25 апреля 2024

КА ФӔУУОДЗӔНӔЙ ФИЦЦАГ!

05.04.2022 | 14:09

ГУЛУТИ Андрей

И цъӕх уалдзӕг тӕмӕн калгӕ
Нӕ бӕстӕмӕ фӕззиндтӕй.
Нӕ будуртӕ нӕ ирд хорӕн
Фӕббозӕнцӕ ӕ тунтӕй.

 Сӕ фурцийнӕй ӕрттевунцӕ
Нӕ уорс хуӕнхтӕ, нӕ цурд дон.
Хъаурӕгинӕй нӕ сау гъӕдтӕ
Идзулунцӕ сӕ фӕндон.

 Бакӕсетӕ, – и даргъ фӕзтӕ
Идзаг ӕнцӕ адӕмӕй:
И хумгӕнгутӕ косунмӕ
Ӕрцудӕнцӕ ӕнгурфӕй.

 Нӕ колхозон бӕгъатӕртӕ
Сӕ хумгӕндти ӕнӕ хъор,
Хуарӕрзадӕн ӕвӕрунцӕ
Ӕнӕфезмӕлгӕ бундор.

 Ӕрзайдзӕнӕнцӕ мӕнӕутӕ,
Ӕрласдзинан нӕ тиллӕг,
Устур кувдти цийнӕгӕнгӕй
Ӕрветдзинан нӕ фӕззӕг.

 Нӕ фондзанзон цуппаремӕ
Фӕууодзинан ӕнхӕстгонд,
Нӕ адӕмӕн нӕ рохс бӕсти
Ивулдзӕнӕй сӕ амонд.

 Нӕ фӕллойнади Геройтӕ
Нӕ дзиллитӕн – фӕнзуйнаг.
Ӕрцудӕй нин кусти рӕстӕг!
Ка фӕууодзӕнӕй фиццаг!

1946.

Гулути Семени фурт Андрейи райгурдбӕл 5 апърели ӕнхӕст кӕнуй дӕс ӕма ӕхсӕзинсӕй анзи (1892-1979). Уой фӕдбӕл ӕрмӕгутӕ кӕсетӕ 4-5 ӕма 8-аг фӕрстӕбӕл.