигори цæрæг Хæмицати минкъий Хæмиц дæр. Саргъ багæлста æ хуæрзконд æфсоргъбæл, æ рохтæ ин æрбалвæститæ кодта, æхе æхси цæфмæ ка некæд уагъта, уой ницъцъинккитæ ласта, æма уотемæй æ них исаразта Ногъайи æргъæутти ’рдæмæ.
Дуккаг сæумæ, Бонвæрнон стъалу бон-бон куд кодта, уотæ минкъий Хæмиц Тасолтанти урух тургъи æрбамедæг кодта фондзинсæй бæхи, сæ хæццæ ба ма æртæ уæлдайæй. Æртæ æма фондзинсæй бæхи комитæфæй Тасолтанти тургъи сæрмæ мегъ исбадтæй.
Сæумæраги Фатъимæти-рæсугъд къæразгæй ракастæй æма уой бæрцæ бæхæргъау сæ тургъи ку фæууидта, уæд е ’нсувæртæмæ дзоруй:
– Мæрдфунæй бацайтæ, æндæмæ уи еске ракæсæд: нæ тургъæ бæхæй идзаг ку æй!..
Æнсувæртæ рацудæнцæ æма десгæнгæ фæрсунцæ Хæмици:
– Мах сæдæ бæхи ку загътан, уæд ма сæдæй уæлдай еци æртæ бæхи ци амонунцæ?
– Сæдæ бæхи уæ хуæри ирæд, æртæ бæхемæй ба еу мади ’рвади бæх æй, иннæ уæ фиди номбæл, æртиккаг ба – сиахсаг, уæ дуар уин хевастæй ке байгон кодтон, уой туххæй. Махмæ уотæ федауй дигорон æгъдаумæ гæсгæ.
Ци ма загътайуонцæ æнсувæртæ? Хæмицати минкъий Хæмицæн равардтонцæ сæ еунæг хуæри, æма ’й кадæ æма радæй исхудта Стур-Дигорæмæ.
Хæмиц Фатъимæти-рæсугъди куд исхудта, уой ма адæм дзурдтонцæ æндæр хузи дæр. Тасолтанти тургъи бæхти æргъау ку исæзмалдæй, уæд Фатъимæт æ бæрзонд уæладзугæй ракастæй Хæмици-фуртмæ. Уæд минкъий Хæмиц æ бæхбæл саргъ галеумæ исæвардта æма уати къæрæзгити бунмæ æрлæудтæй.
Кизгæ имæ æдзинæг берæ фæккастæй, уæдта æ размæ рацудæй æма имæ дзоруй:
– Дæ бæхбæл саргъ раст исæвæрун, аййев исбадун ку нæ зонис, уæд дæ цæй уосæ коруни мæтæ ес?
Хæмици-фурт бахудтæй.
– Лæг ци нæ зонуй, уомæй бафæрсун аййеп нæй, табуафси, бæхбæл саргъ исæвæрун мин байамонæ.
Фатъимæти-рæсугъд бæхæй саргъ исиста æма ’й раст исæвардта.
– Гъе нур ма мæ æнхæст бæхбæл аййев бадунбæл дæр ку исахур кæнисæ, – исдзурдта бабæй кизгæмæ Хæмицати минкъий Хæмиц.
– Табуафси, – загъта Тасолтанти авд æнсувæрей еунæг хуæрæ æма рæуæг исгæпп кодта саргъмæ.
Æндæр ма ци гъудæй уæд Хæмицати сæрæнигурд Хæмици!.. Æхе фехста æ цæрдæг æфсоргъи фæсарцæмæ æма æфсоргъ цæргæсау ратахтæй…
… Уотæ исеу кодтонцæ сæ карнæ Хæмиц æма Фатъимæти-рæсугъд. Кæрæдзей бауарзтонцæ, æма син амондгун цард байеудагъ æй.
Фудæвзæгтæ дор ихалунцæ, зæгъгæ, æмбесондæн байзадæй. Фудцъухтæ бахъæрттæй Тасолтанти авд æнсувæремæ дæр.
– Уæ хъазар ходтæ уæ сæртæбæл хъал конд ци никкæнетæ, уæлæ уин Стур-Дигори Хæмицати минкъий Хæмиц уæ хуæри айдагъдæр къæхтæ ’хснæг æма фагуссæрфæгæн ку даруй, уотæ бафедис кодтонцæ Фатъимæти æнсувæртæн.
Хуарз лæг уайдзæфæй сæйгæ кæнуй, федисæй ба – мæлгæ. Цъæх арт куд нæ исуагътонцæ, сæ сæртæ куд нæ разилдæнцæ. Сæ маст бауорамун сæ бон нæбал бацæй, сæ хъал бæхтæбæл фæдеси уад кæнгæй, сæ них исаразтонцæ Стур-Дигорæмæ.
Хæмицати минкъий Хæмиц еци рæстæг æздахтæй цауæнæй æма хæрхæмбæлд фæцæй æ номдзуд каййестæбæл. Зæрдиаг цийнæ сæбæл бæргæ бакодта, фал æнсувæрти цæстингас æ зæрдæмæ нæ фæццудæй. Уæддæр ниллæудтæй, худта сæ æ фæрнгун хæдзарæмæ, фал æвваст райгъустæй æнæнгъæлæги гæрах.
– Ци уин кодтон? – хаугæ-хаун ма, гъæрзгæ дзурд бæргæ искодта, фал ибæл дуйне баталингæ ’й.
Тасолтанти æнсувæртæ сæ еунæг хуæрæн хабар ку фегъосун кодтонцæ, уæд Фатъимæти-рæсугъд еуцæйбæрцæдæр рæстæг цавддорæй байзадæй, уæдта еци зæрдристæй нидздзиназта:
– Ци уин кодтон, цæмæн мин фехалдтайтæ мæ амондгун цард?!
– Цæй, зин кæнунæй нецибал уайуй, – æрæгиау загъта æнсувæрти хестæр.– Барæвдзæ кæнæ дæ дзаумæуттæ, æма цæун гъæуй нæхемæ.
– Хуарз, мæ домбай æнсувæртæ, хуарз, атæ фæллæууетæ, æз нуртæккæ мæхе рарæвдзæ кæндзæнæн, – æ цæстисугæй æхе æхснæнгæ, иннæ уатмæ бацудæй Фатъимæт.
Æгæр æрæгæмæ ку зиндтæй, уæд имæ æнсувæрти кæстæр бауадæй… Æма дæ балгъетæг дæр уотæ: æ уарзон, æ хъазар æмбали фæсте Фатъимæт æхецæн цард нæбал исаккаг кодта… Æндон циргъ кæрдæнæй барæхуста æ зæрдæ…
Уæхæн æй цубурæй Хæмицати минкъий Хæмици кадæнгæ.
ХÆМИЦАТИ Раман.