25 апреля 2024

ХУÆРЗЗÆРДÆЙ ЛÆГГАДÆ КОДТА ФИДИБÆСТÆН

15.10.2022 | 11:24

Игъустгонд революцион архайæг, публицист æма ахургонд Ардасенти Губий фурт Алихани райгурдбæл аци анз æнхæст кæнуй дæс æма астинсæй анзи (1852-1916). Уогæ бæрæгуæттæй кæцидæрти ба, райгурдæй 1849 анзи, зæгъгæ, амунд цæуй. Цидæр æй, уæддæр сæйрагдæр е æй, æма ин цæйбæрцæбæл агъазиау хуарздзийнæдтæ исаразун бантæстæй нæ Фидибæсти сæрбæлтау – уой дæр айдагъ Иристони нæ, фал ма идард Сибири дæр (уордæмæ æрвист æрцудæй æ революцион архайди туххæй), уæдта Фæскавкази дæр (уоми, Сибирæй исæздæхгæй, берæ рæстæгути уоййасæбæл æнтæстгинæй фæккуста, æма ‘й нерæнгæ дæр ма  арфиагæй имисунцæ, кадæ ин кæнунцæ). Мах дæр ин абони æ рохс ном имисæн, нæ газети 6-аг фарсбæл æ цардвæндаг æма æхсæнадон-наукон архайди туххæй ци æрмæг мухур кæнæн, уомæй.