19 сентября 2024

ХУÆРЗБОН

31.08.2024 | 21:25

Æрбакодтон æд бæрцитæ мæ цохъа,

Æрбабастон мæ астæубæл мæ хъæма.

Æрбагæлстон мæ сау нимæт мæхебæл.

Тохмæ цæугæй, зинаргъ æмбал, ци ’й дзебæл!

 

Æрлæудтæн æз тохи надбæл хъæбæр тагъд.

Æр-ма кæнæ дæ фæндурæй ду еу цагъд!

Зонун, кизгай, мæ фæндаг æй зин, изол.

Хъаурæгин æй гйаур фашист, нæ фудгол.

 

Мах царди рохс барæмодзун – æ нисан,

Фал базонæд, Люксембург  ин ку нæ ан.

Мах Цæдесæн басæттæнтæ некæд ес.

Æнæмæнгæ мах уодзæнæй уæлахез!

 

Соми кæнун дзилли номæй, мæ мадæй,

Не ’гъосдзæнæ мæ хабæрттæ æгадæй.

Уæззау тохи нæ уодзæнæн æз фæстаг.

Хъаурæ, нифсæй мæ реугудур æй идзаг.

 

Ци æнкъард дæ, ци фæлорс æй дæ цæсгон?

Мæ хори хай, дæ мæтъæл мин нæ ’й æнцон.

Радтæ ма мин ходæзмолтæй дæ ракаст.

Ма мин тæрсæ, уодзæнæн æз фæндараст.

 

Финсæ арæх, æнгъæл дæмæ кæсдзæнæн.

Кæдмæ цæрон, гъе уæдмæ дæ уарздзæнæн.

Ку уон ескæд уæззау цæфæй æгудзæг, –

Дæу имисгæй исуодзæнæн игъæлдзæг.

 

Ку ’рбалæууа мæ уæлсæргъæ мæ адзал,

Ку багъара мæ бауæрмæ æ уазал,

Уæддæр, зонæ, имисдзæнæн æз дæу ном,

О, мæ цийнæ, рæсугъд кизгай, мæ уарзон.

 

Хуæрзбон уотæ, мæ гъæубæстæ, мæ адæм.

Не ’рхæсдзæнæн фуддзийнадæ уæ кадæн.

Гъæйдæ, кизгай, мæ царди рохс, хуæрзбон.

Дзоруй мæмæ тохи фæндаг, тагъд цæуон!

 

Амилахуанти Ильяй æмдзæвгæ хумæтæги нæ æримистан. Устур Фидибæстон тугъд ку райдæдта, уæд немуцаг-
фашистон æрбалæборгути нихмæ тохи, фиццаги-фиццагидæр, ка бацудæй, уонæй адтæй аци лескейнаг лæхъуæн дæр – уæд адтæй Сурх Æфсади рæнгъити, уордæмæ имæ фæдздзурдтонцæ 1940 анзи. Аци æмдзæвгæ дæр ниффинста тугъди тæккæ райдайæни, 1941 анзи. Æма æ соми «Уæззау тохи нæ уодзæнæн æз фæстаг!..» æхсаргинæй æнхæст кодта тохи будурти, уомæн æвдесæн æнцæ æ хуæрзеугутæ: Александр Невскийи, Фидибæстон тугъди фиццаг къæпхæни ордентæ, Сурх Стъалуй дууæ ордени, цалдæр майдани.

Амилахуанти Ильяй уæдиккон æмдзæвгæ, уæлдайдæр ба уомæ гæсгæ æримистан, æма абони, нæ Фидибæстæмæ æдзæстуарзон зæрдихатт ка даруй, етæ нæ нихмæ фудмиутæ ку аразунцæ, никки ба ма Украини нури сæргъæн разамунди къохтæй нæ нихмæ тугъд ку ракъахтонцæ, уæд бабæй нæ фæсевæд разæнгардæй цæунцæ нæ Райгурæн бæсти сæрбæлтау тохмæ, æхсаргинæй нихкъуæрд дæттунцæ знагæн. Нæ адæм си сæрустур æнцæ… Уони лæгдзийнадæ ни федарæй æруагæс кæнуй: мах бабæй æнæмæнгæ уодзинан уæлахезон!..