16 апреля 2024

ХАХУЫР

14.05.2022 | 13:43

Идарддæр.
Райдайæн 12-, 13-аг номерти.

Дыккаг хатт æй бæргæ нал фæндыд йемæ фембæлын, фæлæ ахæмы дзæмбытæй йæхи чи атондзæн?

«Бабыхсдзынæн, бирæ фæфæрæзтон, æмæ ма иу бон… Бон нæ! Æхсæв! Мæ рагон хæстæ фидын… фыст фæдæн!..»

Къæхты уынæр, мынæг хъæлæс. «Ау, схæццæ уыдаиккой? Раджы у нырма. Мæй йæ цалхыдзаг. Сæниат мæйдармæ æнхъæлмæ кæсы».

Зыхъхъырæй ракаст. «Гъе, й… Нæ фæлæ сын байрæджы ис. Уæртæ Сæниат йæхæдæг, стæй ма лæппутæй чидæр. Байрæджы… Мæ царм мын ма астигъæд уыцы æнаккаг! Уæд та сæм ра- цæунн, ныхæстыл уал сæ дарин. Уый та ма циу? Чидæр Сæниатимæ хæрхæмбæлд фæци. Табу дæуæн, стыр Хуыцау! Мыггагмæ дын кувдзынæн».

Хъахырман уынгмæ рахызт, гом кулдуары аууонмæ бауад. «Æтт, уæларвыл бадæг, æнамонд мæ ма скæн, галы сæрæй дын скувдзынæн…»

Милицæйы хицау саргъыбæхыл бады, йе ’мбæлттæ æртымбыл сты йæ алыварс. Ныхас сын бацайдагъ.

– Чи дæ?.. Кæдæм цæуыс?.. Цы хæссыс?..

Сæниат фæуыргъуыйау, ницы дзуры. Ног фæрстыты рæдзæгъд та ралæхурдæуыд, фæлæ та уый дæр æнæ дзуаппæй баззад.

– Чи дæ? Кæцæй фæзындтæ æмбисæхсæв?..

Сæниат цыдæр загъта. Хицау ехсæй дзауматæм ацамыдта. Лæппутæ сыл азылдысты. Йæхæдæг та уæлбæхæй згъалы:

– Кæд ацыди дæ хо? Кæдæм ын фæхæссы хæринаг? Арæх фæзыны йæхæдæг?

– Нæ зонын, ницы фехъуыстон…

– Базондзынæ уæдæ! Фехъусдзынæ! – смæсты хи­цау.– Цæугæ!

Хъахырман рахызт йе ’мбæхсæнæй. Дæрддзæф лæууы, нæма уæнды йæхи равдисын.

– Aм дæ ды дæр? Æнæхуыссæг фæдæн, фæлæ дзæгъæлцыд нæ фестæм. Ахæм кæф æрцахс! – æхсæвы уазал æмæ æнæхуыссæгæй йæ комыкъултæ æнæрынцойæ ивæзта хицау.

Стæй е ’мбæлттæй иуæн рафæдзæхста:

– Лæппу, уыцы усы фæдыл ацу!.. Сымах та, – фездæхт иннæтæм, – хъæуы бынмæ! Æндæр фæндаг нæ зонын. Быдырæй цæуай, хохы цъуппæй æрхизай – дæ тъæпп Цецейы лæгæтыл фæцæудзæн. Афтæ нæу? – хъæрæй бафарста Хъахырманы, æмæ ехсæй цырыхъхъы хъус æрхоста.

Хъахырман фесхъиудта – исчи сæм кæд хъусы, уæд фесæфт!

– Æнæмæт у! – бамбæрста йæ хицау. – Тæнджыты уайын чи уарзы, ахæм дæ, æнхъæлдæн. Æмæ уæд ифтыгъд топмæ цæмæн æвналыс? Уый гæрах кæнын дæр зоны.

«Хорз ма ракæн æмæ фыдбылыз ма ссарай», – мæстæй ссыгъд Хъахырман, фæлæ ницы бауæндыд зæгъын. Ноджы ма хицау йæ рæдыдыл басаст:

– Бузныг дæ лæггадæй! – сызгъæрин сом ын цыма авæрдта, уыйау æрæхснырста йæ арфæ, стæй лæгæты ’рдæм фæраст. Хъахырман та йæ кæртмæ базылд.

«Æхсæв дæр, бон дæр лæгæты рæбын баддзысты. Арс афæлдахын алкæй дæр фæфæнды. Фæлæ гæдыйы къах цыбыр у! – бахудт Хъахырман, талынг уаты йæхи нымæтыл куы æруагъта, уæд. – Кæд искæуыл фембæлой, уæд – Агуындæйыл. Ницы йын уыдзæн, иу къорд боны къалатийы куы æрдауа, уæд. – Фæфæлмæндæр лæджы зæрдæ. – Мæхæдæг æм ирвæзынгæнæгæй фæзындзынæн, æмæ уæд мæхи уыдзæн, йæ къамтæ æрæвæрдзæн… Мæ сæры цæфмæ дын, хъал Агуындæ, æз дæ хæмпус былтæ, дæ урс-урсид риутæй дæ уд сласдзынæн…»

Йæ цæстытыл та (цалæм хатт!) ахъазыд рæсугъд ныв: Агуындæ йæ хъæбысы тæлфы, йæ рæдыдыл басаст, хатыр куры, йæ æцæг амондæй йæ сæр разылд, æмæ Хъахырманы рæвдауынæй суанг боныцъæхтæм нæ бафсæст.

Цыма æцæг амондæй бафæллад, уыйау æмбæрста лæг йæхи, æмæ тæлтæг сæнтты бын фæци…

Комыдымæг боны рухсæй фæуæрæхдæр. Зынын байдыдтой фæзилæнты цыргъ тигътæ, фæндаджы дзыхъхъытæ æмæ къуыппытæ.

– Кæд уыцы ус йæ дзыхыл нæ фæхæцыд, æмæ сæхи нымбæхстой. Уæд йæхæдæг ратдзæн дзуапп, – смæсты хицау.

Цæуынвæнд скодта, схызт саргъмæ, лæппутæ дæр рæвдз абадтысты сæ бæхтыл – адæмы дзæгъæлы змæнтын ницæмæн хъæуы… «Хъырымы мулк доныкъусы сæфт фæкодта, фæлæ уыцы саргъ ничердæм ауадздзынæн! Йæ фыд бæхуарзаг лæг уыдаид. Сыгъдæг æвзистæй æмæхгæд саргъ! Æмæ-иу уæд нæ зæронд зондамонæг стыр ныхæстыл схæцæд…» – æрымысыд йæ хицау Хазбийы.

Кæй кой кæнай – къæсæрмæ! Фæзилæнæй бæхуæрдон разынд. Иу зæронд лæг бæхмæ æвзиды, йæ фæстæ хъæмпыл бады сылгоймаг. Агуындæ?!. Цæстыфæныкъуылдмæ йæ хъуыдытæ сæрымагъзы сгуппар сты: «Абырæджы ном мыл сбаддзæн: фæндагыл усы æрцахста! Фæлæ йын ауадзæн нæй. Хъуыддаг дихтæ кæнын нæ хъæуы. Сæрæй бынмæ хъуамæ куырмæлхынцъ уа. Хъырым фæлыгъд хæсты быдырæй. Агуындæ йæ æмбæхсы, хæринаг ын хæссы. Цæмæйдæр стъæлфынц, æмæ сæ дзаума рагацау æмбæхсынц. Факттæ, факттæ… Фæлæ ахсын… Уый кæстæрты хæс у. Къæйных, уæндон лæппутæ сты, зивæг нæ зонынц…»

Йе ’мбæлттæй кæйдæр хъусы цыдæртæ адзырдта æмæ фæсвæды уырдыгмæ аивгъуыдта. Хъахырманы хъус ма йын йæ бæхы къæхты уынæр айхъуыста, æмæ фæтар.

Къæвдаты фæстæ уæрдонвæндаг йæ гаччы абадт. Цалхвæд æрттивы ногфæлдæхт ауæдзау. Цæфхæдты дамгъæтæ йыл мыхуырау зынынц.

Фæллойгæнæг у фæндаг, бон-сауизæрмæ йыл дыууæрдæм кæнынц уæрдоны ифтыгъд, саргъæвæрд, идонуагъд бæхтæ. Хор ласынц, хабар хæссынц, фæдисы уайынц. Галты уæзбын къахдзæф, стурты æнахуыр тындзын, родты чъыллиппытæ – алцы дæр ссарæн ис фæндагыл. Фæндаджы чиныг кæсын базон, æмæ хъæуы цард бамбардзынæ. Мæнæ чидæр – хъæргæнæг, кæнæ хæрзæггурæггаг – цыппæрвадæй фæтæхы. Хъæуæй хъæумæ… Мæнæ уый та йæ галтыл æгæр уæззау уаргъ самадта – уæрдоны къæс-къæс, галты ратон-батон, цæлхыты рачиу-бачиуæй бæрæг у. Уый та дын хицау – бидаркæ схъиугæ тæхы, бæхы хуыррыттæй цъиутæ фæпырх вæййынц, байрагау йæ къах бæрзонд исы – фæд уæлæнгай у, цæфхад цæфхады не ’ййафы.

Азты уæз фæтæн уæхсчыты дæр фæгуыбыр кæны. Æмæ уый хъыгдары Хазбийы. Раст зæгъын хъæуы, цалдæр боны уæлхъæдæй царди. Кæм – хæрдджын, кæм – æххормаг. Фæззыгæнд афоныл нæ фæдæ, уæд – кæуинаг. Æмæ цыди иу колхозæй иннæмæ, иу тракто­рон бригадæй иннæмæ… Ныффæллад. Сæдых. Æнæдаст.

.– Фæзæронд кæныс, хорз лæг! – йæхицæн загъта Хазби. – Раджы ма дын у. Дæ пенси дын никæмæн ратдзысты, мыдыбындзытæ æмæ дæ дыргъдæттæ никæдæм аирвæздзысты. Райсомæй-иу раздæр фест, æмæ дæ бон фæдаргъдæр уа. Кæннод ауæдзы фынæй кæнын дæр са- хуыр уыдзынæ.

Зноны хабарæй Хазбийы зæрдæ бахъæлдзæг. Йæ бæхы кæмæндæр авæрдта – уæллаг бригады чидæр фæрынчын, æмæ йæ дохтырмæ ласын бахъуыд. Йæхимæ та йын трактористтæ æнхъæлмæ кастысты. Хуыссæджы хъæстæ нæ фæци, фæлæ фæстиатгæнæн нæ уыд. «Уым вагоны суадздзынæн мæ фæллад», – скарста йæхинымæр æмæ ауæдзы фæраст.

Цæуы, цæуы… Кæмдæр æй хуыссæг æрцахста. Æмбисæхсæв. Мæй æмæ тракторты цырæгътæ – æндæр иу ирд стъæлф дæр нæ федтаис зæххыл дæр æмæ арвыл дæр. Цæуы… Йæ къах цæуылдæр скъуырдта, афæлдæхт æмæ тарф фынæй аци. Райхъал бонивайæнты. Райхъал! Цалдæр лæджы йæ систой æмæ йæ мардхæссæгау фæцæйхастой. Æмæ уæд ракаст…

– Дæ раттæг дæлæмæ æрхауа! – йæ мады ’фсымæр Бæбуйы ныхас æй аргæвста.

– Цы æрцыд? Исты бæллæх?..

– Мардæрцыд!

Хазби бафынæй ауæдзы. Фæлмæн зæхх æм бумбулийау фæкаст, æмæ йæ йæ къах дарддæр нал ахаста. Тракто­рист дыккаг ауæдзыл æрзылд, æмæ йæ уд ауад. Йæ фындзы бын бамбæхст диверсант! Фæдисонау атахти йе ’мбæлттæм. Ифтыгъд сты адæм хæсты заман – уайтагъд «гæрзифтонгæй» фæзындысты æххуысмæ. Кæмæ – мих, кæмæ – æндæр исты… Колхозы сæрдар Бæбумæ разынд англисаг кæрæбин, æмæ уый сæ разæй æдæрсгæ фæраст. Йæ цæстытæ сахъат сты рагæй дæр – кæсæнцæстытæ фындзы хъæлыл æнцад нæ бадтысты, стæй æнæгæды ныхас, кæд раджы кæддæр партизантимæ иучысыл фæци, уæддæр диверсантыл никуыма фембæлд, æмæ-иу йæ уæраг фæтасыд. Уæддæр сæрдар сæрдар у, ноджы ма фондзæхстоны хицау. Чи хъуамæ цæуа уæдæ фæдисонтæн сæ разæй?

Æртымбыл сты «знаджы» алыварс. Аирвæзæн ын нал уыд, фæлæ хотыхджын уыдаид, кæй зæгъын æй хъæуы, æмæ тагъд кæнын ницæмæн хъуыд. Хæстон æгъдау куыд амоны, афтæмæй йæм сæрдар йæхæдæг хæстæгдæр ба­бырыд. Бирæ фæхъавыд диверсантмæ, æмæ уый куынæ змæлыд, уæд йæ кæсæнцæстытæ æриста, лæмбынæгдæр æм ныккаст æмæ зæрдиагæй ату кодта:

– Уый нæхи лæг куы у!

Хазби бахудт: нæхи лæг! Кæм ис, кæ, «нæхи лæг?» Хорз зоны уыцы ныхæстæн сæ уæз, фæлæ йæ йæхи уæхсчытыл рагæй нал бавзæрста. «Гъей-джиди, мæ лæппуйы бонтæ!» – йæхи бауыгъта лæг. Йæ хуыссæг фæлыгъд, бози йæхимæ æрбалвæста – бæхы сæпп фæрæвдздæр. Æхсынæны хуым йæхи къултæ кæнын байдыдта. Дзагармæй алчидæр рæдау у. Нарст æфсир æддæг-мидæг ауад, æфсир æфсирыл ныттыхсы. Алцыдæр йæ кары куы бацæуы, уæд хионыл æнувыддæр вæййы – царды ад бамбары. Фæлæ æхсынæны ницы амбулдзæн! Хазби дзы кæддæриддæр йæхи цæхæрадоны дæр ныссадзы. Æмæ цыма цалдæр хуры стулы æмбойны, афтæ йæм фæкæсы. Сырддонцъиутæ сæ уайтагъд ахсынынц, фæлæ сæм никуы смæсты – сæ сызгъæрин тъæпæн худтæ сын уæддæр нæ сисынц.

Ам та æнæхъæн хуым!

Баурæдта бæхы. Бидаркæйæ рахызт. Ахæм ма дзы диссаг уа? Хæтæлзæнг, тутт къабаз… Йæ цъуппыл та æхсынæнты чъиритæ, сызгъæрин хъула фæлмæн хæрвæй æмбæрзт. Карк ма фембæхсы афтæ йæ лæппынты æцæгæлоны цæстæй. Куы сцæттæ уа, уæд йæхæдæг баруайдзæн. Асæрф хус хæрв æмæ фендзынæ: нæмыг нæмыгмæ йæхи нылхъывта. Цоты къабæзты фыдæлты туг фæфыцы. Зæнг бахус, чъил апырх. Фæлæ цард æнæскъуынгæ æмæ æгæрон у. Алы мыггагæй дæр та уалдзæджы райгуырдзæн рæхснæг тала, быдыр та фестдзæн хуры зæй. Хазби ныуулæфыд:

– Зæхх, фыдæлты зæхх, тугæрхæмттæ, рæвдыдхъуаг саумæр, – систа ногфæлдæхт ауæдзæй къуыбар. – Сойытылдау у, гутоны цыргъ æй ныссæрфта, æмæ уый æрттывдæй цæхæртæ калы.

Бирæ йæм фæкаст, йæ армы йæ аууæрста.

– Зæхх… Кæд уыди уый? Раджы, тынг раджы….

Зæххæй куы хицæн кодта, уæд æм маст нæ уыд, æнцонæй йыл систа йæ къух. Фæлæ ныр æмбарын байдыдта: хицæн нæ, атыдтой йæ, арæдывтой… Чи? Йæхæдæг уыдаид. Зæххыл йæ бар нæ цыд, искæй зæххыл та уыргæфтыд фæци. Æмæ дзы фервæзт! Фæлæ, æвæццæгæн, зæххы уацайраг уыдзæн мыггагмæ. Кæрæбин йе ’ккой, афтæмæй куыста, фæдисы тахт: чидæр мын мæ зæхмæ лæбуры! Æвзæргæнæджы-иу бафарста: чи дын у ацы зæхх? Цы дын бавæййы? Разы никуы уыд дзуаппæй. Ау, зæхх дын цы бавæййы, уый ма ’мбар! Уæд ыл цæугæ та, уæд ыл цæргæ та куыд кæныс? Миты рагъыл цæр, ихы къæртт цъир, дæ риуы зæрдæйы бæсты уый æвæрд ис.

Милицæйы дуармæ æрхызт бидаркæйæ. Фынддæс азы бæрц æй зонынц ам, æмæ хъуамæ йæ алы фезмæлд, йæ алы къахдзæф дæр бынаты уа. Бар-æнæбары ставд астæу фæтæн ронæй балвас. Милицæ милицæ у. Æгъдау, фæтк, рæстдзинад. Уыдоны сæрты исчи куы ахизы, уæд бахъæуы Хазбийы сæр.

Радгæс фестад, «дæ бон хорз» ын загъта.

– Хъыгдарæг нæй? – афарста йæ Хазби, йæ ныхы хид сæрфгæйæ.

– Нæй!.. Ис!..

– Ис æви нæй? – бафарста та Хазби, фæлæ дзуапмæ нал фæлæууыд… «Ис, нæй – ам цыдæр нæ фидауы», – загъта йæхинымæр æмæ йæ кусæнуаты къæсæрыл бахызт фæлладхуызæй.

Зæххы тæф та фындзыхуынчъытыл сæмбæлд. Нæ йын бафсæст йæ рæвдыд æмæ узæлдæй. «Ехх, гутоны къæдзыл æрхæц, ауæдз ауæдзы фæдыл фæлдах, кæрдæджы хал, мæнæуы æфсир, хъуыдыды нартхор, æхсынæны рæзт уын… Арв æмæ зæхх… Æмæ уæгъдибар дымгæ. Хур æмæ рог уæлдæф… Æнтæф боны хид… Цъитидоны цъæппытæ…– Хазби йæ къух ауыгъта. – Æмæ уæд ам та? Ам чи кусдзæн? «Ис» æмæ «нæй» цы сты, уый хъуамæ исчи æвзара æви нæ? Уый раст æмæ зылын у, гормон, æцæгдзинад æмæ фыдракæнд, сыгъдæгуд æмæ мæнгарды фæдвæливæнтæ, æвыд æмæ азымджын… Цард æмæ мæлæт», – карзæй загъта йæхинымæр.

– Цы ис æмæ цы нæй? – бафарста йæ Хæдивæджы, уый уæлкъæсæр куы фæзынд, уæд.

«Хæлиудзых, нæ сарæхст», – Хæдивæг æрбамæсты радгæсмæ – уый фæзмы, æвæццæгæн, хицау.

– Давд… Æхсæнадон исбонмæ ныхылдта! – рафæлдæхта йæ гæххæттытæ.

– Чи?

– Давæг! – йæ уæхсчытæ фелхъывта Хæдивæг.

– Кæд, мыййаг, адæймаг! Давæг… Уый куыст исты у æви æрдзы лæвар, йе та дæсныйад, адæймаг йæ мады гуыбынæй кæй рахæссы, ахæм?

– Æвгъæдгæс ын нæ уыдтæн! – лæгæн фæхъыг йæ хицауы уайдзæф, æмæ къæйныхдæрæй райдыдта дзурын:

– Тæсчъы дзаг адавта картоф!

– Тæсчъы дзаг… Чи у, чи? Тæсчъы бын адæймаджы куы батъыстай!

– Уæллагхъæуккаг, авд æмæ дыууиссæдзаздзыд, æнæпартион, æртæ сывæллоны йын ис, йæ лæг хæсты, ха­бар дзы нæй.

– Йæ ном та, йæ мыггаг?..

– Хадизæт. Цæрæгкатæй…

– Ацу æмæ хатыр ракур Цæрæгкаты Хадизæтæй, ныллæг ын акув, стæй дæ сæр къултыл фæхой, дæ фындзы пырх акал, дæхи цæхс æмæ-иу мæм уæд æрбацу!– фестад Хазби. «Кæд бамбардзыстæм кæрæдзийы», – дзырдта йæ цæстæнгас.

– Бахатыр кæн, фæлæ æз дæр мæ хæстæ зонын. Закъонæй уæлдæр ницы ис. Йæ ныхмæ цæуын пайда нæ хæссы. Давæгæн дæр æмæ йæ сæрылхæцæгæн дæр…

– Мæнæн мæ пайда мæ армы ис. Искæмæ йæм не ’нхъæлмæ кæсын. Цæмæн бафхæрдтай сылгоймаджы? Баныхас кæн йемæ, бамбардзæн дæ… Зын рæстæг… Кусæг нæй, хæст нæ къæсæрмæ схæццæ. Сылгоймæгтæ хæрджытау кусынц, æхсæв, бон не ’взарынц. Цы удты фидар сын разынд! Цæмæй цæрынц, цæуыл лæууы сæ зæрдæ? Ууыл искуы асагъæс кодтай? Картофы тæскъ… Æртæ сывæллоны – даринаг. Йæ фырадæргæй рахаста уыцы тæскъ. Колхоз ницыма радта, йæ арынг афтид! Сæрдар ын хъуамæ бахæсса уыцы тæскъ, йæхæдæг ын хъуамæ стигъа уыцы картофы муртæ! Давд давд у, аххосджын та – аххосджын. Фæлæ ахæм адæймаг давгæ нæ фæкæны!

– Æз хъуыддаг прокурормæ радтон! – Хæдивæг, йемæ разы кæй нæу, уый бамбарын кодта.–Йæ фæндон уый дæр зæгъдзæн.

– Дарддæр! Дзур! – рафыхт Хазби. «Къодах, къуымых æмæ æнæхатыр лæг!» – фыццаг хатт æм нæ фæзынд ахæм хъуыды. Йе ’ккойы йын æй сæвæрдтой, æмæ исчердæм фæдæ, зæгъгæ, уæд йæ рохтæ суадзы, адæмы тас бауадзы.

«Дзур. Гъеуый дын лæджы ныхас, – Хæдивæг йæхинымæр раппæлыд хицауæй. – Гъе уым дæ æз дæр фæфæзмын, кæннод даргъ ныхæстыл схæц. Афтæ æмбæлы, мæ буц хицау, оперативон куысты – рæвдз, æнæуæлдай ми æмæ ракæ-бакæйæ», – йæ лыстæг цæстытæ нарст цæсгомыл сырддонцъиутау сцырын сты.

– Ис ма иу ног хабар!

Хæдивæг ацы ныхæстæ загъта куыдфæндыйæ, йæхинымæр та дзырдта: «Мæ къухы дæ, ныр та ма цы æрымысдзынæ? Гадзрахатæйцæуæгæн йæ фæд ссардтон. Æмæ чи у, уый куы зонис. Колхозы сæрдар. Ахæм лæг хуымæтæджы нæ ралыгъдаид хæсты быдырæй. Тæппуд нæу. Уымæ, æнæмæнг, исты фæндтæ уыдзæн. Немыц нын нæ дуæрттæ сæттынц. Æрджынарæг фосæргæвдæн фестад – сармадзанты богътæ æхсæв дæр не ’нцайынц. Æмæ ам æрбалæууыд. Хъуамæ цæхх æмæ кæрдзынимæ рацæуа сæ размæ. Йæ ныфс цæмæйдæрты æмæ, чи зоны, кæмæйдæрты хæссы. Фæлæ ронбæгъд лæгыл нæ фембæлд! – йæхицæй ныббуц Хæдивæг. – Стæй адæм къæрцхъус сты. Уыцы хæлиудзыхæй дæр искуы æцæг лæг рауайдзæн. Тæппуд у, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ йæ удæн куы тæрса, уæд æй уромæг нал бауромдзæн. Ахæм дæр схъæбатыр вæййы тыхст заман».

– Хабæрттæм дæ не ’вдæлы. Хадизæт дæумæ æнхъæлмæ кæсы, – комкоммæ йæм бакаст Хазби.

– Куыд кæсын, афтæмæй дæм мæнæй искæй устытæн сæрæйкувæг саразынвæнд ис, – былысчъилæй сдзырдта Хæдивæг.

«Ам цыдæр ис, æнхъæлдæн. Æндæр хъæлæсы уаг… Ахæм къæйных нæ вæййы. Хъарсы фидар ма басæтта!»

– Кæд де стырдæр знæгтæ сылгоймæгтæ сты, уæд, чи зоны, семæ сарæхсай.

Хицауы ныхæстæ йын йæ тъæнгтæ ацагътой, дзуапп раттын дæр йæ сæрмæ нал æрхаста, тагьд-тагъд рафæлдæхта гæххæттытæ, æмæ йыл «ныккалдта».

– Бæрзыхъæуккаг. Цины Агуындæ, æнæпартион, æртæ сывæллоны…

– Æгъгъæд. Агуындæйы мын амонын нæ хъæуы! Цы ракодта уый та?

– Бады. Æнхъæлмæ кæсы!

– Куыд бады? Цæмæ æнхъæлмæ кæсы?

– Куыд фæбадынц, афтæ. Æнхъæлмæ та кæсы, йæ хъысмæт ын кæд алыг кæндзыстæм, уымæ.

– Цы ’рцыд?

– Стыр фыдраконд. Фæлæ йыл нæ сæтты, алывыдтæ калы мæнæн дæр, йе ’взаг суагъта, йæ цæсгом бахордта. Дзуаппы бæсты къæйных ныхас, æртхъирæнтæ. Сæрра, сывæллоны дæр хъизæмарæй мары.

– Цавæр сывæллоны? – ницыма йын бамбæрста Хаз­би-. •

– Кæстæр лæппу йемæ ис. Фæрынчын, йæхæдæг та йæ гæндзæхтæ цæгъды. Дæу агуырдта, йæ зæрдæ дæуыл дары, – бахудт Хæдивæг.

– Уымæй нæ рæдийы, фæлæ ам цæмæн ис, æз дæ уымæй куы фæрсын?

– Йæ лæг дезертир у. Иунæг нæ уыдзæн. Агуындæ сын хæринаг хæссы, фæлæ кæм бадынц, уый нæ хъæр кæны.

– Хъырым – дезертир? Сæнттæ цæгъдыс, хорз лæг! – фестад Хазби.

– Факттæ, факттæ…– йæ хъуыры фæбадт Хæдивæг.

– Дзур!

– Йæ хъæуккæгтæ, дам, æй æхсæвыгон фенынц, ус, дам, хойрагимæ фæдæлзæхх вæййы – хъæдмæ æви комы сæрмæ, уый нæма сбæрæг.

– Уыдон факттæ сты? Стæй факттæ искæй сæр къалатийы фæтъыссынæн не сты, æнæууæнк кæуыл кæнай, уый фæаххосджын кæнынæн дæр сæ уырзæй февзарынц.

– Уый дæр сæ афтæ иуварс кæнинаг уыд, – хинхудтæй фæзылын сты Хæдивæджы былтæ.

– Хъуыддаг нæма равзæрстам. Ус та азымджын æппындæр нæу. Куыд бахъæцыд дæ цæсгом мад æмæ сывæллоныл гуыдыр сæвæрын?

– Хæстон рæстæг! Уый pox кæнинаг нæу. Чи зоны, закъонтæ æгæр карз сты…– къахæгау загъта Хæдивæг. – Фæлæ сæ æххæст кæнын хъæуы æнæмæнг. Немыц дард нал сты. Лыстæг хъуыддагыл уыйбæрц рæстæг цæмæн сафæм? Иу хæс æвæрд ныл ис: иу гадзрахатæйцæуæг дæр æнæфхæрдæй хъуамæ ма аирвæза.

– Мад æмæ сывæллон! Адæймаджы хъысмæт дæм мæлæты аслам нæ кæсы! Ахæм зондыл хæст дæ, уый нæ зыдтон! – фæлварæгау æм ныккаст Хазби.

Уый йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта. Йæхинымæры загъта: «Хицауимæ кас не сфыцдзынæн. Ныхас рауад, æмæ хъуамæ састы бынаты уый баззайа. Уый ныхæстыл схæцыд, мæнмæ та факттæ ис. Бавзарæд…»

– Семæ баст у, афтæмæй мын зæды къалиу фестад.

– Æвæццæгæн, æмбары йæ рæстдзинад, хахуыр ныхæстæй нæ тæрсы. Мад у. Уый æмбарыс? Мад… Дæ мадыл искуы фенæууæнк дæ? Никуы. Æмæ дæм уæд Агуындæ æвзæргæнæгæй цæмæн зыны?

– Факттæ! Æнкъарæнтæ-йедтæ ныртæккæ ницы марынц. Зæрдæ алырдæм дæр зоны. Уавæртæ, цард куыд амоной, афтæ.

– Æрмæстдæр рæстырдæм. Ныхас рæстудыл куы цæуа, уæд.

– Сæнттæ сты уыдон, – æргомæй бахудт Хæдивæг.

– Дзержинский-иу æнæ хæцæнгарзæй куы рацыд знаджы ныхмæ. Сæнттæ? Æви æндæр истæмæй уыд ныфсджын? Рæстдзинад зыдта, æууæнкæй уыд хотыхджын, зæрдæйæ, æппынфæстаг, партион зæрдæйæ.

– Æндæр рæстæджы царди уый. Тыхджын уыд тас… мæлæтæй. Max лыстæгдæр кæсæм алцæмæ дæр. Уый æнхъæл та чи уыд, æмæ Цины Хъырым знаг разындзæн?

– Уый æнхъæл ничи у!

– Ома?

– Радгæсæн зæгъ, Агуындæйы мæ бидаркæйы йæ хæдзарыл сæмбæлын кæнæд! – дæрзæгхъæлæсæй сдзырдта Хазби. – Ацы хатт хатыр курын мæнæн æмбæлы, фæлæ мæ цæсгом нæ хъæцы мæхи равдисынмæ. Уый иу. Иннæмæй та абонæй фæстæмæ æнæ мæн иу къахдзæф дæр нал! Ныууадз дæ джигултæ, дæ æртхъирæнтæ! Адæмы ма сæргой кæн, – гæххæттыл цæхгæрмæ æрхаста ставд сырх кърандас.

– Мæнæн мæ хæс у уæлдæр хицауадæн хабар фехъусын кæнын. Æнæхъæн къуыри мæ гæндзæхтæ дзæгъæлы фæцагътон? Кæд мæныл æууæнк нæй, уæд… Фæлæ мæм æндæр хъуыды ис…

Хазби йæ сæр разыйæ тылдта – раст дæ, афтæ у – йæхæдæг цыдæртæ фыста.

– Æмæ уæд уыцы лæг та? – Хæдивæгмæ цæуынвæнд нæма уыд.

– Ноджыдæр ма?..– скаст æм Хазби.

– Хъахырманæй зæгъын, – мæ маст уæд та уымæй райсон, цыма афтæ зæгъинаг уыд, ахæм хуызæй сдзырдта  Хæдивæг.

– Гъе уый, чи зоны…– æбæрæг дзуапп радта Хазби, стæй бафарста:

– Æмæ дæ уый цы хъыгдары? Кæм ыл фембæлдтæ?

– Уый мын радзырдта хабæрттæ.

– Гъеныр дæ бамбæрстон. Дæ къухтæ дæ хæрынц. Дам-думтыл зилыс? Чифæнды цыфæнды дзурæд – уæлдай дын нæу? Адæймаджы ацъипп лас, уый фæстæ бæрæг уыдзæн, нæ? Æмæ дын кæд знаг дæ быны арт æндзары, уæд та?

– Уый æууæнкджын лæг у, – цæуылдæр фæгуырысхо Хæдивæг. – Хæсты фесгуыхт, инвалид…

– Йæ фыны, æви дæ фыны? – фыццаг хатт бахудт Хазби.

– Уый та куыд? Мæхи цæстæй йæ федтон.

– Йæ къах кæм фæсахъат, уый базонын мæ рагæй фæнды, фæлæ ницы. Фынддæс азы рацыд, уæдæй нырмæ, æмæ йæ нæма равзæрстон. Алцæмæн дæр ис райдайæн… Стæй кæрон дæр! – йæ хъуыдытæ балхынцъ кодта Хазби.

Хæдивæг æм хæлиудзыхæй каст. Цыма йæ сæр къæппæджы фæтъыста, афтæ æмбæрста йæхи – æрлæмæгъ, рустæ уæгъд уагъд, цæстыты – тас. «Уыцы сæтой мын мацы фыдбылыз саразæд. Хицау йæ койæ фендæрхуызон. Цыдæр бæллæх зоны, æвæццæгæн. Хъырымимæ баст ма уæд? Уæд… Уæд сæфын! Æппын ницы, фæлæ фронты скуыси уыдзынæн, ноджы азымджынтимæ… Уым та фервæзæн нæй…» Æнхъæлмæ каст, цыма тæрхоны лæгмæ хъуыста, афтæ: «Мæ мæлæт уыдзæн æви мæ амонд?..» Æмæ цыма нæ фæрæдыд.

– Дзырдхæссæг басгуыхт ныр та? – йæхинымæр дзурæгау бафарста Хазби.– Гъе ныр ын, æнхъæлдæн, йæ къæдзилыл фæхæст дæн.

– Бахатыр кæн, мæ къæдзилæй зæгъыс, – фестъæлфыд Хæдивæг.

–  Кæд ды дæр къæдзил дарыс, уæд æй хъахъхъæн! Фæлæ мæ бардзырд цæуылнæ æххæст кæныс? Стæй дæ куы равдæла, уæд ма дæ хабæрттæ бæлвырддæр радзур. Ном, мыггаг, партион…– радта йæм сыгъдæг сыф.

Хæдивæг цикъæйау афæлурс, æнæбары райста гæххæтт: «Мæ мæлæт…» – æмæ уæззау къахдзæфтæй феддæдуар.

«Афонмæ æндæр гæххæтт фыссы, – фæлладæй бадт Хазби. – Наркоматмæ. Йæ бар йæхи. Æз цæттæ дæн. Фынддæс азы фæцæттæ кодтон мæхи. Растдæр зæгъгæйæ та мæ адæм æфтыдтой зондыл. Чи зоны, куыд рауадаид мæ цард. Me ’мгæрттæ ахуыр кæнынмæ ныххæррæтт ластой Мæскуымæ, Бакумæ, Ростовмæ… Инженертæ, дохтыртæ, ахуыргæндтæ… Æз та мæ цард мæ фыдæлты зæххыл арвыстон. Æхсæвæй, бонæй… Кæм – фæдис, кæм – давд, чызгыскъæфт… Загъд-замана! Азтæ, азтæ… Ростовы нæ ацардтæн, наутæ нæ арæзтон, хæзнатæ нæ агуырдтон… Цардтæн, æгъдау æмæ фæткыл дзырдтон.

Дыккаг хатт дæр ацæуин уыцы фæндагыл, ногæй та йын бавзарин йæ æнæхуыссæг æхсæвтæ, йæ тæссаг фæзилæнтæ, ныккалин та мæ туг, фæлæ æвзæргæнæг нæ аирвæзид, бирæты зæрдæхудты та бацæуин, уæддæр раст æмæ зылыны ссарин… Кæд æнкъарæнтæ, зæрдæйы сусæг цæлхъытæ сты уыдон?

Æрмæст факттæ, стæй ма гуырысхотæ? Нæ, бахатыр кæнæд, чифæнды дæр уæд. Хъырым, дам… Нæ, нæ… Йæ фæсонтыл цъæхснаг уис тугвæд кæмæн ныууагъта, уый немыцы зæвæттæ не сдæрдзæн! Къухылхæцæг уыдтæн Агуындæйæн. Сызгъæрин рæстæг… Зард, кафт, нуазæнтæ… Ахæм амондджын дыууæ уды нæма райгуырд, æвæццæгæн. Æмæ дын… Хъырым-иу дзæгъæлы нæ дзырдта. Агуындæйы скъæфт, фосы давд… Нæ цыд йæ зæрдæмæ йæ сыхаг. Йæ митæ, йæ цард бирæты æфтыдтой дисы. Фæлæ алчидæр йæхирдыгонау симы. Хахуыр… Кæд исчи æнхъæлмæ кæсы немыцмæ, уæд, æвæццæгæн, Хъахыр­ман. Райгас, ногæй райгуырд, йæ чыргъæдтæ ныууа­гъта. Уæвгæ йын цагъды куы фесты! Агуындæ… Уымæн уæвæн нæй! Æмæ уæдæ цы хъуамæ уа? Маст æви уарзондзинад? Маст, марг…»

Дзæнгæрæг ныццагъта. Фæиртæст йæ хъуыдытæй.

Стыхст, ныффæллад, афтæмæй бады. Уатмæ чидæр æрбахызт, æмæ йæхиуыл схæцыд.

– Хъусын дæм! – дисгæнгæ бакаст хæрзæрыгон чызгмæ. Уый фефсæрмы, куыддæр къулбæрзæйæ стъолмæ æввахс слæууыд æмæ лыстæг хъæлæсæй сдзырдта:

– Мæнæ военкоматæй гæххæтт æрбахастон.

– Бузныг, дæ цæрæнбон бирæ. Кæй чызг дæ?

Чызг фæсырх, æнæдзургæйæ алæууыд, æмæ йæм Хазби куы бахудт, уæд фæныфсджындæр: «нæхи чызг», зæгъгæ, сдзырдта æмæ лидзынмæ фæци.

– Зæрватыкк! – бахудт та Хазби, йæ зæрдæйы цавæрдæр æхсызгондзинад стæлфыд, фæлæ йæ хъуыдытæм аздæхт æмæ уайтагъд ферох сты чызг дæр æмæ гæххæтт дæр.

Дуармæ фæзынд йæ Хæдивæг. Æвæццæгæн, йе ’муд нæма æрцыд сæ ныхасы фæстæ – æгæр хъæрæй райдыдта дзурын:

– Агуындæйы дæ фенын фæнды.

Фыццаг хатт срыст Хазбийы зæрдæ. Йæ къух систа: чысыл фæлæууæд, æнæвдæлон дæн. Йæхинымæр ска­тай: куыд ын бамбарын кæнон рæстдзинад? Куыд байсыса йæ маст?

Хæдивæг æнхъæлмæ каст – æмбæрста хицауы уавæр, стæй йæм йæ гæрзтæ æрæвæрыны зонд нæ уыд – уæлахиздзауы хуызæн лæууыд йæ уæлхъус.

Хазби систа гæххæтт. Бакаст æй æмæ йын ницы бамбæрста. Ноджыдæр ма йæ бакаст: «Цины… Хъы­рым… лæгау лæджы мард фæкодта… хæсты быдыры… æвдæм августы. Æрвитæм ын йæ хæрзиуджытæ бинонтæн зæрдыл дарынæн…»

Фестад. Хæдивæг фестъæлфыд, цыма йын йæ сæры фахсыл ехс атымбылтæ – хицауы цæстæнгасы уыйбæрц маст æмæ æнæуынондзинад уыд. Хазби йын æнæдзургæйæ гæххæтт йæ фындзы бынмæ бахаста. Лæг афæлурс, гæххæтты гæбазыл нындæгъдысты йæ лыстæг цæстытæ: «Æвдæм августы…»

Уыцы бон æрцахста Агуындæйы.

Уыцы бон фæмард Хъырым.

1966 аз.