09 майя 2024

КÆСТÆРТИ АРФИАГ ХЪÆППÆРЕС

03.02.2024 | 21:51

Сæрмагонд æфсæддон архайгутæн фæййагъаз кæнуни нисанеуæгæй æрæги Чиколай арæзт æрцудæй хуæрзауодæн мадзал. Гъæуи бæрæгастæу армукъай æвæрд æрцудæнцæ аллихузон дзаумæуттæ, кæцити сæхе къохтæй искодтонцæ гъæуи æртиккаг скъолай ахурдзаутæ. Уой фæдбæл аци скъолай ахургæнæг Увжихъоти Зæлинæ уотæ радзурдта:

– Махмæ ес къуар «Арæхстгин къохтæ», кæцими  архайунцæ фæндзæймаг-æвдæймаг кълæсти ахурдзаутæ. Мæнæ абони армукъай ци дзаумæуттæ æвæрд ес, уони искæнунбæл фæккустан æнæгъæнæ мæйи дæргъи. Хъæбæр нæ фæндадтæй сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн, ци нæ бон исуа, уомæй фæййагъаз кæнун – алли мæйæ дæр уонæн нæ районæй æрвист цæуй гуманитарон агъаз, æма си нур ба уодзæнæй мах хай дæр.

Армукъай фæрци ци фæрæзнитæ æрæмбурд кæнун бантæса, уонæй нæ тугъдонтæн балхæндзæнæнцæ æма син рарветдзæнæнцæ гъар дзаумæуттæ.