19 апреля 2026

ИХÆСГИН СИ АН НÆ ХЪАЗАУАТОНТÆЙ

18.04.2026 | 22:37

Адæймаг Фидибæсти сæрбæлтау æхемæ ци ихæстæ райса, уони рæстзæрдæй ку исæнхæст кæна, уæд ин гъæуама аккаг равгитæ уа æ ирисхъи идарддæри хабæрттæ хузæнонæй аразунæн. Уомæй си ихæсгин ан.

 

ГÆНÆНТÆ ÆМА РАВГИТÆ ÆНХÆСТÆЙ ПАЙДАГОНД ЦÆУЙ

Уой уомæ гæсгæ зæгъæн, æма абони нæ республики уæлдай лæмбунæг æргом æздæхт цæуй сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæ æма сæ бийнонтæн сæ царди хабæрттæ аразуни син агъаз кæнуни фарстатæмæ. Уой фæдбæл мадзæлттæ æнхæстгонд цæунцæ еудадзуг фæткæбæл – куд сæрмагонд паддзахадон оргæнти, уотæ бунæттон хеунаффæйади ’рдигæй, архайунцæ си æхсæнадон еугæндти специалисттæ дæр.

Нæ республики ахедгæ хузи æнхæстгонд цæуй хуæрзауодæн мадзал «Помогаем СВОим». Уой фæлгæти Дзæуæгигъæуи æма районти гъæууон муниципалитетти æмвæзадæбæл сæ куст кæнунцæ сæрмагонд службити специалистти цæугæ къуæрттæ. Етæ арæзт æрцудæнцæ адæмæн социалон лæггæдти комплексон центрти бундорбæл.

Мобилон къуæртти иуонгтæ амунд центрти фæзуати фембæлунцæ сæрмагонд æфсæддон операций архайгути бийнонти хæццæ: исаразунцæ син аллихузон консультацитæ, агъаз син кæнунцæ гъæугæ гæгъæдитæ бацæттæ кæнуни гъуддаги, байамонунцæ син социалон реабилитаци æма æндæр уæхæн паддзахадон зæрдæбæлдарæнти фæткæ… Цæугæ къуæртти минæвæрттæ сæрмагонд æфсæддон операций архайгути бийнонти хæццæ фембæлунцæ сæ хæдзæртти дæр, исбæлвурд син кæнунцæ сæ цардиуаги уавæртæ, сæ тухстаг фарстатæмæ син раздахунцæ профилон ведомствити æргом.

Дзæуæгигъæуи администраций куд фегъосун кодтонцæ, уотемæй мобилон къуæртти кусти зæрдиагæй архайунцæ муниципалитетти структурон дæлхайади минæвæрттæ дæр.

Фарæ мадзал «Помогаем СВОим»-и фæтки бундорбæл специалистти мобилон къуæрттæ фембалдæнцæ сæрмагонд æфсæддон операций архайгути дæсгай бийнонтей хæццæ. Фæстаг цалдæр анзей дæргъи ба  мадзали равгитæ æма гæнæнтæй каст цæудзæнæй амунд къуари 257 бийнонтемæ.

«Помогаем СВОим» æма иннæ хуæрзауодæн мадзæлттæ идарддæр дæр æнхæстгонд цæудзæнæнцæ.

 

АЛКÆМÆН ДÆР СИ – АККАГ КУСТИ РАВГÆ

Еума ахсгиаг фарста ба е æй, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операций ка байархайдта, уонæн уа равгæ аккаг кусти ниллæуунæн. Уой фæдбæл цудæй дзубанди, нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис æма Цæгат Кавкази федералон зилди Уæрæсей Президенти Æнхæстбаргин минæвари хуæдæййевæг Владимир Надыктой разамундæй айразмæ Дзæуæгигъæуи ци урух æмбурд арæзт æрцудæй, уоми. Æркастæнцæ си сæрмагонд  æфсæддон операций ветерантæн кусти бунæттæ дæттуни, сæ амалгъонадон хъæппæрестæ син царди уадзуни, уæдта адæми аци къуари минæвæрттæн æндæр  агъази фадуæттæ аразуни фарстатæмæ.

Æмбурди  райдайæни Дзанайти Барис куд фæббæрæг кодта, уотемæй сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæ æма сæ бийнонтæн берæвæрсуг агъази фарстатæ æнхæст кæнуни фæдбæл республики арæзт æрцудæй сæрмагонд пълан, е ’нхæст кæнунмæ цæуй лæмбунæг цæстдард. Æ радзубандий уотæ баханхæ кодта:

– Адæми аци къуарæн кусти бунæттæ дæттуни архайд æнхæстгонд цæуй Ахурадæ æма науки, фæллойнæ æма социалон гъæуайкæнуйнади, экономикон ирæзти министрадтæ æма æндæр республикон ведомствити сæрмагонд программити фæлгæти. Уомæй уæлдай, сæрмагонд æфсæддон операций ветеранти кустадон, кенæ амалгъонадон архайдбæл бафтаунæн агъаз æнцæ паддзахадон программитæ æма национ проекттæ дæр. Иннæ ахсгиаг гъуддаг æй, республикæ регионалон программæ «Æхсаргин Иристон» æнхæст кæнунмæ ке бавналдта, е дæр. Уой фæлгæти нуртæккæ профессион ахуради семинарти архайунцæ сæрмагонд æфсæддон операций раздæри дууадæс æма инсæй архайæги. Ахурти фæсте етæ косун райдайдзæнæнцæ административон-муниципалон оргæнтæ æма æхсæнадон еугæндти.

Фарстатæ лух кæнунæн ахедгæ фæрæзнæ ’й социалон ауодундзийнади фæрæзнити туххæй хабæрттæ афойнадæбæл хъæртун кæнун сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæ æма сæ бийнонтæмæ.

Уой хæццæ, фæллойнæ æма социалон гъæуайкæнуйнади министради специалисттæ сæ цæстæ дарунцæ, амунд адæми къуари минæвæрттæ æма сæ бийнонти иуонгтæ тухстдзийнадæ цæмæй æййафунцæ, уонæмæ дæр. Уæхæн цæстдарди фæрци еугур исæвзургæ фарстатæ дæр афойнадæбæл лухгонд цæунцæ.

Дзанайти Барис æ радзубандий кæронбæттæни куд баханхæ кодта, уотемæй профилон ведомствитæ æма косæндæнтти размæ æвæрд цæуй бæлвурд ихæс – сæрмагонд æфсæддон операций архайгути  аллибони берæфадуатгин цардиуагæ æма зæрдæмæдзæугæ кустæн гъæугæ фадуæттæ аразун.