ӔХСАРГИН АХУРГӔНӔГИ НОМ ЦӔРДЗӔНӔЙ ӔНОСТӔМӔ…
Беслӕни фиццаг астӕуккаг скъолай 2004 анзи сентябри тӕккӕ райдайӕни тогмондаг фудгӕнгутӕ ци фудбӕлах исаразтонцӕ, уоми бахауӕг сувӕллӕнтти фӕййервӕзун кӕнуни сӕрбӕлтау ӕ цард дӕр нӕ бавгъау кодта аци ахургӕнӕндони ахургӕнӕг Иван Каниди… Бӕгъатӕрӕй фӕммард ӕй… Ӕ рохс ном иронх нӕй нӕ дзиллӕй, уӕдӕй абони уӕнгӕ ӕ номерӕнӕн арӕзт цӕуй аллихузон мадзӕлттӕ. Еци фудбӕлахи хуӕдфӕсте Беслӕни ци нӕуӕг скъола-интернат исаразтонцӕ, уомӕн равардтонцӕ Иван Канидийи ном. Ӕрӕги ба ӕ бацӕуӕни ӕвӕрд ӕрцудӕй ӕхсаргин ахургӕнӕги бюст.
Уой фӕдбӕл арӕзт цитгин мадзалмӕ скъола-интернати тургъи ӕрӕмбурд ӕнцӕ берӕ дзиллӕ: нӕ республики разамунди номӕй Цӕгат Иристони Хецауади Сӕрдар Дзанайти Барис, скъоладзаутӕ сӕ ниййергутӕ ӕма ахургӕнгути хӕццӕ, «Беслӕни ниййергути» Комитет, бердзейнӕгти ӕхсӕнадӕ, ӕндӕр паддзахадон ӕма ӕхсӕнадон организацити минӕвӕрттӕ. Цитгин мадзали архайунмӕ Цӕгат Иристонмӕ сӕрмагондӕй иссудӕй Грекъаг Республики ӕнхӕстбаргин минӕвар Уӕрӕсей Федераций Екатеринӕ Нассика.
Мадзали райдайӕни номерӕн ӕмбурди Дзанайти Барис ӕ радзубандий загъта:
– Аци скъолай коллектив идарддӕр ӕнтӕстгинӕй ӕнхӕст кӕнуй, Иван Каниди ци хуарз гъуддӕгутӕ аразта, уони. Ӕма, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, абони ӕма исонибони ахурдзаутӕ сӕ зӕрдӕбӕл гъӕуама даронцӕ ӕма ма иронх кӕнонцӕ, Беслӕни теракти рӕстӕг уӕхӕн ӕгӕрон лӕгдзийнадӕ ка равдиста ӕма се скъола ке ном хӕссуй, еци ахургӕнӕги.
Хецауади Сӕрдар ӕ радзубандий райарфӕ кодта Греций минӕварӕн, Цӕгат Иристонмӕ, грекъӕгти ӕхсӕнадӕ «Прометей»-мӕ, ӕ сӕргъи Юрий Асланиди, уотемӕй, уӕдта аци скъола-интернатмӕ сӕ цӕстӕ уотӕ хъӕбӕр ке дарунцӕ, уой туххӕй.
Дзанай-фурт сӕрмагондӕй ма райарфӕ кодта амалгъон Владимир Кайшевӕн, бронзӕ бюст исӕвӕруни гъуддагбӕл ӕновудӕй ке байархайдта, уой туххӕй.
Екатеринӕ Нассика ӕ радзубандий райарфӕ кодта Дзанайти Барисӕн, национ политики фарстатӕмӕ, грекъӕгти минӕваради кустмӕ Цӕгат Иристони уӕхӕн устур ӕргом здӕхт ке цӕуй, уой туххӕй. Ӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, айдагъ Беслӕни нӕ, фал Грекъаг Республики, уӕдта еугур дуйнейи цӕрӕг бердзейнӕгтӕй дӕр иронх нӕй Ахургӕнӕг ӕма Гражданин Иван Канидий рохс ном, ӕма ин аллирауӕн дӕр кадӕ кӕнунцӕ.
Уой фӕсте Иван Канидий бюстбӕл иуазгутӕ исӕвардтонцӕ деденгутӕ, уӕдта ӕрзилдӕнцӕ скъолай бӕстихайбӕл. Иуазгути базонгӕ кодтонцӕ ӕ ахурдзаутӕ – ӕригон футболистти ӕнтӕстдзийнӕдти хӕццӕ. Республики футболи Академий гъомбӕлгӕнуйнӕгтӕн се ’ртиккаг хай аци скъолайӕй ке рацудӕнцӕ, айдагъ еци цау дӕр дзорӕг ӕй скъола-интернатӕн е ’нтӕстдзийнӕдтӕбӕл.
Иван Каниди 2004 анзи 1 сентябри ӕ ахурдзаути хӕццӕ адтӕй скъолай спортивон зали. Амӕнӕти бахауӕг цалдӕр сувӕллони, сӕ хӕццӕ Иван Канидий дӕр, террористтӕ цӕттӕ адтӕнцӕ рауадзунмӕ, фал ахургӕнӕг ӕхе ин рауадзонцӕ, зӕгъгӕ, уобӕл не ‘сарази ӕй. Ӕ цардбӕл нӕ гъуди кӕнгӕй, ӕртӕ боней дӕргъи агъаз кодта сувӕллӕнттӕн ӕма сӕ ниййергутӕн. 3 сентябри, рамодзӕнтӕ ку искустонцӕ, уӕд террористтӕй еуей хӕццӕ Иван Каниди тохи бацудӕй, ӕ хуӕцӕнгарз ин байста, фал террористӕн бантӕстӕй фиццаг фӕггӕрах кӕнун. Иван Канидибӕл цудӕй цуппар ӕма ӕртинсӕй анзи.
Еугонд Нацити Организаци ӕма Цӕгат Иристони Хецауади еумӕйаг проекти фӕлгӕти Беслӕни 2020 анзи арӕзт ӕрцудӕй спортивон скъола-интернат. Директорӕй си косуй бӕгъатӕр ахургӕнӕгӕн ӕ фурт – Константин Каниди. Абони скъолай ахур кӕнуй 325 сувӕллони. Ахур кӕнунӕн син ес еугур нуриккондӕр уавӕртӕ.
Нӕ уацхӕссӕг