06 декабря 2024

«ХУӔРЗБОН УИН НӔ ЗӔГЪУН…»

28.08.2021 | 17:56

Цӕгат Иристони адӕмон финсӕг, нӕ республики аййевӕдти ӕскъуӕлхт архайӕг, Цӕгат Иристони Хетӕгкати Къостай номбӕл Паддзахадон премий лауреат Цӕгӕрати Николайи фурт Максими райгурдбӕл 27 августи исӕнхӕст ӕй фондз ӕма фондзинсӕй анзи (1916-1990). Ӕма ин абони ӕ рохс ном имисӕн. Мӕнӕ фиццаг фарсбӕл ин кӕсетӕ ӕ новеллӕ «Хуӕрзбон уин нӕ зӕгъун…», иннӕ ӕрмӕгутӕ ба мухургонд ӕнцӕ 4-7 фӕрстӕбӕл.


Ӕнзтӕ… Ӕрӕги дӕр ма мӕмӕ уотӕ кастӕй, цума уин кӕрон некӕд уодзӕнӕй. Ӕма цудтӕн, мӕ зӕрдӕ мӕ хаста еу уодӕй иннӕ уодмӕ, еу рагъӕй иннӕ рагъмӕ, еу ӕфцӕгӕй иннӕ ӕфцӕгмӕ. Кӕми деденгун игуӕрдӕнти, кӕми мети хъӕпӕнти, кӕми ӕхсӕви мӕйдари, кӕми боницъӕхти, хори тунти, карз уарунти. Мӕ сӕнттӕ, мӕ бӕллецтӕ мӕ еу рауӕн ӕрбадун нӕ уагътонцӕ. Цӕмӕдесӕй кастӕн алцӕмӕ дӕр. Цал ӕма цал хатти мӕ расайдтонцӕ сӕ фӕдбӕл еци мегъгун сӕумитӕ, еци зарагӕ ӕхсӕрдзӕнтӕ. Тӕлми буни римӕхст бӕрзӕндтӕ. Цума бонӕй-бонмӕ нӕуӕгдӕр кӕнун, цума еу хорискастӕй иннӕ хорискастмӕ бӕстӕ нӕуӕгӕй-нӕуӕгдӕр кӕнуй.

Гъо, уотӕ мӕмӕ кастӕй алли хатт дӕр! Фал… Уогӕ, уотӕ ӕмбалдӕй. Ӕ исонибонбӕл ка не ‘ууӕндуй, е исонибонмӕ нӕ бахъӕртуй. Айдагъдӕр ӕнзтӕ, рӕстӕг… сӕ куст бакодтонцӕ – бонӕй-бонмӕ федардӕр бӕттунцӕ къабӕзтӕ, уӕззауӕй-уӕззаудӕр ӕнцайунцӕ зӕрдӕбӕл…

Еугӕр адӕймаг балци цӕунмӕ зийнадӕ кӕнун райдӕдта, бийнонтӕй ӕй ӕ къах нӕбал хӕссуй, уӕд е ӕнӕбазур маргъӕй уӕлдай ци ‘й?

Ӕгӕр раги ратахтайтӕ, ӕгӕр раги мӕбӕл исистайтӕ уӕ къох, мӕ цъӕхцӕстӕ сӕумитӕ, ме ‘стъалугун ӕхсӕвтӕ. Бӕргӕ ма уӕмӕ бӕллун, бӕргӕ ма уӕмӕ тӕходуй кӕнун, фал фӕстӕмӕ дӕр нӕбал кӕсетӕ, ӕндӕртӕй уӕ нӕбал евдӕлуй мӕнмӕ. Ци  ма уин мӕ бон ӕй? Зонун ӕй, нӕбал мӕмӕ раздӕхдзинайтӕ, нӕбал мӕ раскъӕфдзинайтӕ уӕ рӕуӕг базуртӕбӕл, уӕ тӕлфгӕ сӕнттӕбӕл.

Нецӕмӕй уи гъаст кӕнун. Нецӕмӕй ми рагъаст кӕндзинайтӕ сумах дӕр. Некӕд уӕбӕл байаурстон. Некӕд мӕбӕл байаурстайтӕ сумах дӕр. Мӕ бон  уӕбӕл цӕйбӕрцӕ цудӕй, уой бӕрцӕ уи мӕ мондӕгтӕ исуагътон. Айдагъдӕр уи ӕфсӕдгӕ некӕд бакодтон. Уогӕ уи ка кӕд бафсастӕй? Цума зӕнхӕбӕл ка цӕруй, уонӕй еске цардӕй фагӕ ‘й, зӕгъгӕ,  загъта? Ӕригон ка некӕд адтӕй, айдагъдӕр уӕхӕн! Ӕма уони цард ба гъӕугӕ дӕр неке кӕнуй.

Тӕхетӕ, уайетӕ ӕнзтӕ, рӕстӕг! Кӕми зуймон  уазалти хузӕн тузмӕгӕй, кӕми ба хорискасти хузӕн ходгӕй. Ӕнӕ цийнӕ, ӕнӕ гъигӕ маке ниууадзетӕ. Хуӕрзбон уин нӕ зӕгъун: – фӕндараст!..