КÆДÆЙ-УÆДÆЙ КОМПЕНСАЦИТÆ РАЙСТОНЦÆ
Дзурдтаг берæфатерон хæдзæртти хайгай арæзтади архайæг адæми бартæ иснæуæг кæнунæн Цæгат Иристони фæзуатбæл пайда кæнунцæ дзиллон-барадон компани «Фæзуæтти ирæзти фонд»-и гæнæнтæй.
Дзæуæгигъæуи Тогой-фурти гъæунги 22-аг хæдзари туххæй Фонд, фарæ июли рахаста унаффæ республики курдиади бундорбæл объекти арæзтадæ кæронмæ рахъæртун кæнуни куститæ æхцайæй ефтонг кæнуни туххæй. Амунд дзурддаг объект гъæуама арæзт фæууа иннæ анз 4-аг квартали.
Æнæнхæст бæрнондзийнади æхсæнадæ «Никæ» ке аразта, иннæ еци хæдзари арæзтадон цæттæдзийнади къæпхæн 80 процентемæ ке нæ хъæртуй, уой нимайгæй, «Никæ» ихæсгинæй кæмæй байзадæй, еци адæмæн зиани аргъ бафедуни унаффæ Фонд рахаста фарæ декабри.
Арæзтади архайгути домæнти номхигъдмæ хаст азгъунститæ раттуни туххæй домæнтæ кæмæ ес, еци адæмæн аци анзи 1 феврали зæрани аргъ федун райдæдтонцæ. Хайгай арæзтади архайæг сæдæ адæймагей бартæ нæуæгæй арæзт гъæуама æрцæуонцæ.
Конкурсон разамунддæттæг æнæнхæст бæрнондзийнади æхсæнадæ «Никæ»-йи игъосункæнуйнагмæ гæсгæ, нуртæккæ компенсацион феддонти бæрцæ æй 150 миллион соми. Хайгай арæзтади архайæг 74 адæймаги райстонцæ компенсацион феддонтæ.
Хайгай арæзтади архайæг никкидæр ма 12 адæймаги, банк ДОМ.РФ-й аразий дзуапп райсгæй, феддонтæмæ æнгъæлмæ кæсунцæ.
Зæгъун гъæуй уой, æма аци анз декабри амунд берæфатерон хæдзарæ дзурддаг объектти еумæйаг номхигъдæй райеуварс кæндзæнæнцæ.