21 декабря 2024

ӔХСАРГИН ТУГЪДОН

13.05.2021 | 14:05

МИЛДЗИХТИ Хаджимурзæ

Фӕстаг рӕстӕг дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнитӕй кӕцидӕртими рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕззиннунцӕ ӕрмӕгутӕ, кӕцитӕ цъифгалӕнтӕ кӕнунцӕ Цӕгат Иристони адӕми тугъдон кадӕ ӕма намусбӕл, сӕ фудкойтӕй цӕсти ӕфтаунцӕ нӕ бӕгъатӕр тугъдонти лӕгдзийнӕдти ӕцӕгдзийнадӕ. Еци къӕсибадӕг «финсгути» гадзирахатдзийнадӕ раргом кӕнуни туххӕй мах ба никки фулдӕр ӕма ӕргомдӕрӕй кӕндзинан, нӕ адӕм Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау берӕ агъазиау лӕгдзийнӕдтӕй куд фескъуӕлхтӕй, уой фӕдбӕл бундорон дзубанди.

Абони мухур кӕнӕн ӕрмӕг Советон Цӕдеси Бӕгъатӕр Милдзихти Хаджимурзи туххӕй – уой дӕр уомӕ гӕсгӕ, ӕма еуемӕй ӕримисуни аккаг ӕй, иннемӕй ба,  ӕдзӕстуарзонӕй нин нӕ адӕми кадӕ ӕма намуси фудкойтӕ ка кӕнуй, еци къӕсибадгутӕ уой бӕгъатӕрдзийнадӕ иссеккаг кӕнунбӕл архайунцӕ.

 

Иристойнӕгтӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном фиццагидӕр лӕвӕрд ӕрцудӕй тугъдон тӕхӕг Остати Алексейӕн. Еци кадгин ном райста финӕгти хӕццӕ тугъди ӕскъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй.

Дуккаг Бӕгъатӕр ба иссӕй Елхоттӕй рацӕуӕг артиллерист Карсанти Хъазбег. Е дӕр фескъуӕлхтӕй финӕгти хӕццӕ тугъди. Ӕртиккаг Бӕгъатӕри ном исаккаг кодтонцӕ Милдзихти Хаджимурзӕн, е дӕр елхоттаг. Еци цитгин ном Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕг Иристони Бӕгъатӕртӕй е райста фиццаг, тугъди райдайӕнӕй  ӕдеугурӕй аст мӕйи ку рацудӕй, уӕд. Уой уомӕ гӕсгӕ баханхӕ кодтан, ӕма тугъди фиццаг ӕнзти уӕхӕн кадгин ном ефстагмӕ лӕвардтонцӕ.

Аци анз Милдзихти Хаджимурзи райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй дууӕ ӕма фондзинсӕй анзи – райгурдӕй 1919 анзи 1 январи Елхотти гъӕуи.

Инсӕй анзи ибӕл ку исӕнхӕст ӕй, уӕд имӕ фӕдздзурдтонцӕ Сурх Ӕфсади рӕнгъитӕмӕ. Службӕ кодта Новгороди облӕсти 163-аг ӕхсӕг дивизий. Адтӕй фӕдагорӕг хайади командир. Устур Фидибӕстон тугъд ку райдӕдта, уӕд, зӕгъун ӕнгъезуй немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ тохи бацудӕй, тугъдон гъуддаги хуӕрзцӕттӕ адтӕй, уотемӕй. Ӕма знаги  нихмӕ тохи дӕр устур лӕгдзийнадӕ, ӕхсарӕ, арӕхстдзийнадӕ ӕма фӕразондзийнадӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ равдиста. Ӕртӕ хатти фӕццӕф ӕй, фал бабӕй цубур рӕстӕгмӕ нӕуӕгӕй ӕрлӕууидӕ ӕ тугъдон ӕмбӕлтти фарсмӕ ӕма дӕрӕн кодта гитлеронти. Латвий зӕнхӕбӕл тугъдтити ку архайдта, уӕд ӕ хеуӕнттӕмӕ ци цубур финстӕг исӕрвиста тугъди будурӕй, уоми финста: «Гъӕддаг куйти хузӕн ӕрбампурстонцӕ нӕ гъӕутӕмӕ ӕма сахартӕмӕ знӕгтӕ, ӕвуд адӕми маргӕй, содзгӕй ӕма стъегъгӕй. Некӕд ми феронх уодзӕнӕй нӕ сабур цӕрӕг адӕми гъезӕмӕрттӕ, куд си гириз кодтонцӕ знӕгтӕ, е. Ӕз си сӕ маст райсдзӕнӕн…» Ӕма ӕцӕгӕйдӕр ӕ дзурд ӕнхӕст кодта бӕгъатӕрӕй. Адтӕй уӕхӕн цау дӕр, ӕма е устуркалиброн зенитон пулеметӕй ӕргӕлста немуцаг хуӕдтӕхӕг, бомбитӕгӕлдзӕг Ю-88. Хаджимурзӕ берӕ хӕттити рандӕуидӕ фӕдагорӕг дӕр. Уӕхӕн зин уавӕрти бахауидӕ, ӕма ӕ цард ӕрдобӕл хуӕцидӕ. Фал бабӕй ӕ лӕгдзийнадӕ, ӕхсарӕ ӕма тугъдон арӕхстдзийнади фӕрци уодӕгасӕй райервӕзидӕ. Гитлеронти фӕскъилдунмӕ ӕ алли рацуд дӕр ӕй хецӕн ӕрмӕги аккаг. Фал си мах абони еуей хабар ракӕндзинан.

Цæгат Иристони фæллойнæгæнгутæ хъæбæр зæрдиагæй исæмбалдæнцæ сæ бæгъатæр æмзæнхон МИЛДЗИХТИ Хаджимурзæбæл

Еухатт, 1942 анзи зумӕги хестӕр сержант Милдзихи-фурт ӕма хестӕр лейтенант Ефимов, фӕдагорӕги ихӕс исӕнхӕст кӕнгӕй, фӕстӕмӕ ку ӕздахтӕнцӕ, уӕд хӕрхӕмбӕлд фӕцӕнцӕ, еу-ӕртиндӕс адӕймаги кӕми адтайдӕ, гитлеронти уӕхӕн къуарбӕл. Сӕ дууетӕн дӕр аци фембӕлд адтӕй ӕнӕнгъӕлти. Уӕхӕн «фембӕлди» ба фӕууӕлахез уодзӕнӕй ка фӕссӕрӕндӕр уа, ӕхе раздӕр ка ӕрлӕдӕра, е.

– Уӕ тохӕндзаумау ӕрӕвӕретӕ!..Ӕма хенди хох!.. – фӕгъгъӕр кодта хестӕр лейтенант.

Тарст ӕма ехӕнӕй ка мардӕй, еци фашисттӕ ӕнӕфӕстӕмӕ фӕккӕсгӕй исӕнхӕст кодтонцӕ бардзурд. Фал уалинмӕ кӕцӕйдӕр райгъустӕй автомати къӕр-къӕр. Фӕммард ӕй хестӕр лейтенант Ефимов. Фашисттӕ сӕ хуӕцӕнгӕрзтӕмӕ фӕллӕбурдтонцӕ. Хаджимурзӕ нӕ фӕттарстӕй. Исарӕхстӕй    ӕма гранат багӕлста гитлеронти ӕхсӕнмӕ, уӕдта сӕ автоматӕй ӕхсун райдӕдта ӕма сӕ бундзагъд никкодта. Гъе уотӕ советон фӕдагорӕг аци тугъдон цауӕй рацудӕй уӕлахездзауӕй.

Цӕгат-Нигулӕн фронти 34-аг ӕфсади 163-аг ӕхсӕг дивизий 177-аг хецӕн ӕсгарӕг роти хайади командир, фӕлтӕрдгун сгарӕг Милдзихти Хаджимурзӕ уӕлдай хъӕбӕрдӕр фескъуӕлхтӕй Новгороди облӕсти Демянски райони. Мӕнӕ ци финст ес уой туххӕй ӕхсаргин тугъдони паддзахадон хуӕрзеуӕг райсунмӕ бавдесуни сифи:

«Взводи командир лейтенант Чернови хӕццӕ еумӕ Милдзихи-фурт исӕнхӕст кодта тугъдон ихӕс. Фӕдагоргутӕ багъузтӕнцӕ гитлеронти фӕскъилдунмӕ ӕма исбӕрӕг кодтонцӕ знаги артиллери ӕма минӕхсӕнти бунӕттӕ, уомӕй уӕлдай ма сӕмӕ фӕстауӕрци ци адтӕй, уони дӕр. Нӕма ӕрсӕумӕ ’й, уотемӕй фӕстӕмӕ сӕ къахнадбӕл раздахтӕнцӕ. Ӕма уалинмӕ циргъзунд фӕдагорӕги цӕститӕ райахӕстонцӕ еу ӕнахур уавӕр: знаг кӕми «ӕрфусун» ӕй, уоми еу минкъий ӕрдози раздӕр еунӕг гъӕуайгӕнӕн пост уидӕ, нур ба си бамбурд ӕй дзӕвгарӕ автоматчиктӕ.

– Ӕнгъӕлдӕн ӕма нин немуцӕгтӕ фембӕлд ӕрцӕттӕ кодтонцӕ, – бахудтӕй Чернов.

– Базудтонцӕ, «иуазӕгуати» сӕмӕ ке ан, уой, – загъта Хаджимурзӕ. Алцӕмӕй дӕр бӕрӕг адтӕй, немуцӕгтӕ махон фӕдагоргути ӕрахӕссунмӕ ке гъавтонцӕ, е. Фӕрсӕрдигӕй еу-цуппарсӕдӕ метри изолдӕр, Милдзихи-фурт сосӕггай ӕрахӕста бунат. Лейтенанти автомати цалдӕр цубур къӕр-къӕри ӕма гитлеронтӕй кадӕртӕ мӕрдхуст ӕркодтонцӕ зӕнхӕбӕл. Уӕдмӕ гъӕдрӕбунӕй ракалдӕй гитлеронти агъазиау къуар. Байеудагъ ӕй тох – дууӕ советон тугъдони ӕма уойбӕрцӕ знӕгти ӕхсӕн. Уӕд дин лейтенанти автоматбӕл знаги нӕмуг ку исӕмбӕлидӕ, ниппурхӕ ‘й.

– Федар лӕууӕ, Хаджи, ӕз дин ӕнӕ тохӕндзаумауӕй неци агъаз дӕн, уой бӕсти агъаз ӕрбакӕнон… – загъта лейтенант.

Хестӕр сержант Милдзихи-фурт еунӕгӕй сахатти ӕрдӕгӕй фулдӕр знаги ӕнӕгъӕнӕ роти размӕмпурст бауорӕдта, 250 фашистемӕй фулдӕрей ӕмпурст. Е ’ндиуд архайди фӕрци сӕ искунӕг кодта.

Мӕлӕтӕй ӕй фӕййервӕзун кодта агъазмӕ фӕззинӕг къуар. Хаджимурзӕ фӕццӕф ӕй. Маскхалат, цубур кӕрцӕ, вещмешок – еугурӕйдӕр адтӕнцӕ цъӕсгитӕ знаги нӕмгутӕй».

Еци ӕскъуӕлхтдзийнади фӕдбӕл ӕ командиртӕ ци гӕгъӕдитӕ бацӕттӕ кодтонцӕ, уоми финст адтӕй: «Перед огневой позицией отважного воина насчитали 108 трупов гитлеровских автоматчиков…» Кӕронӕй ба: «За исключительное мужество и героизм в боях против немецкого фашизма достоин присвоения звания Героя Советского Союза».

ССР Цӕдеси Сӕйраг Совет сӕрмагонд Указӕй хестӕр сержант Милдзихти Хаджимурзӕн 1942 анзи 16 мартъий исаккаг кодта Советон Цӕдеси Бӕгъатӕри ном, лӕвӕрд ин ӕрцудӕй Ленини орден ӕма  Сурх Стъалуй майдан.

Уӕд, 1942 анзи 3 апърели берӕ газетти фӕззиндтӕй хузӕ: дивизион комиссар, Цӕгат-Нигулӕн фронти тугъдон совети иуонг А.М. Пронин намусгин ирон бӕгъатӕр, 23-анздзуд Милдзихти Хаджимурзӕн дӕттуй Ленини орден ӕма майдан Сугъзӕрийнӕ Стъалу.

Хаджимурзи ӕскъуӕлхтдзийнӕдти кой райгъустӕй ӕнӕгъӕнӕ дуйнебӕл дӕр. Англисаг къарол Георг VI еумӕйаг знаги нихмӕ тохи устур ӕскъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй хестӕр сержант Милдзихти Заурбеги фурт Хаджимурзӕн исаккаг кодта ӕ бӕсти бӕрзонд хуӕрзеуӕг – орден «За храбрость на поле боя». Уӕхӕн орден еци рӕстӕгмӕ лӕвӕрд ӕрцудӕй ӕртӕ советон тугъдонемӕн, еугур дуйней ба – авд адӕймагемӕн. Ленини орден, Фидибӕсти тугъди I къӕпхӕни орден, ӕхсӕрдӕс майдани ӕма ма ӕндӕр хуӕрзеугутӕ дӕр цӕхӕртӕ калдтонцӕ Хаджимурзи фӕтӕн реубӕл.

Уӕлахези бонбӕл Бӕгъатӕр исӕмбалдӕй Дзӕуӕгигъӕуи, уоми куста сӕрмагонд училищей директори хуӕдӕййевӕгӕй. Сурх Ӕфсадӕй 1944 анзи уӕгъдӕгонд ӕрцудӕй уӕззау цӕфи фӕсте.

1998 анзи 24 майи Советон Цӕдеси Бӕгъатӕр Милдзихти Хаджимурзи зӕрдӕ банцадӕй ӕ кустӕй. Цитгинӕй ӕй байвардтонцӕ  Дзӕуӕгигъӕуи Намуси аллейи. Милдзихти Заурбеги фурт Хаджимурзӕ, Иристони ӕхсаргин фурти, Фидибӕсти бӕгъатӕр ӕма лӕгигъӕдгун гъӕуайгӕнӕги рохс ном муггагмӕ цӕрдзӕнӕй, ка ’й зудта, уони гъудити ӕма зӕрдити. Байзайдзӕнӕй федардзийнади ӕма Райгурӕн бӕстӕбӕл еузӕрдиуондзийнади дӕнцӕнӕн».

 

ДЗОПОЙТИ Юрий