ХЕЦÆН ФАРСМÆ БАЗИЛДÆНЦÆ
10.12.2022 | 13:56
Куд зонæн, уотемæй зундгонд скульптор Едзити Сослæнбеги куститæй Алагири Здий-цинки комбинати музейи тургъи хецæн фарс исаййев кодтонцæ. Алагири аци фарс 1926 анзи Едзити Сослæнбег исаразта е ’мбал Хосати Хъамболатæн.
Дорин барельефтæбæл бæрæг æнцæ Хъамболат, æ бийнойнаг æма се ’ртæ сувæллони. Уонæй идарддæр – Лæгти дзиуарæ æма сугъдæг изæдтæ. Æрдзон фæззиндтити туххæй фарс ихæлун райдæдта. Фал аразгути къохи бафтудæй æ багъæуай кæнун æма ’й банивæбæлдæр кæнун. Сæйрагдæр ба – культурон бунтæ багъæуай кæнун.
Едзий-фурти куститæ ’нцæ æргом, феййевдзигæнæн син нæййес. Авторæн æ алли куст дæр æй нæ адæми хæзна. Нæ еумæйаг ихæс æй уони багъæуай кæнун.