26 апреля 2024

КÆСАЛГÆ ЦАЛДÆНГИ ДОНИ ФАДА, УÆДМÆ ДÆУ НÆЙ…

09.12.2020 | 14:49

Нæ республики парахаттæй арæзт цæунцæ еугур гъæугæ равгитæ дæр, цæмæй ирæзгæ фæлтæртæн уа фадуæттæ наукæ æма техники нуриккон агъазиау фадуæттæй æнхæстæй пайда кæнунæн.

 

Дигорай 3-аг скъолай  кадгин уавæри мобилон технопарк «Кванториум» ке байгон æй, уой кадæн арæзт кадгин æмбурди архайдтонцæ Цæгат Иристони ахурадæ æма науки министри хуæдæййевæг АЛИККАТИ Алан, Дигори райони сæргълæууæг ЕЗЕТИ Алан, муниципалон еугонд Дигори райони бунæттон хеунаффæйади администраций сæргълæууæг ХЪОДЗАСТИ Марклен æма æндæртæ.

 

– Цæгат Иристони фиццаг мобилон технопарк «Кванториум» ке байгон æй, уой фæдбæл уин арфæ кæнун. Цæгат Иристони Сæргълæууæг Битарти Вячеслав æма республики Хецауадæ уæлæнхасæн ахуради системи ирæзтмæ æма техникон исфæлдистади архайунæн фадуæттæ исаразуни гъуддагмæ устур æргом æздахунцæ. Фæстаг дууæ анзей дæргъи Дзæуæгигъæу æма Мæздæги байгон æнцæ сувæллæнтти технопарктæ «Кванториум», Космонавтики скъола æнæкъулумпийæй косуй, гъæууон скъолати арæзт æрцудæй центртæ «Ирæзти тæлмитæ». Наукæ æма техники ирæзти нуриккон къабæзтæ равзарунæн ирæзгæ фæлтæрæн ес агъазиау уавæртæ. Мобилон технопарки фæрци гъæуккаг сувæллæнттæн уодзæнæй нуриккон ефтонггæрзти хæццæ базонгæ ун æма хуæрзгъæдæ ахурадæ райсуни фадуат, – загъта Аликкай-фурт.

Мобилон «Кванториум»-мæ хаунцæ виртуалон уавæрти косунæн ефтонггæрзтæ, 3D-принтертæ, лазерон гравер, æмбурдгæнæн æма æндадзæн тæлмæ, робототехникон косæнгæрзтæ æма æндæртæ. Кадгин æмбурди фæсте мобилон «Кванториум»-и зундамонгутæ Дигорай 3-аг скъолай ахурдзаутæн амудтонцæ мастер-класстæ.

– Скъоладзаутæн мастер-класстæ бацæттæ кодтан. Ахурадæ райсунæн сувæллæнттæ дехгонд æнцæ æртæ къуаребæл. Зæгъæн, скъоладзаутæн уодзæнæй виртуалон уавæрти згъæр ходи косуни, квадрокоптертæ искосун кæнуни, роботтæ бацæттæ кæнун æма хузтæ кæнуни фадуат, – зæгъуй «Кванториум»-и разамонæг Алексей Котец.

Айдагъ Дигори нæ, фал Алагири, Æрæдони æма Ирæфи районти скъоладзаутæн дæр уодзæнæй «Кванториум»-и фæрци ахурадæ комкоммæ æма изолдæрмæ рахæссуни фадуат. «Кванториум»-и зундамонгутæ косдзæнæнцæ айдагъ сувæллæнтти хæццæ нæ, фал  ахургæнгути хæццæ дæр.

…Нæ фидтæлтæй нин байзадæй мæнæ ауæхæн загъд: «Кæсалгæ цалдæнги дони  фада, уæдмæ дæу нæй…» Аци курухон гъудимæ гæсгæ уой зæгъуйнаг ан, æма нури доги ахуради гъуддаг цæмæй æнтæстгиндæрæй ирæза, уомæн агъазæн фæззиндтæй берæ нуриккон раззагдæр наукон æма техникон фæрæзнитæ. Æма си цæмæй æнхæстæй пайдагонд цæуа, уой туххæй ба бæлвурд куст цæуй нæ республики дæр. Уомæн æвдесæн, мæнæ уæлдæр ци цаути кой ракодтан, етæ дæр æма ма никки æндæр нæуæгдзийнæдтæ, кæцитæ фулдæрæй-фулдæр кæнунцæ нæ ахургæнæндæнтти.

 

Æрмæгутæ цæттæгонд æрцудæнцæ республики Сæргълæууæг æма Хецауади пресс-служби игъосункæнуйнæгтæмæ гæсгæ.