26 декабря 2024

ИМИСÆН

27.01.2024 | 13:45

Ленингради блокади рæстæги еци сахари ци адæм бастъалдæнцæ, етæ æвæрд æнцæ Пискареви уæлмæрдти.

Ленинград немуцаг-фашистон блокадæй æнæгъæнæйдæр ку исуæгъдæ ’й (1944 анзи 27 январи), уобæл исæнхæст æй цуппаринсæй анзи. Уой фæдбæл абони æма фæстæдæр ци æрмæгутæ мухур кæндзинан, уонæй еу æй æмдзæвгæ «Пискаревы уæлмæрд», ниффинста æй поэт Сергей Давыдов.

Ци уæлмæрдти кой си кæнуй, е нæ дзиллæн зундгонд æй – ами се ’носон бунат иссирдтонцæ, Ленингради блокади рæстæг аци сахари ка фæммард æй, еци тæрегъæддаг адæм.

Нæ газети абони номери ма 6-аг фарсбæл кæсетæ Советон Цæдеси Маршæл, Советон Цæдеси дууæ хатти Бæгъатæр Александр Василевскийи æрмæг Ленинград блокадæй исуæгъдæ кæнуни туххæй.

 

Сергей ДАВЫДОВ

ПИСКАРЕВЫ УÆЛМÆРД

Зилы дымгæ бæгънæг хихты цырддæр,

Саударæг хъæд – æрхæндæг, сæруагъд.

Бандзыг ингæныл урс дзæнхъа, Цыртыл –

Берггольцы рæнхъытæ къахт.

Сыфтæр уынггæндты згъоры дард…

Хъыг æрынцад æгуыппæгæй дурыл,

Сау æфсæйнаг æбуалгъ мастыл дзуры.

Тилы йе ’нусон базыр арт…

Ленинград! Æз дæ хъæбул дæн,

де ’мрыст,

Судзаг хæсты æз бавзæрстон де ’мниз,

Ацы уæлмæрд мæ риуы ис арф.

Ам æрфынæй мæ горæтæн йе ’мбис,

Уый нæ хъусы, –

Куыд нæры арв.

Уыдоны хъыг нæ цард – цæрæнбонтæн

Се стырдæр масты таурæгъ ссис.

О, мæ горæт, æнæуынондæр

Уыд æппæтæй дæуæн фашизм.

Не ’фхæрд мадæлтæ, не ’нувыд хотæ

Систы саудар цыртыты æууæн.

О, мæ горæт, æнæуынондæр

Нæй дунейыл фашизмæй дæуæн!

Ленинград! Æз дæ хъæбул дæн, де ’мрыст,

Судзаг хæсты æз бавзæрстон де ’мниз,

Ацы уæлмæрд мæ риуы ис арф.

Ам æрфынæй мæ горæтæн йе ’мбис,

Уый нæ хъусы, куыд нæры арв.

 

ДЗАБОЛАТЫ Хазбийы тæлмац