07 декабря 2024

ХЪИАМÆТГУНÆЙ Æ СÆДÆ АНЗЕЙ СÆРТИ РАКАСТÆЙ…

07.03.2024 | 21:33

Адæймаг, дан, куддæр райгуруй, тæккæ еци усми æ ирисхъæ дæр æ тæрнихбæл финст æрцæуй.

Нæ хуæнхбæсти сувæллони исæнтæст алкæддæр устур цаубæл нимад уидæ. Биццеу фæззиндтайдæ  – æма хæдзари фарнæ исонибони идарддæрхæссæг, фиди усхъити уæззау уаргъ рæуæгдæргæнæг, цомагæнæг. Кизгæ исæнтæстайдæ –  æма е ба хæдзари силгоймæгти фарнæн игурдбæл нимад цудæй. Мадæн кизгæ æ къох рæуæгдæргæнæг уидæ алкæддæр, ку багъомбæл уидæ, уæдта бустæгидæр æхемæ райсидæ æ ниййерæги куститæн сæ зингæ хай.

Хумæтæги нæ байзадæй æмбесондæн нæ курухон хестæртæй уæхæн загъд: «Ниййергутæн кизгæ ци фæууа хуарзæй, уой син фурт нæ фæууодзæнæй…»

Фæрæскъæтти гъæу уæхæн алæмæттаг рауæн æвæрд æй æма æ алливарс æрдзæмæ адæймаги цæстæ кæсунæй æфсæдгæ дæр нæ кæнуй. Уорс хонхи бæрзæндтæмæ фæсарæфтæ хор æхе ку бахатуй, уæд сугъзæрийнæ тунтæй агайнæгтæ рохс тæмæнтæ искалунцæ. Æ буни Тоборæхътæ, игуæрдæнтæ, Фæсуйтæ æма Хъалай тегъæ, æ фæйнæ фарсеми дууæ адаги. Сæ еуеми æхсæрдзæнтæй Къумæлдон догъуад  кæнуй Айгомугидонмæ, иннердиги –  фæтæн рæгътæ æма фонсхезæнтæ.

Гъе уæхæн æрдзон авдæни гъæбеси сæдæ анзей размæ Колити фæрнуг хæдзари Сандир æма Гæуисонæн райгурдæй Верæ (фурбоцæй æй Баренкæ худтонцæ).

Абони дæр ма Тъæпæн Дигори ахид æримисунцæ Колити Сандири. Æ хъаурæн тухæгæнæг тухæ нæ ирдта. Уорс хонхи дæлвæзти хуасæ ку кæрдидæ, уæд уес урдугмæ куд æрхæссидæ, хæрдмæ дæр æй кæрзхæрди уотæ хаста. Ревæдæй кæрцгоми хæрдмæ иссæун æ сæрмæ нæ хаста, уойбæрцæбæл тухæ имæ адтæй. Абони дæр ма, ести баргæй, уотæ ракæнунцæ: «Раст Колити Сандири цонги хъаболи æстæвдæн, кенæ уоййасæ армитъæпæнтæ», – зæгъгæ.

Хуæнхаг лæгæн æнæ косгæй дæр ци хуасæ адтæй. Авд зæнæги хæссун гъудæй еци æвадуат рауæн. Сæрдæй-зумæгæй, алли афони дæр хонхи цæргутæн сæ кусти туххъиамæт сæ фæсте зилдæй.

Æма кæд бустæги зæрди фæндон цард нæ кодтонцæ, уæддæр сæхе æнамонд ба нæ худтонцæ. Сæ зæнæги уиндæ сæбæл базуртæ сагъта æма еци цæрæццагæй цудæнцæ сæ исонибонмæ.

Верæн скъоламæ цæуни афонæ ку æрхъæрттæй, уæд еци сабий-сувæллонæй, хорбон уа æви мети хъæпæнтæ нæдтæ ку æрæхгæниуонцæ, уæддæр Мæхчески авданзон скъоламæ æнæцæугæ нæ уидæ. Æ уафсин дзабуртæ еу æма дууæ хатти нæ ниссæлиуонцæ æ фудхуз къæхтæбæл, æ цъоппин цъиндатæ еугур дзæлвæй исхæссидæ æ фиди къæсмæ. Уотемæй Верæ авданзон скъола каст фæцæй хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ.

Кæд цийфæнди зин адтæй, уæддæр æй астæуккаг ахурадæ райсун гъудæй. Еци рæстæги ба æнæгъæнæ Дигоргоми астæуккаг скъола адтæй айдагъдæр Фæснæли.

Адæм сæ цардиуаги хабæрттæ бæргæ кодтонцæ, нæ исонибон кæдимайди ба зæрдæмæдзæугæдæр рауайидæ, зæгъгæ, сæхецæн нифситæ æвæргæй. Æма, æвæдзи, уотæ дæр адтайдæ, фал уæдмæ ба еугур будуртæ нæ, фал, æности дæргъити æнцад фунæйæй ка фæххустæй, еци æгомуг къæдзæхти тегътæ дæр ма æмазæлд никкодтонцæ адæми æваст фæдесгъæрæй. Райдæдта Устур Фидибæстон тугъд. Дигоргомæй ци сæдæгай лæгтæ рараст æй сæ Райгурæн бæстæ фудæзнагæй багъæуай кæнунмæ, уонæн сæ фиццæгти хæццæ адтæй Вери хестæр æнсувæр Шамиль дæр. Æдеугурæй мæйæ рацудæй, тугъдмæ ку ранæхæстæр æй, уотемæй æ бийнонтæмæ æ фæммарди хабар исигъустæй.

Верæ ма кæд æригондæр адтæй, уæддæр е ’дзард æнсувæри уæззау хабар ба сау гъæдгинæй байзадæй æ зæрди къуми арф æвæрдæй.

Фал куд фæззæгъунцæ: «Ка рамæла, мæгур е æй, ка цæра, е ба ести фæрæзнитæ кæндзæнæй æхецæн…»

Фæстугъд дæр адæми уавæр хуæздæр нæ фæцæй, кæд немуцаг-фашистон æрбалæборгутæ дæрæнгонд æрцудæнцæ æма Уæлахез æрхастонцæ нæ тугъдонтæ, уæддæр.

Хуæрзефстаг нæлгоймæгтæ ма исæздахтæй фæстæмæ тугъди будуртæй, беретæн си, гъулæггагæн, сæ зинг æностæмæ бахустæй уоми.

Уæдта ка исæздахтæй, етæ дæр сахъат: кæбæл си еу цонг нæбал, кæбæл къах, кæмæн ба си æ цæстæ исхаудтæй…

Верæн фадуат нæбал фæцæй æ ахур райдарддæр кæнун æма ести дæсниадæ райсун. Косæг къохтæ нæ фагæ кодтонцæ колхози. Паддзахадон ихæслæвæрдтæ ба æнæмæнгæ æнхæст кæнун гъудæй æма Вери хузæнттæ рагуалдзæги Силтанухъи будуртæмæ рандæуиуонцæ æма айдагъдæр æрæгвæззæг тиллæгæфснайæнти фæсте ба сæхемæ исæздæхиуонцæ.

Æз мæхецæн ахид фæддес кæнун: цума Вери кари фæсевæд царди хуарзæй уанæбæрæг ци фæууидтонцæ. Еу саугуст сæ инней фæдбæл æййафгæ цудæй. Рагсарæй ба изæрдалингтæмæ галтæбæл хумæ кæнæ, уой фæсте ба похци, уæдта муггаг къохæй итауæ уоййасæ итигъд будурти. Еци куститæ ку фæууиуонцæ, уæдта бабæй иннæ куститæ. Зæрди фæндон нæдæр уолæфгæ некæд бакодтонцæ, фæскуст фæлладæй ци гъастизæртæ райаразиуонцæ, уомæй уæлдай.

Хæдзари дæр мадæн агъаз кæнун гъудæй, уал косæг æнсувæрей гъуд кæнун гъудæй. Æма ци куст ба нæ кодта, цæмæ ба нæ арæхстæй Верæ. Хуасдзау лæгти æмрæнгъæ карста хуасæ, æнтудта, тунæ дæр ма уафта сауæнгæ. Æ мадæн тæрегъæд кæнгæй, хæдзари кустити фулдæр хай иста æхемæ æма ин æнтæсгæ дæр кодта. Еци доги æмпъузтитæ хæдæнттæ æма хæлæфти рацæун ходуйнагбæл нимад нæ адтæй. Фал уæддæр уæледарæс ба гъудгонд адтайдæ. Æма Верæ еци кустмæ дæр арæхстæй. Уой бийнонтæй лæг гъæунгæмæ æнцъулдтæ дарæси некæд рахизтæй.

Колхози разамунд сæрæн кизги хъазауатон куст æнæрæстæфгæ кæми нæ фæцайуонцæ æма ’й исæвардтонцæ звеной разамонæгæй. Еци звено æ рæстæги айдагъ райони нæ, фал æнæгъæнæ Иристони хæдзарæдти ’хсæн дæр нимад адтæй раззагдæртæй еуебæл.

Хæрæгбæл уæргътæ исæвæрун, сог æрбаласун, галтæ райефтиндзунмæ Верæн æ раз неке байахæстайдæ. Цидæриддæр гъуддаг ин байхæс кæнæ æма æнæмæтæ уо, – тæккæ хуæздæр хузи æнхæстгонд уодзæнæй. Гъе уæхæн сæрæн игурд кизгæ адтæй нæхе Верæ.

Еске бангъæлдзæнæй, мæнæ æхеуон æй æма ’й æстауй, зæгъгæ. Фал æцæгдзийнадæ ци ’й, уой ба алкæддæр адæми рæнгъæмæ хæссун гъæуй. Кæстæртæ гъæуама хестæрти фæлтæрддзийнадæбæл ахур кæнонцæ. Мадта куд?! Уотæ ку нæ уа, уæд нæ кæстæртæн развæндаг амонæг ка æма ци уодзæнæй, æма сæ рæствæндаггæнæг ку нæ уа, уæд нæ исонибон исæфтмæ нæ цæуй?

Абони дæр ма Верæ фæффæдзæхсуй кæстæртæн: «Кæрæдзебæл хуæцунæй хуæздæр неци ес, – уотемæй цийфæнди цифуддæр знаги дæр цурддæр ниппурхæ кæндзæнæ!..»

Колити Верæ æ рæстæги æ цард байеу кодта Икъати Владимири хæццæ. Цубур рæстæги фæсте ба сæ цæрæнбунат исæййивтонцæ Дзæуæгигъæумæ. Ами дæр райдайæни сæ царди уавæртæ бустæги зæрдæмæдзæугæ нæ адтæнцæ. Владимир куста шоферæй, Верæ ба вагзали æфснайæгæй. Уотемæй, дууæ уоди кæрæдземæ усхъæ даргæй, райдæдтонцæ хæдзарæ аразун, ци æхцай мортæ сæмæ бамбурд уидæ, етæ еугурæйдæр харзгонд цудæнцæ арæзтадон æрмæгутæбæл. Æма бабæй ами дæр Вери рауон-циуондзийнадæ æхе равдиста. Верæ къохæй алцæмæдæр дæсни ке адтæй, еци ацъагъуæ ин исбæзтæй.

Кустæй евдæлон рæстæг худта салин дзабуртæ, кодта буйнаг ходтæ æма уони дæр рауæйæ кæнидæ, уотемæй уæлæнхасæн къапекк куста хæдзари пайдайæн. Гъе уотемæйти цæрунгъон хæдзарæ иссæнцæ. Исæнтæстæй син фурт Маирбег. Е дæр æ ниййергути хузæн цардбæллон æма сæрæнигурд разиндтæй. Университет хуарз бæрæггæнæнти хæццæ каст фæууогæй, куста аллихузон бæрнон бунæтти. Æ бийнойнаг Азиати Ритæ уæхæн хуæрзуод адæймаг разиндтæй æма Верæн æ берæ мæгурбæнттæ феронх кæнун кодта. Мæнæ цума æхе кизгæ адтæй, уой хузæн цæфст ибæл адтæй. Æ цонг зæронд силгоймаги дæлуагис рацæвидæ æма зианмæ дæр, цийнæмæ дæр сæ цуд еумæ уидæ. Еци идзулгæ, фæлмæнзæрдæй ма рагъазуй нæ цæститæбæл.

Цард, дан, дони тæбæгъау æй, цирдæмæ фæкъкъолæ уодзæнæй, уомæн балæдæрæн нæййес.

Гъенур  ба нæ царди радæ кæндзинан, зæгъгæ, æхецæн нифситæ æвæрун куд райдæдта, уотемæй Верæбæл фæд-фæди æрцудæй, исфæразæн дæр кæмæн нæййес, уæхæн устур дууæ фуди.

Æ киндзæ Ритæ æма æ еунæг бундар Маирбег еци æнæхайири коронавируси незæй æрбасæйгæ ’нцæ. Маирбег ма сæйгæдони адтæй, уотемæй æ зæрдтагон цардæмбал еци уæззау незæй е ’носон дуйнемæ банæхстæр æй. Фæстæдæр еци хабар Маирбегæн ку иской кодтонцæ, уæд дзæвгарæ рæстæгути дзурдгъон дæр нæбал адтæй. Бадтæй сæ еумæйаг уати æма æхемæ игъуста. Нецибал æй æндавта аци дуйнебæл. Цæйбæрцæдæр рæстæг, уæдта е дæр, инæфгæй, рандæ ’й æ цардæмбали фæсте.

Раст нæ ’нцæ, уотæ ка фæззæгъуй: «Арв еу рауæн дууæ хатти нæ цæвуй», – зæгъгæ, етæ. Æгæр дæр ма цæвуй, æгæр!.. Силгоймаги зæрдæ фæлмæн куд æй, фæразон дæр уотæ ’й. Æ байуантæ нæ никкалдæнцæ зинтæбæл фæлтæрд силгоймагæн, кæд æ нифси бундор еугур калд никкодта, уæддæр.

Уогæ еугур калд нæ никкодта Вери бундор. Вери амондæн ма Маирбегæн байзадæй кизгæ – Азау. Азауæн ес дууæ сувæллони – Верæмæ ма рохс кæмæй кæлуй, етæ.

Нуртæккæ етæ ’нцæ æ фæххуæцæн, æ царди нифс. Уони цæрайæй ма цæруй. Сæ нанабæл цийнæй марунцæ етæ дæр сæхе. Адæймаг ку æрзæронд уй, уæд æ хъаурæ дæр идуйгæ цæуй. Вери кæддæри кустадзагъд цæнгтæ фиццаги хузæн кустгъон нæбал æнцæ, æрлæмæгъ æнцæ, фал æй æ фурти кизгæ Азау тухсун нецæбæл уадзуй. Лæдæруй æ нанай уавæр, хатуй ин æ рист æма архайуй уой, куд  хуæздæр, уотæ барæвдаунбæл.

Икъати-Колити Верæбæл 8 Мартъий исæнхæст уодзæнæй сæдæ анзи. Æма ин уой фæдбæл зæрдиагæй арфæ кæнæн:  «Берæ æнзти ма дæ кæстæрти-кæстæрти хуарздзийнæдтæй зæрдирай куд уай, Хуцауи цæстæ дин уой бауарзæд! Махæн, муггагæн, ду дæ нæ устур нифс. Æма нин мæсугау федар лæууæ, Баренкæ!..»

 

КОЛИТИ Витали