25 апреля 2024

ИСКАДÆ КОДТОНЦÆ ХАФИЗТÆН

17.06.2022 | 10:56

Аци анз 14 июни Чиколай культури Галауани зали къохбагæнæн дæр нæ адтæй. Ами устур кадæ кодтонцæ, Хъæрæсе-Черкессий медресе-интернати рауагъдонтæй æртемæн, кæцитæн аккаггонд æрцудæй хафизи нæмттæ. Етæ, се ‘ртæ дæр кæрæй-кæронмæ наизусть исахур кодтонцæ Хъуран.

Æригон хафизтæ сæ фæлварæнтæ æнтæстгинæй ке равардтонцæ, уой фæдбæл син арфæ ракæнунмæ ардæмæ ‘рбацудæнцæ Цæгат Кавкази республикити духовон управлений минæвæрттæ.

Кадгин мадзал райдæдта Хъуран аргъаунæй. Уой фæсте син зæрдиаг арфитæ ракодтонцæ Ирæфи райони бунæттон администраций сæргълæууæг Лагкути Омар æма Цæгат Иристон-Аланий пусулмон дини управлений муфтий Гуæцæлти Хаджиморат. Етæ куд бафеппайдтонцæ, уотемæй аци мадзалæн ес устур нисанеуæг. Хафизи цитгин ном райсун æй устур кадæ æма бæрнон гъуддаг.

Сæрмагонд арфи дзурдтæ загъд æрцудæй Хъæрæсе-Черкессий республики муфтийи хуæдæййевæг, республики медресе исаразæг æма директор Мухаммед-хаджи-Эркеновæн.

Мухаммед-хаджи-Эркенов дæр зæрдиаг арфитæ ракодта æма банисан кодта, медресей куст анзæй-анзмæ ирæзгæ ке цæуй, уой. Фулдæргæнгæ цæуй еци ахурадон уагæдони ахурдзаути нимæдзæ. Ахур си кæнунцæ Стъараполи крайи, Кæсæг-Балхъари, Цæгат-Иристони, сауæнгæ ма Таджикистани республикитæй дæр фæсевæд.

Æ радзубандий фæсте зæрдегенæй бакастæй «Пахампар Мухаммади фæстаг нистауæн».

Идарддæр дзурди барæ лæвæрд æрцудæй «Сугъдæг Æрфинст»-и гъæуайгæнгути æригон минæвæрттæн, Салим Абдулсалимов, Ахмад Додтаев æма Дашити Ибрагимæн (Чиколайæй). Бустæги устурдæр деси ба зали бадгути бафтудта æ урух зонундзийнæдтæй Дашити Ибрагим. Ибрагим æнæкъуæзгæй бæлвурд дзуæппитæ равардта, ци фарстатæ имæ лæвæрд æрцудæй, уонæбæл, уæдта райдарддæр кодта, æ ахургæнæг ци аят райидæдта, уой.

Зал æригæнтти радзубандитæбæл исæмбалдæй тухгин къохæмдзæгъди хæццæ.

Дашити Ибрагим, Салим Абдусалимов æма Ахмад Додтаевæн кадгин нæмттæ ке райстонцæ, уой фæдбæл дипломтæ равардта нæ республики пусулмон адæми Духовон управлений муфтий Гуæцæлти Хаджиморат. Гуæцæли-фурт ма син еума хатт дæр зæрдиаг арфитæ ракодта, устур æма кадгин хафизи нæмттæ син аккаггонд ке ‘рцудæй, уой фæдбæл.

Зæрдæбæлдарæн лæвæрттæ ма аккаггонд æрцудæй медресей директор æма ахургæнгутæн дæр.

 

БЕСОЛТИ Æхсарæ