26 апреля 2024

КАД СКӔНИД ЦЫФӔНДЫ НОМДЗЫД ЛИТЕРАТУРӔЙӔН ДӔР!..

11.11.2021 | 10:04

ХЪОДЗАТЫ Æхсар, Цæгат Ирыстоны адæмон поэт

Поэт дзырды руаджы цы диссаджы фӕлгонцтӕ ӕмӕ гармони саразы, уыдонӕн сӕ бындуры вӕййы ӕвирхъау хъизӕмӕрттӕ, марой, рис. Уыцы ӕнахуыр уавӕр цыбыр ӕмӕ бӕлвырдӕй загъта даниаг философ Серен Кьеркегор: «Чи у, цы у поэт? Судзгӕ-уыраугӕ удхӕрттӕ кӕй уд февдӕрзынц, ахӕм ӕнамонд адӕймаг: дзыназын ӕмӕ ӕрдиаг поэты комы фестынц алӕмӕты музыкӕ, ӕмӕ йӕм дзыллӕтӕ ӕрыхъусынц».

Ахӕм поэт уыди Малиты Гӕдойы фырт Геуӕрги. …Кӕддӕр Николай Тихонов афтӕ загъта, мӕнӕй, дам, поэт скодта Октябры революци.

Сразы уӕвӕн ис ацы лӕгимӕ, ӕрмӕст йӕ ныхас фӕрастдӕргӕнинаг у. Хъуамӕ афтӕ загътаид: мӕнӕй литературон босс-бодз революци скодта. Цӕстмӕхъус ныхас дӕр ӕй уый тыххӕй бахъуыди, цӕмӕй ног цардӕвӕрды хицӕутты зӕрдӕ балхӕдтаид ӕмӕ сбодз, счиновник уыдаид. Партитӕ ӕмӕ алы идеологитӕ поэттӕгӕнӕг не сты – фылдӕр хатт поэтмарджытӕ вӕййынц.

Большевикты системӕ дӕр Геуӕргийӕн фыццаг йе ‘ууӕнк амардта, стӕй та – йӕхи. Малийы-фырт дӕр куы загътаид, ӕз «революцийы сконд поэт» дӕн, зӕгъгӕ, уӕд, чи зоны, йӕ уд аирвӕзын кодтаид, фӕлӕ уыйхыгъд ӕнӕмӕнг стъӕлды фӕуыдаид йӕ курдиат, амардаид куыд поэт (ахӕм хабӕрттӕ сӕдӕтӕ-минтӕй нымайгӕ сты). Фӕлӕ Геуӕрги мӕнгтӕ дзурын йӕ сӕрмӕ не ‘рхаста, йӕхиуыл комдзог рацӕ-уыны бӕсты цӕхгӕр ӕрлӕууыди, фыдӕнхъӕл ӕй чи фӕкодта, уыцы системӕйы ныхмӕ ӕмӕ ӕргомӕй загъта: «Нырыккон царды нӕ арын, чи мӕ сцырындзӕг кӕна, ахӕм темӕ». Ома, Поэты ном нывондӕн ӕрхӕссыны бӕсты нывондӕн ӕрхаста йӕхи.

Уӕдӕ ма сгуыхт цы вӕййы!

Бирӕ сфӕлдыстадон бынтӕ нӕ баззади Геуӕргийӕн – йӕ фыстытӕй ма нӕм ӕрхӕццӕ, йе ‘рцахсыны размӕ джиппы уагъд чи ‘рцыд, ӕрмӕст уыдон. Уыцы уацмысты гуырӕнтӕ сты йӕ иубӕстон адӕмы удысконд, зондахаст, се ‘рвылбоны фыдӕбон, сӕ цинтӕ, сӕ ристӕ, сӕ бӕллицтӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕ адӕм дӕр сӕ зӕрдӕмӕ айстой арф, зыдтой сӕ ӕнӕ чиныгмӕ кӕсгӕйӕ. Поэты къухы ӕфтыди дуне, ӕхсӕнад, ӕрдз ӕмӕ удгоймаджы ‘хсӕн вазыгджын ахастытӕ ирдӕй ӕвдисын. Сӕ хъуыдыты азмӕ ӕнкъарӕнты тых, сӕ музыкалон нывӕст ӕмӕ сӕрибар улӕфтӕй Геуӕргийи ӕмдзӕвгӕты ӕмӕ кадджыты хуыздӕртӕ кад скӕниккой цавӕрфӕнды номдзыд литературӕйӕн дӕр («Зар», «Цъифӕ рӕстӕги», «Гурусхӕ», «Дзирасгӕ», «Дзандзирахъ» ӕмӕ ӕндӕртӕ).