26 апреля 2024

КОЦОЙТЫ Арсен «ХЦАЙЫ ЧЫРЫН»

21.01.2022 | 09:32

Куыддӕр фыццаг кӕркуасӕнтӕ ахицӕн сты, афтӕ Сӕйтт рауади хӕдзарӕй, йӕ куырӕты ӕгънӕджытӕ ӕвӕргӕйӕ, ӕмӕ кауы сӕрты бахъӕр кодта Уӕсмӕнмӕ:

– Сыст уӕлӕмӕ, мӕрдвынӕй бадӕ ӕви цы?!

Уӕсмӕны хуыссӕнуат каумӕ хӕстӕг уыди. Уайтагъд фехъал ис, йӕ цӕстытӕ аууӕрста ӕмӕ рауади кӕртмӕ. Сӕйтты дзурын кӕй уыди, уый базыдта, фӕлӕ цӕй тыххӕй дзуры, ууыл дис кодта.

– Цы хъӕр кӕныс? Цы дыл ӕрцыди?

– Нӕ фехъуыстай? Кадеттӕ Дзӕуджыхъӕу ныууагътой, хӕхты сӕрты фалӕмӕ фӕхизынц. Коммунисттӕ та иннӕбонӕй раздӕр не ссӕудзысты… Ифтындзгӕ тагъд! Хъуамӕ иннӕтӕй фӕстӕдӕр ма баззайӕм!

Уӕсмӕн ницыуал сдзырдта, фӕлӕ сарайы фӕмидӕг ис бӕхуӕрдон цӕттӕ кӕнынмӕ.

Ӕрӕджы, коммунисттӕ куы фӕлыгъдысты ӕмӕ кадеттӕ куы нӕма схӕццӕ сты, уӕддӕр Уӕсмӕны ницы хай фӕци, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕ маст уыди йӕ зӕрдӕйы. Ныр хъуамӕ баххӕст кӕна уӕды хъуаг дӕр… Акӕс-ма, дӕлӕ сӕгъыбоцъо Хъасболатмӕ! Йӕ цӕрӕнбонты гал йеддӕмӕ ницы радавта, ныр уый дӕр ма йӕ хӕдзар алы дзаумайӕ байдзаг кодта. Къӕлӕт бандӕттӕ сласта 52, стъолтӕ 18, ноджы ахӕм айдӕн, ӕмӕ уаты фӕрсмӕ дӕр нӕ цыди, хӕрдмӕ дӕр, – уӕртӕ сарайы къулыл ӕнцойгондӕй лӕууы…

Ӕмӕ фӕныкгуыз Долӕтмырзӕ та? Фосимӕ скъӕты царди… Ныр ӕм акӕс! Дзӕуджыхъӕуы кӕрон кӕйдӕр хъӕдын хӕдзар райхӕлдта ӕмӕ йӕ ам ӕрбалӕууын кодта. Хъаны цард кӕны. Уымӕй хуыздӕр бӕстыхай ам никӕмӕн ис.

Уый ӕдде Ханджери! Даргъ-Къохы, бӕхтӕ давгӕйӕ, йӕ худ ӕмӕ йӕ нымӕт чи ныууагъта, уый дӕр ӕрбалӕууын кодта йӕ хӕдзары 150 путы лӕхурӕг мӕнӕу ссад… Дыууӕ азы дӕргъы йӕ кусын нал бахъӕудзӕн… Нӕй… хъуамӕ Уӕсмӕн абон йӕ хӕдзары хъуӕгтӕ иууылдӕр баххӕст кӕна! Кӕннод исчи афтӕ зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ тӕппуддзинады тыххӕй ӕнӕхай баззад…

Дӕс минуты фӕстӕ Сӕйтт ӕмӕ Уӕсмӕны уӕрдӕттӕ цӕттӕйӕ ратулдзысты уынгмӕ. Сӕйтт иунӕг уыди, фӕлӕ Уӕсмӕн йӕ 18-аздзыд фырты дӕр йемӕ ракодта. Алырдыгӕй ӕмызмӕлд кодтой бӕхджынтӕ, уӕрдонджынтӕ ӕмӕ фистӕджытӕ. Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ арӕзт уыди Дзӕуджыхъӕуы ’рдӕм.

– Фӕсте нӕ баззадыстӕм, – сдзырдта Сӕйтт, – фӕлӕ раззӕгтимӕ дӕр не стӕм.

Уӕсмӕн бахудт.

– Уыйас дӕр ласын куы фӕразиккам… Дзӕуджыхъӕу не ’ппӕты фаг дӕр у, ма тӕрс!

Цыма йӕ туджы стылди, уыйау сырх-сырхидӕй сцӕйбырыди хур, йӕ тынтӕй Дзӕуджыхъӕуы хӕдзӕртты сӕртӕ алы ӕрттывд кодтой. Хурыскӕсӕнырдыгӕй уынгты бацӕуӕн нал уыди уӕрдӕттӕй, бӕхджынтӕй, фистӕджытӕй. Уый уыди цӕуджытӕн сӕ сӕр, сӕ кӕроныл та цӕст нӕ хӕцыди, ӕвӕццӕгӕн, ма кӕмтты ӕмӕ цъасты змӕлыдысты фӕстаг цӕуджытӕ.

Сӕйтт ӕмӕ Уӕсмӕн сӕхи сарӕзтой базары уынгмӕ, уым иу стыр хӕдзармӕ сӕ зӕрдӕ ӕхсайдта – тынг дзаджджын ӕнхъӕл ын уыдысты.

Мӕнӕ йӕм фӕхӕццӕ кӕнынц. Фӕлӕ уым сӕ разы фегуырдысты дыууӕ лӕджы ифтыгъд топпытимӕ, тӕссармӕ хъатаратимӕ.

– Аздӕхут ӕндӕр уынгыл! Ацы хӕдзар мах равзӕрстам!

Акастысты размӕ Уӕсмӕн ӕмӕ Сӕйтт – иу-10 уӕрдоны лӕууыди хӕдзары раз. Лӕппутӕ, ас лӕгтӕ ӕмӕ урсрихи зӕрӕдтӕ хастой уӕрдӕттӕм пъалтотӕ, худтӕ, айдӕнтӕ, чырынтӕ, бандӕттӕ, агтӕ, алгъацтӕ, тӕбӕгътӕ, уидгуытӕ, тастӕ, ведратӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ. Иу уӕрдоны раз лӕууыди саулагъз лӕппын чызг. Йӕ астӕуыл ӕвзист рон, йӕ риуыл ӕвзист ӕгънӕджытӕ, йӕ галиу къухы дардта тымбыл айдӕн, рахизӕй та йӕ сӕрыл ӕвзӕрста парижаг худ.

Уымӕй чысыл ӕддӕдӕр ӕндӕр чызг йӕ иу къахыл скодта бӕрзонд зӕвӕтджын батинкӕ ӕмӕ афтӕмӕй цӕуын ӕвзӕрста, фӕлӕ йӕ иннӕ къахыл сӕрак дзабыр кӕм уыди, уым-иу куы уӕлӕмӕ хаудта, куы дӕлӕмӕ. Йӕ фарсмӕ ӕртыккаг чызг йӕ хӕххон къабайыл ӕдде цыбыр юбкӕ ӕрбабаста ӕмӕ алырдыгӕй йӕхимӕ ӕркӕс-ӕркӕс кӕны.

– Ауадзут нӕ иувӕрсты! Мах уӕртӕ ӕндӕр уынгмӕ цӕуӕм! – лӕгъстӕ кӕнгӕйӕ, сдзырдта Уӕсмӕн.

– Кӕд иувӕрсты цӕут, уӕд фӕндараст! – загътой хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ ног ӕрцӕуджыты ауагътой дарддӕр.

Проспектмӕ сӕ бирӕ нал хъуыди, афтӕ иу хӕдзар сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди – дыууӕуӕладзыгон, рудзгуыты стыр ӕвгтӕ ӕрттывтытӕ калдтой. Йӕ разы ӕндӕр бардарӕг ничи уыди, ӕмӕ уӕрдӕттӕ ӕрлӕууыдысты йӕ тӕккӕ раз. Лӕппу уӕрдӕтты раз хъахъхъӕнӕг баззади. Уӕсмӕн ӕмӕ Сӕйтт та мидӕмӕ цӕуыныл фесты. Ӕфсӕйнаг кӕрты дуар фидар ӕхгӕд разынди, ӕнцонтӕй асӕттын нӕ бакуымдтаид. Уӕд Уӕсмӕн уӕрдонӕй фӕрӕт фелвӕста ӕмӕ парадон дуарыл къӕртт кӕныныл фӕхӕцыди. Дуар уайтагъд фӕйнӕрдӕм схъистӕ ӕмӕ фӕрчытӕ ахаудта.

Иу адӕймаг нӕ разынди хӕдзары, ӕвӕццӕгӕн, цӕрджытӕ искӕдӕм фӕлыгъдысты, искуы бафснайдтой сӕ сӕр ацы тас рӕстӕджы.

Дыууӕ лӕджы фӕрӕты руаджы байгом кодтой иннӕ дуӕрттӕ дӕр ӕмӕ зилын байдыдтой хӕдзары къуымты. Стъолтӕ, бандӕттӕ, ӕмӕ афтид скъаппыты йеддӕмӕ хӕдзары ницыуал уыди, ӕвӕццӕгӕн, цӕрджытӕ иннӕ дзауматӕ иууылдӕр семӕ аластой. Иу къуымы ма дзы лӕууыди ӕнахуыр цыдӕр, – уый стъол дӕр нӕ уыди, скъапп дӕр нӕ, чырын дӕр нӕ.

Дисгӕнгӕйӕ, ракӕс-бакӕс кодтой уыцы дзауматӕм Сӕйтт ӕмӕ Уӕсмӕн.

– Мӕнӕ цы уӕззау у! – сдзырдта Сӕйтт, ӕнахуыр чырыныл схӕцгӕйӕ. Уӕсмӕн дӕр ыл авзӕрста ӕмӕ йӕ зӕрдӕ фехсайдта: «Кӕд. мыййаг, ӕхцайы чырын у?»

Уыцы минут ахӕм хъуыды фегуырди Сӕйтмӕ дӕр.

– Къӕдзтӕ-мӕдзтӕ, ницӕйаг дзаума у, – загъта Уӕсмӕн, – фӕлӕ йӕ ӕз сарайы сӕвӕрдзынӕн. Лӕууӕд уым!

– Бӕзгӕ ницӕмӕн кӕны, – загъта Сӕйтт, – фӕлӕ мӕ хӕдзары тыргъы сфидаудзӕн!

Дыууӕ лӕджы «чырыны» алыварс зилын байдыдтой, сгарынц ӕй, схӕцынц ыл, дис кӕнынц, цӕлхытӕ та цӕмӕн ис йӕ къӕхтыл!

«Ай у бӕлвырд ӕхцайы чырын, – хъуыды кодта хинымӕр Сӕйтт, – хъуамӕ йӕ мӕхи бакӕнон!» – цыма чырынмӕ ӕппындӕр йӕ зӕрдӕ нал ӕхсайдта, уыйау ацыди иуварс ӕмӕ ӕндӕр дзауматӕ уыны, хатӕны астӕумӕ сӕ хӕссы.

– Ацы ӕнӕхъуаджы стъол ласынӕй пайда нӕй! – загъта Уӕсмӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр дзауматӕ агурыныл фӕци.

Уыцы ныхас ын ацахста Сӕйтт ӕмӕ загъта:

– Чи зоны, мӕнӕн тыргъы ӕвӕрынӕн сбӕздзӕн!

– Уӕззау у ласынӕн, – загъта Уӕсмӕн дӕр, – уыййеддӕмӕ мӕнӕн сарайы ӕвӕрынӕн сбӕззид, исты дзауматӕ йын йӕ уӕлӕ самаин!

Чи зоны, ацы дзаумамӕ куы нӕ фӕкомкоммӕ уыдаиккой дыууӕ лӕджы, уӕд ӕндӕр ранмӕ ацыдаиккой, – цы сты стъолтӕ ӕмӕ скъаппытӕ! Уыдон агуырдтой ӕхца ӕмӕ исты зынаргъ дзауматӕ.

Ныр сӕм ардыгӕй ацӕуыны фӕнд нал ис.

Бирӕ рафӕлив-бафӕлив фӕкодтой кӕрӕдзи дыууӕ лӕджы, ӕппынфӕстаг бамбӕрстой, сӕ дыууӕмӕ дӕр иу хъуыды кӕй ис ӕмӕ та иумӕ афоныл ӕнахуыр стъолы фӕйнӕ фарс ӕрлӕууыдысты.

Кӕсынц кӕрӕдзимӕ.

– Мауал фӕстиат кӕнӕм, аласӕм ӕй! – загъта Уӕсмӕн.

– Аласӕм ӕй! Иннӕ дзауматӕ нӕ ницӕмӕн хъӕуынц!

Дзурын сӕ нал хъуыди кӕрӕдзийӕн, цӕй тыххӕй ласынц ацы стъол иннӕ дзаумӕтты раз: ӕмхуызон ӕмбӕрстой хъуыддаг сӕ дыууӕ дӕр, цы ма йыл дзырдтаиккой!


– Цӕмӕн афтидӕй цӕуыс, ӕппын ницӕуыл фӕхӕст дӕ? – фарстой Сӕйтты фӕндагыл ӕмбӕлджытӕ.

– Мӕ бӕхыл цыдӕр фыдбылыз ӕрцыди ӕмӕ ма афтидӕй дӕр фӕстӕмӕ куы схӕццӕ уаид! – афтӕ дзуапп лӕвӕрдта Сӕйтт.

Цӕуынц дыууӕ уӕрдоны фӕд-фӕдыл. Стъол ӕвӕрд уыди Уӕсмӕны уӕрдоны. Уӕрдон куы ӕргуыпп кӕны, уӕд стъолы хуылфӕй цавӕрдӕр зӕлланг фехъуысы. Уыцы зӕллангмӕ Уӕсмӕны зӕрдӕ фырцинӕй тынгдӕр сриуыгъдтытӕ кӕны. Фехъуыста кӕддӕр Уӕсмӕн, ис, дам, ахӕм ӕхцайы чырынтӕ, ӕмӕ сӕ исчи куы гом кӕны, уӕд фӕдис ныццӕгъдынц. – Ацы чырынӕн дӕр ӕнӕ ахӕм хос нӕй! – цин кодта хинымӕр Уӕсмӕн. Ныр йӕ кӕрты алыварс дурын быру самайдзӕн. Йӕ хӕдзар зестӕй бамбӕрздзӕн, цъӕх ахорӕнӕй йӕ сахордзӕн, ӕмӕ йӕм ӕгас хъӕу, хӕлӕг кӕнгӕйӕ, кӕсдзысты. Сараздзӕн йӕхицӕн сыгъзӕрин хъама, бӕрцытӕ ӕмӕ рон, йӕ бӕхы дзауматӕ иууылдӕр ӕвзистӕй сӕрттивын кӕндзӕн ӕмӕ… кӕсыс? Дӕлӕ та Уӕсмӕн йӕ сираг бӕхыл Дзӕуджыхъӕумӕ асхуыста. Бирӕ, ноджы бирӕ цыдӕртӕ бакӕндзӕн Уӕсмӕн.

Сӕйтт бады фӕстаг уӕрдоны, йӕ каст у иудадзыг чырынмӕ, мыййаг ӕм Уӕсмӕн исты куы фӕныхила. Йӕ фӕстӕ бады Уӕсмӕны 18-аздзыд лӕппу. Уымӕ дӕр Сӕйтт йӕ хъус дары…

Цы нӕ вӕййы… Мацы хинӕй йыл рацӕуӕнт!

Кӕсы Сӕйтт стъолмӕ, хъуыдытӕ кӕны. 40 азы цӕры ацы дунейы. Нырӕй фӕндарастдӕр никуы фӕци. Бӕх-иу адавта, ӕмӕ-иу ӕй ахӕстоны бадын бахъуыди, йе та-иу бӕхы фӕстӕмӕ байстой. Иу хатт ын фӕдис йӕ цонг дӕр фӕцӕф кодтой, мӕнӕ ныр дӕр дзӕбӕх нӕ тасы… Ныр афтӕ хъуамӕ мауал уа.

Чи зоны, йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ма хаттӕй-хатт давынмӕ дӕр цӕудзӕн, фӕлӕ давӕггаджы хъуаг нал уыдзӕн… Цы цард ӕм ӕрхаудта ӕрӕджиау! Нард род та аргӕвддзӕн ӕмӕ ӕдзух дзидза гарчицӕимӕ хӕрдзӕн… Кӕуылты чырын у, кӕуылты! Ӕххуысгӕнджытӕм куы нӕ фӕдзырдтаиккой, уӕд ӕй уӕрдоны сӕвӕрын ницӕй тыххӕй бафӕрӕзтаиккой. Хъуамӕ дзы милуанӕй къаддӕр ма уа ӕхца… Йӕ фарс ын къухӕй куы басхуыста, уӕд куыд ныззӕлланг кодтой… Гъе, ныр афтӕ аразынц ӕхцайы чырынтӕ, исчи сӕ куы гом кӕны, уӕд фӕдис ныхъхъӕр кӕнынц… Хуыцауӕй бузныг, Сӕйтты рад дӕр ӕрцыди, дзӕбӕх ацӕрдзӕн!

Уыди ӕмбисӕхсӕвмӕ ӕввахс. Хъӕуӕй искӕдӕм давынмӕ чи цыди, уыдон раджы ацыдысты. Иннӕ хъӕуккӕгтӕ, хуырхуыргӕнгӕйӕ, хуыссынц. Нӕ хуыссынц ӕрмӕст Сӕйтт ӕмӕ Уӕсмӕн сӕ бинонтимӕ. Уыдон ӕмбырд сты иууылдӕр Сӕйтты дуарӕхгӕд хӕдзары. Сывӕллӕттӕ, къуымты бадгӕйӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсынц чырыны байгоммӕ. Уыдон ӕнхъӕл сты ӕмӕ дзы рахаудзӕн къафеттӕ, уырыссаг гуылтӕ ӕмӕ исты хъазӕнтӕ. Хъомылдӕртӕ ӕмбӕрстой, ӕхцайы чырын кӕй у, ӕмӕ дӕрддзӕф лӕугӕйӕ, кастысты Уӕсмӕн ӕмӕ Сӕйтты къухты змӕлдмӕ.

Уӕсмӕн ӕмӕ Сӕйтт зылдысты чырыны алыварс, агуырдтой йын йӕ байгомгӕнӕн ран ӕмӕ йӕ нӕ ардтой. Уӕд Уӕсмӕн атъыста фӕрӕты роцъо сӕрвӕйнӕджы бын. Фӕйнӕг скъӕр-къӕр кодта ӕмӕ фӕхицӕн ис. Мӕсты хъырныд ӕмӕ дзынӕзт айхъуысти уаты къуымты.

– Уый йӕхӕдӕг у, гъе! – сцин кодта Уӕсмӕн.

Ныккастысты дыууӕ лӕджы чырыны хуылфмӕ. Алырдӕм дзы телтӕ ивӕзт, цавӕрдӕр къӕбӕлтӕ дӕр дзы бирӕ.

Уӕсмӕн ӕрцавта фӕрӕтӕй иу кӕрон ӕмӕ фӕтарсти, тынг ныззӕлланг кодта чырын – сыхӕгтӕ куы фехъусой, уӕд уыдон дӕр хай агурдзысты.

– Тагъд кӕнынӕй пайда нӕй! – загъта Сӕйтт. – Сындӕггай йын расыгъдӕг кӕнын хъӕуы йӕ фӕдис хъӕргӕнӕнтӕ!

Боныцъӕхмӕ бирӕ нал хъуыди, уӕд чырын иууылдӕр хицӕнтӕгонд фӕци – фӕйнӕгӕй, телӕй, къӕбӕлӕй, фӕлӕ дзы ӕхца ӕппындӕр нӕ разынди.


Хӕлддзӕгты алыварс фӕлладӕй ӕрбадтысты Уӕсмӕн ӕмӕ Сӕйтт. Сдзурын дӕр, кӕрӕдзимӕ бакӕсын дӕр нал уӕндыдысты. Сӕ кӕрӕдзийӕ дӕр ӕфсӕрмы кодтой, сӕ бинонтӕй дӕр. Фӕлӕ сӕ тынгдӕр ӕрдиаг уыди уый тыххӕй, сомбон хъӕубӕстӕ куы базоной ацы хъуыддаджы тыххӕй, уӕд сын уынгмӕ акӕсӕн нал уыдзӕн – худдзысты сыл!

Ӕвиппайды Сӕйтт дыууӕ къухӕй йӕ сӕрмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ фӕхъӕр кодта:

– Фӕндыр уыди!.. Фӕндыр уыди!.. Цӕй рох мӕ фӕци!

Радзырдта Сӕйтт чысылӕй йӕ фыдимӕ суг куыд нылластой Дзӕуджыхъӕумӕ, уым куыд федта иу чызджы ахӕм фӕндырыл хъазгӕ.

Уӕсмӕн ӕнӕдзургӕйӕ йӕ сӕр ӕрдиаггӕнӕгау банкъуыста.

– Фӕхудинаг стӕм, хынджылӕг фӕкодтам нӕхицӕй!

Уым Сӕйтты цӕстытӕ ӕррайы цӕстытау ферттывтой.

– Цом, Уӕсмӕн, фӕстӕмӕ! Ифтындзгӕ дӕ уӕрдон! Хъуамӕ худинагӕй ма баззайӕм!

– Никӕд ныххатыр кӕндзынӕн ацы рӕдыд мӕхицӕн! – загъта Уӕсмӕн ӕмӕ сыстад йӕ бынатӕй. Иу-15 минуты фӕстӕ дыууӕ уӕрдоны ратылдысты уынгмӕ. Уым Сӕйтт ӕмӕ Уӕсмӕны хъустыл ауади: «Бафснайут уӕ уӕрдӕттӕ, коммунисттӕ схӕццӕ сты!»