04 октября 2024

ХУАРЗ ХАБАР – НИФСДÆТТÆГ!..

15.10.2022 | 10:43

Дзæуæгигъæуæй Беслæни аэропортмæ цæун ке багъæуа, уонæн фæззиндтæй равгæ æхсæнадон автотранспортæй испайда кæнун. Дзæуæгигъæу æма аэропорти ‘хсæн бæлццæнтти ласдзæнæнцæ сæрмагонд автобустæ алли бон дæр дууæ хатти: Дзæуæгигъæуи фиццаг автовагзалæй автобус ранæхстæр уй 12  сахатти æма 12 минуттебæл, уæдта 16 сахатти æма 10 минуттебæл; аэропортæй ба – 14 сахатти æма 10 минуттебæл, уæдта 18 сахатти æма 10 минуттебæл. Балций аргъ æй 37 соми.

***

Нæ республики промышленности райрæзти Регионалон фонди фиццаг грант исаккаг кодтонцæ Дзæуæгигъæуи технологон центр «Баспик»-æн. Гранти бæрцæ ‘й 700 мин соми. Уой фæрци бафеддзæнæй, банкæй ци æфстæуттæ райста, уони процентти еу хай. Куд нисангонд цæуй, уотемæй уæхæн гранттæ ма райсдзæнæнцæ никкидæр æртæ цæгатиристойнаг кустуати. Нæ республики промышленность æма инвестицити министради игъосункæнуйнагмæ гæсгæ амунд фондæн аци анз уæлæнхасæн дехгонд æрцудæй 260 миллион соми.

***

Дзæуæгигъæуи 14 октябри æ куст райдæдта Еугуруæрæсеуон культурон-спортивон мадзал «Сабурцæрæг Кавказ». Æртæ боней дæргъи спорти галауан «Манеж»-и Цæгат-Кавказаг æма Хонсайраг федералон зилдти субъекттæй æрбацæуæг 8-16-анздзуд минæй фулдæр спортсментæ ерис кæдзæнæнцæ спорти цуппæрдæс хуземи фæттухгиндæр унбæл. Мадзали нисанеуæг – Уæрæсей регионти ‘хсæн спортивон æма культурон бастдзийнæдтæ фæййахедгæдæр кæнун.

***

«Цæгат Кавкази федералон зилди социалон-экономикон райрæзт», зæгъгæ, программæмæ гæсгæ нæ республики ци хуарздзийнæдтæ æнхæстгонд æрцудæй, уонæй еу – Октябригъæуи поликлиники бундорон цалцæггонд. Уой фæрци си нур алцидæр дзуапп дæттуй технологон, санитарон-эпидемиологон домæнтæн. Бæстихæйттæ дæр си урухдæр ке фæцæнцæ, уомæ гæсгæ фæззиндтæй гæнæнтæ медицинон лæггæдтæ фæффулдæр æма хуæздæр æнхæст кæнунæн. Поликлиникæмæ бони дæргъи æрбацæуй 600 адæймаги. Уонæн  лæггадæ кæнунцæ 115 дохтири, 145 кæстæр медицинон æма 33 æндæр косæги.

***

Цæгат Иристони гъæууон-хæдзарадон къабази идарддæри райрæзтæн паддзахадон субсидитæ 2023 анзи 400 миллион сомей бæрцæ фæффулдæр уодзæнæнцæ. Нисангонд цæуй мелиораций системæ иснæуæг кæнун – иннæ анзи æнхæст кæнунмæ равзурстонцæ, сæ аргъ 249 миллион соми кæмæн æй, уæхæн фондз проекти. Сæдæ миллион соми гъæуама харзгонд æрцæуа региони сæнæфсерæдæнттæ исаразунбæл.