11 ноября 2024

ХУМГÆНДÆ Æ ХУАРЗ ТИЛЛÆГÆРЗАДÆЙ РАБÆРÆГ УЙ…

09.12.2020 | 14:46

Цæгат Иристони æнтæстгинæй æнхæстгонд цæунцæ Национ проект «Ахурадæ»-мæ гæсгæ нисангонд бæлвурд мадзæлттæ.

 

Национ проект «Ахурадæ» Цæгат Иристони æнхæстгонд куд цæуй, циуавæр хатдзæгтæ си ес искæнæн, уобæл дзубанди рауадæй, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади Сæрдар ТУСКЪАТИ Таймораз ци æмбурд амудта, уоми. Видеобастдзийнади фæрци си архайдтонцæ Ахурадæ æма науки министради, Фæсевæди гъуддæгути туххæй комитети, æхсæнадон организацити æма Парламенти минæвæрттæ.

Æмбурд байгон кæнгæй, Тускъати Таймораз бафеппайдта, национ проект «Ахурадæ»-йи ахедундзийнадæ, царди æй рауадзгæй зингæ фæххуæздæр уодзæнæнцæ ахурадон косæндæнтти скъоладзаути æма уæлæнхасæн ахуради гъомбæлгæнуйнæгти зонундзийнæдтæ æма арæхстдзийнæдтæ.

Национ проект «Ахуради» гæнæнтæ фадуат дæттунцæ къабази размæцудæн æма ирæзтæн. Нуртæккæ экономикæ æма социалон къабазæ домунцæ бæрзонд зонундзийнæдтæ, арæхстдзийнæдтæ. Уонæн бунат искодтонцæ ахуради. Национ проектти ахурдзаути зонундзийнæдтæ фæффулдæр кæнунæн цидæриддæр мадзæлттæ ес, уонæй мах гъæуама испайда кæнæн», – фæббæрæг кодта Хецауади сæрдар.

Æ дзубандимæ гæсгæ, национ проект царди рауадзун æй федералон æма регионалон æнхæстгæнæг хецауади ихæс, уонæй уæлдай ба  – æхсæнадон организацити архайд дæр æй ахсгиаг. Регионалон проект «Нуриккон скъола» Цæгат Иристони куд æнхæстгонд цæуй, уой туххæй радзурдта ахурадæ  æма науки министр Людмилæ БАШАРИНА. Куд балæдæрун кодта, уотемæй проекти сæйраг нисан æй ахурадæмæ нæуæг мадзæлттæ бахæссун. Аци анз национ проекти æхсæз дæлхайадемæн радех кодтонцæ 1208, 93 миллион соми, уонæй федералон бюджетæй – 1108, 1 миллион соми, республикон бюджетæй – 28,83 миллион соми.

Ахурадон объекттæ исаразунæн æма спортивон залтæ исцалцæг кæнунбæл харзгонд æрцудæй 901, 54 миллион соми. Ефтонггæрзтæ æма ахургæнæн фæрæзнитæбæл ба – 307,39 миллион соми. Се ’нæнездзийнади уавæрмæ гæсгæ сæ равналæнтæ цубур кæмæн æнцæ, еци сувæллæнттæн скъолати конд цæунцæ фадуæттæ. Мæздæги еумæйагахурадон скъола-интернати материалон-техникон фадуæттæ фæннæуæгдæр кæнунæн радех кодтонцæ 7815,05 мин соми. Æрмадзитæ «Хуйуни гъуддаг», «Аййевадон исфæлдистадæ», «Къахидарæс хуйуни гъуддаг» æма æндæртæн балхæдтонцæ гъæугæ ефтонггæрзтæ.

Ахурдзаутæмæ нуриккон технологон æма гуманитарон арæхстдзийнæдтæ исфедар кæнуни туххæй Дзæуæгигъæуи æма районти  фæззиндтæнцæ «Ирæзти тæлмитæ». Аци анз си байгон кодтонцæ 42 центри. Æнхæст æнцæ технологон предметти ефтонггæрзтæй, квадрокоптертæй, шахмæттæй æма æндæр дзаумауæй. Национ проект «Ахурадæ»-йи фæрци фæззиндтæй нæуæг скъолатæ Дзæуæгигъæуи, Мæздæги, тагъд байгон уодзæнæнцæ Цæликки, Хъизлари, Черменигъæуи. Уæлдай æргом Людмилæ Башарина раздахта регионалон проект «Алли сувæллони æнтæстдзийнадæ»-мæ. Уой фæрци ма аци анз Мæздæги байгон æй сувæллæнтти технопарк «Кванториум», нæуæг ахури анзæй фæстæмæ æ куст кæнуй, ахур си кæнунцæ 440 сувæллони.

Мæздæги технопарк «Кванториум»-и разамонæг Марат Джахаеви дзубандимæ гæсгæ, аци нуриккон технопарки исарæзт хуарзæрдæмæ фæззиндтæй районбæл. «Наукæ æма нуриккон технологон зонундзийнæдтæ райсунæн, ирæзтæн си еугур фадуæттæ дæр ес. Сувæллæнттæ нæмæ æхцæуæнæй ахур кæнунцæ», – радзурдта директор. Аци анз ма республикон физико-математикон лицей-интернати дæр байгон æй технопарк «Кванториум». Алцæмæй дæр æй ефтонггонд.

Æмбурди архайгутæ, национ проект «Ахурадæ» Цæгат Иристони куд æнхæстгонд цæуй, уой туххæй хатдзæгтæ кæнгæй куд бафеппайдтонцæ, уотемæй размæ рацудæй хуарз цæттæгонд, бæрзонд квалификаций хæццæ педагогон косгути нæхъæртондзийнади фарста. Уобæл гъæуй бакосун. Регионалон проект «Социалон сæрæндзийнадæ»   куд æнхæстгонд цæуй, уой туххæй радзурдта фæсевæди гъуддæгути комитети сæрдар Джусойти Руслан. Баст æй фæлтæрддзийнадæ амонуни хæццæ, æхсæнадон хъæппæрестæ æма проекттæн агъаз кæнуни хæццæ, сувæллæнттæ æма фæсевæди ’хсæн курдиæттæ раргом æма син агъаз кæнуни хæццæ.

Барвæндонæй агъазгæнгутæ нури уæнгæ сæхе равдистонцæ нæуæг коронавирусон хуæцгæнези нихмæ тохи бацæугæй. Æригæнттæ агъаз кодтонцæ дохтиртæн сæйгæдæнтти, агъазгъæуагæ адæмæн сæ хæдзæрттæмæ ластонцæ хуайраг.  Национ проект «Ахурадæ» нæ республики куд æнхæстгонд цæуй, уой туххæй сæ гъудитæ загътонцæ депутаттæ Тохъайти Нох, Токати Людмилæ, Еленæ Князева, Æхсæнадон палати сæрдар Нинæ Чиплакова æма Адæмон фронти цæгатиристойнаг хайади сæрдар Гæлити Клим.