КЪОРНАТИ Мухарбег
УАРЗТИ ФУДВӔНДАГ
Хадзимурзӕ лӕмбунӕг фе-гъуста Хъарадзауи-фуртмӕ, уӕд-та загъта:
– Раст зӕгъуй Хъарадзауи-фурт: кизгӕ фӕстӕмӕ есгӕ ‘й.
– Ӕма кӕд кизгӕн ӕхе фӕндадтӕй, уӕдта? – бафарста кадӕр.
– Уӕдта ин мӕнӕ аци хъӕма мӕхе къохӕй ӕ тӕккӕ зӕрдисӕри ниссадздзӕнӕн! – ниттилдта ӕ фӕтӕнком хъӕма Хадзимурзӕ. Ӕртиккаг бон дууӕсӕдӕ бӕхгини – Къуадзихътӕ ӕма Хъарадзаутӕ рараст ӕнцӕ Киристонгъӕумӕ Хадзимурзи кизги байсунмӕ. Бацудӕнцӕ бал Туйгъанти гъӕумӕ. Ӕрхизтӕнцӕ Туйгъанти инӕлар Амурхани урух тургъи. Амурхан рацудӕй кӕсгон ӕлдар Хадзимурзи размӕ. Пусулмон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ин салам равардта.
– Медӕмӕ, мӕ хъазар иуазӕг, – загъта Амурхан.
– Хуарз хабари хӕццӕ дӕмӕ не ‘рбацудтӕн, мӕ хестӕр ӕнсувӕр, – райдӕдта мӕтъӕлӕй ӕ дзубанди Хадзимурзӕ. – Зӕруӕрдӕмӕ мӕ Къорнатӕ адӕми астӕу аллайаг ӕма ходуйнаг фӕккодтонцӕ. Мӕ ходуйнаг Къорнати тогӕй ку нӕ нихснон, уӕд ин ӕндӕр амал нӕ зонун. Ӕма ди Хуцауӕй корӕгау корун: фӕккӕсӕ мӕмӕ адӕмӕй. Мӕ уорс закъӕ мин ка ницъцъумур кодта, не ‘лдари ном нин ка исӕгадӕ кодта, уонӕн гъӕуама ӕз сӕ куййи бунӕттӕ байамонон.
– Хъӕбӕр хуарз дин лӕдӕрун, Хадзимурзӕ, де ‘фхуӕрд, фал мӕ зӕрдӕмӕ еу гъуддаг нӕ цӕуй ӕма мин ниххатир кӕнӕ, дӕ хӕццӕ арази нӕ дӕн! – ӕ уорс закъӕ расӕрфгӕй, загъта Амурхан. – Къорнати нихмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ цӕун арси нихмӕ фӕруӕ лӕдзӕги хӕццӕ цӕунӕй уӕлдай нӕй. Аци гъуддаги сауӕнгӕ паддзахи закъонтӕ ӕма паддзахи хецӕуттӕ мах фарс ке лӕудзӕнӕнцӕ, уой нӕ зонис?
– Ӕз нур закъонтӕбӕл нӕбал дзордзӕнӕн. Етӕ идард гъуддӕгутӕ ‘нцӕ. Фал ме ‘фхуӕрдӕн, мӕ ходуйнагӕн гъӕуама мӕхуӕдӕг уон тӕрхонхӕссӕг. Уотӕ ралух кодтон ӕз.
Цидӕр зӕгъун ма фӕндадтӕй Амурхани, фал имӕ нӕбал байгъуста Хадзимурзӕ.
Кӕсӕг Амурханӕй рацудӕнцӕ Гъӕристӕбӕл. Киристонгъӕуи ӕргъау хизтӕй уоми. Гъонгӕс сӕ ку рауидта, уӕд фонс фӕууагъта е ‘мбал биццеуи барӕ, ӕхуӕдӕг бӕхбӕл ӕхе багӕлста. Фӕсвӕдти-фӕсвӕдти кӕсӕгӕй фӕрраздӕр ӕй Киристонгъӕумӕ. Дзиуари рази ӕргӕпп кодта бӕхӕй ӕма устур дзӕнгӕрӕг фӕдеси цагъд никкодта.
Цӕстифӕнникъулдмӕ дзиуари рази байдзаг ӕй фестӕг ӕма бӕхгин адӕмӕй. Кӕрӕдзей хинцфарст кодтонцӕ, фал ци ‘рцудӕй, уомӕн неке неци зудта. Гъонгӕс син лӕф-лӕфгӕнгӕ загъта:
– Кӕсӕги ӕфсӕдтӕ Киристонгъӕумӕ ӕрбампурстонцӕ.
Адӕм сӕ фӕтӕнком хъӕматӕ фелвастонцӕ ӕма сӕ дортӕбӕл циргъ кӕнун райдӕдтонцӕ. Уӕдмӕ Къорнати Хъубади уорс бӕхбӕл, ӕ хуӕрзеугутӕ ӕма ӕ пъагӕнттӕ ӕ уӕле, уотемӕй фӕззиндтӕй адӕми астӕу.
– Мӕнӕ хуарз адӕм, – загъта Хъубади уӕлбӕхӕй. – Басабур уотӕ минкъий, кӕрӕдзей дзубанди балӕдӕрӕн! Кӕсӕги ӕлдӕрттӕ ӕрбампурстонцӕ сӕ кизгӕмӕ – Къорнати киндзӕмӕ. Сӕ хӕццӕ никкидӕр ӕрбацудӕнцӕ Хъарадзаутӕ, кизгӕ лӕвӕрд кӕмӕн адтӕй, етӕ. Куд уӕ фӕндуй, хуарз адӕм? Ци дзуапп син раттӕн?
– Ци дзуапп син зӕгъӕн? Къуадзихъти кизгӕн нӕбал ес фӕстӕмӕ над, – нигъгъӕр кодта еу лӕг.
Уӕдмӕ уӕллӕй еу къуар лӕги ӕсхуститӕгӕнгӕ сӕ разӕй ӕртардтонцӕ дууӕ лӕгей ӕнӕ рӕнттӕй.
– Ка ‘нцӕ етӕ? – фӕрсуй Хъубади.
– Уартӕ сӕ Къуадзихътӕ ӕрбарвистонцӕ минӕвар! Кенӕ, дан, нин нӕ кизги ракӕнетӕ, кенӕ ба тох кӕнӕн.
Адӕм сӕхе никкалдтонцӕ дууӕ минӕваребӕл ӕма сӕ нӕмун райдӕдтонцӕ.
Хъубади ӕрхизтӕй ӕ бӕхӕй ӕма сӕ байергъӕв кодта. Минӕвӕрттӕ ӕрдӕгарудтитӕй райервазтӕнцӕ фӕстӕмӕ. Хадзимурзӕ сӕмӕ ку ‘ркастӕй, уӕд балӕдӕрдтӕй, хуарз адӕми ахӕсти ке нӕ фӕцӕй, уой. Сӕ бӕхтӕбӕл сӕхе бакалдтонцӕ ӕма ӕнӕ нецӕмӕй рараст ӕнцӕ.
– Мӕ ходуйнаг, ме ‘фхуӕрд ӕз Къорнатӕн уотемӕй нӕ ниууадздзӕнӕн, – загъта Хадзимурзӕ ӕ хестӕр фурт Нануйӕн.
– Дӕ зӕрди ци ес, мӕ фидӕ, дӕ унаффӕ куд ӕй? – бафарста Нану.
– Курдиадӕ бадӕттун гъӕуй инӕлармӕ.
Ӕма бабӕй иннӕ бон Хадзимурзӕ ӕма Нану тачанки бамедӕг ӕнцӕ Нальчикки Хъарадзаути Смайлимӕ. Смайли куста пъиристӕфӕй. Хадзимурзӕ ‘й баййафта ӕ къӕнцилари.
– Мӕ хабар мин, Смайли, зонис. Адӕми астӕу мӕ цӕсгон равдесун нӕбал ӕндеун. Бацудан хъазауатонӕй Къорнатӕмӕ дууӕсӕдӕ бӕхгиней хӕццӕ… Киристонгъӕу еу лӕги хузӕн ниллӕудтӕнцӕ Къорнати фарс. Ци амал ма нин адтӕй? Раздахтан фӕстӕмӕ. Нур ди корун, ӕма мин гӕгъӕди ниффинсӕ инӕлармӕ, Къорнати куд бафхуӕронцӕ, уотӕ.
– Уой туххӕй мӕнӕй корун нӕ гъӕуй, Хадзимурзӕ. Айдагъ дӕу нӕ бафхуардтонцӕ Къорнатӕ, ӕфхуӕрди ӕфхуӕрд мах ку бакодтонцӕ.
Смайли ниффинста курдиадӕ инӕлармӕ. Хадзимурзӕ еци фӕдбӕл рандӕ ‘й Дзӕуӕгигъӕумӕ. Ӕ бӕх ниууагъта ӕ фусунтӕмӕ, ӕхуӕдӕг инӕлари къӕнцилармӕ рандӕ ‘й. Берӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун ӕй нӕ бауагъта инӕлар: ӕлдӕрттӕ паддзахи доги кадгин адтӕнцӕ. Хадзимурзӕ ӕ ронӕй раласта ӕ курдиадӕ ӕма ‘й балӕвардта инӕлармӕ.
– Фегъустон дин дӕ хабар. Финстонцӕ мӕмӕ дӕ бафхуӕрди туххӕй. Нальчикки зилди хецау Хъилисбити болкъон, уӕдта Дзӕуӕгигъӕуи зилди хецау дӕр, – загъта инӕлар ӕма Хадзимурзи курдиадӕ бакастӕй, уӕдта ма ӕ дзубандимӕ бафтудта: – Фал дӕ курдиадӕй ци рауайдзӕнӕй, уомӕн ба дин нуртӕккӕ мӕ бон неци зӕгъун ӕй. Уой туххӕй ӕма…
– Кӕд дӕу бон неци ‘й аци гъуддаги, уӕд ма мӕ гъаст кӕмӕ бахӕссон? Гъуддӕгутӕ еугурӕйдӕр – дӕ къохи.
– Уомӕй раст зӕгъис, Хадзимурзӕ, фал хецӕуттӕ дӕр гъуддагмӕ кӕсунцӕ закъонтӕмӕ гӕсгӕ. Закъон ба уотӕ амонуй, ӕма кӕд дӕ кизгӕ ӕхе фӕндӕй ӕскъӕфт ӕрцудӕй, уӕд махӕн нӕ бон неци ‘й.
– Мӕ кизгӕн Къорнатӕ бакодтонцӕ тухӕ. Нӕ ‘й фӕндадтӕй, уотемӕй ӕй раскъафтонцӕ.
– Нӕ зонун, Хадзимурзӕ, фал мӕнмӕ уӕхӕн хабар иссудӕй, цума дӕ кизгӕ ӕхе фӕндӕй скъӕфт ӕрцудӕй.
– Баруагӕскӕнуйнаг нӕй еци хабар. Цалинмӕ мӕхе гъостӕй фегъосон мӕ кизгӕн ӕ фӕндӕ, уӕдмӕ мин некӕбӕл ес баууӕндӕн, – гъӕддухӕй загъта Хадзимурзӕ.
– Мадта дин е ба мӕ ихӕслӕвӕрд, – загъта инӕлар. – Ӕз дӕ кизгӕмӕ къуӕрей бонмӕ фӕдздзордзӕнӕн ӕма ‘й бафӕрсдзӕнӕн.
Инӕлар рарвиста Киристонгъӕуи хецаумӕ – Бӕтмӕнти Дрисмӕ: Къорнатӕ къуӕрей бонмӕ сӕ киндзи куд исхъӕртун кӕнонцӕ Дзӕуӕгигъӕумӕ.
Хадзимурзӕ нӕбал рандӕ ‘й сӕхемӕ.
Къорнатӕ ӕмгъуд бонмӕ цӕттӕ кӕнун райдӕдтонцӕ сӕ киндзи. Дууӕ кизги ӕма Хадизӕт исбадтӕнцӕ тачанки. Кӕстӕр ӕнсувӕр Салат фондзӕхстони хӕццӕ исбадтӕй бӕхтӕрӕгӕн. Лӕгӕмбалӕн ба син бӕхтӕбӕл сӕ хӕццӕ рарвистонцӕ Аслӕнбеги, Тогъузати Цӕрай ӕма ма еу къуар бӕхгини, Къорнати хӕстӕгутӕй.
Дууадӕс сахаттемӕ Къорнатӕ гъӕуама иссудайуонцӕ инӕлари къӕнцилармӕ. Хадзимурзӕ Дзӕуӕгигъӕуи ‘й, уомӕн ба неци зудтонцӕ. Къорнатӕ нӕма иссудӕнцӕ, уотемӕй инӕлар фӕдздзурдта Хадзимурзӕмӕ ӕма ин загъта:
– Нуртӕккӕ Къорнатӕ ами уодзӕнӕнцӕ. Кизги хӕццӕ дзубанди кӕндзӕнӕн ӕз, ду ба дӕхе баримӕхсӕ уартӕ скъаппи фӕсте ӕма уордигӕй игъосӕ.
– Хуарз, – загъта Хадзимурзӕ ӕма бацудӕй скъаппи фӕстемӕ.
Уӕдмӕ фӕззиндтӕнцӕ Къорнатӕ дӕр. Инӕлар сӕмӕ ку фӕдздзурдта, уӕд дууӕ ӕнсувӕри – Аслӕнбег ӕма Салат ӕрбахудтонцӕ Хадизӕти. Аслӕнбег – ӕд хуӕрзеугутӕ. Инӕлар ин ӕ хуӕрзеугутӕ ку рауидта – дууӕ крести ӕма майдан – уӕд ӕй бафарста:
– Кӕми сӕ райстай?
– Японий тугъди. Адтӕн инӕлар Мищенкой ӕфсади. Япойнаг болкъони райстон уацари, – загъта Аслӕнбег.
– Е хуарз, хъӕбӕр хуарз. Гъе, фал Къуадзихъти ӕлдарӕн тухмиуӕ ке исаразтайтӕ, уомӕй ба хуарз нӕ бакодтайтӕ… Кизги бал ами ниууадзетӕ еунӕгӕй, уӕхуӕдтӕ ба бал ӕндӕмӕ рахезетӕ. Ку уӕмӕ фӕдздзорон, уӕд ӕрбацӕудзинайтӕ, – рарвиста инӕлар Аслӕнбег ӕма Салати.
– Де ‘скъӕфти хабар мин радзорӕ кӕрӕй-кӕронмӕ… Тухӕй дӕ куд раскъафтонцӕ Къорнатӕ?.. Тӕрсгӕ ма кӕнӕ… Нӕ дууемей ӕндӕр ами неке ес…
– Мӕ фидӕ мӕ нӕ лӕвардта Къорнатӕн, фудмуггаг ӕнцӕ, зӕгъгӕ. Къорнатӕ мӕмӕ ӕрбацудӕнцӕ скъӕфунмӕ, фал сӕ къохи нӕ бафтудтӕн. Римӕхст адтӕн мӕ мади ‘рвадтӕлтӕмӕ. Уой фӕсте мӕ фидӕ ӕма мӕ хестӕр ӕнсувӕр Нану бафедудтонцӕ ӕнӕ мӕн бафӕрсгӕй Хъарадзаути хӕццӕ. Нӕ мӕ фӕндадтӕй Хъарадзаутӕмӕ ӕма сосӕггай фӕххабар кодтон Аслӕнбегмӕ. Ӕма мӕ фӕлластонцӕ…
– Дӕхе фӕндӕй?
– Мӕхе фӕндӕй! Ку мӕ нӕ фӕндадтайдӕ, уӕд Аслӕнбегмӕ дӕр нӕ фӕххабар кодтайнӕ.
– Ӕма Къорнатӕ уе ‘мсӕр ку нӕ ‘нцӕ, сау адӕмӕй ку ‘нцӕ…
– Ӕма уарзондзийнадӕ муггагӕй фӕрсуй?
Хадизӕт ӕ дзубанди нӕма фӕцӕй кӕронмӕ, уотӕ скъаппи фӕстейӕй рацудӕй Хадзимурзӕ. Хазидӕт ӕ фиди ку рауидта, уӕд фӕттарстӕй ӕма ӕхе ӕвваст инӕлари фӕсте раримахста, агъазӕнгъӕл.
Инӕлар исистадӕй ӕма ӕдзинӕг никкастӕй Хадзимурзӕмӕ. Хадзимурзӕн ӕ уорс закъӕбӕл гӕр-гӕрӕй калдӕнцӕ ставд цӕстисугтӕ.
– Корун ди хатир, инӕлар, – унгӕг гъӕлӕсӕй ма исдзорун ӕ къохи бафтудӕй Хадзимурзӕн, ӕма уӕнтӕхъел ӕма сӕргубурӕй дуарӕй рахизтӕй. Аслӕнбег ӕма Салат Хадзимурзи ку рауидтонцӕ, уӕд тагъд-тагъдӕй фӕммедӕг ӕнцӕ инӕлари къӕнцилармӕ. Хадизӕт ӕхе багӕлста Аслӕнбегмӕ.
– Аци гъуддаги дӕ, Къорнай-фурт, закъон нӕ зулун кӕнуй, кизгӕн ӕхе фӕндӕ ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ.
Хадзимурзӕ ба нецӕй хӕццӕ рандӕ ‘й Дзӕуӕгигъӕуӕй дӕр.
– Зӕрдӕдарӕн нин некӕбӕл бал ес, – загъта Хадзимурзӕ, ӕ хестӕр фурт Нануйӕн, Дзӕуӕгигъӕуӕй ку ‘рӕздахтӕй, уӕд. – Нӕ маст нӕхуӕдтӕ ку нӕ райсӕн Къорнатӕй, уӕд нин ӕндӕр амал нӕййес. Ӕ тӕрхон ба цубур ӕй – маргӕ!
– Арази дӕн дӕ хӕццӕ, мӕ фидӕ. Ӕндӕр тӕрхони аккаг нӕй Къорнай-фурт.
– Хийнӕй ибӕл рацӕун гъӕуй. Ескумӕ ‘й расайун гъӕуй ести рӕуонӕй, – загъта Хадзимурзӕ. – Ӕндӕр ин тухӕй неци бакӕндзинан…
Берӕ нӕ рацудӕй еци дзубандий фӕсте, уотӕ ба Хадзимурзӕ рарвиста Хъарадзаутӕмӕ, ӕма етӕ дууемӕй тӕргӕбӕхӕй фӕззиндтӕнцӕ. Сӕ еу – Хадизӕт курд кӕмӕн адтӕй, еци биццеу, ӕ ном уомӕн дӕр хундтӕй Аслӕнбег. Иннӕ ба – Аслӕнбегӕн ӕ кӕстӕр ӕнсувӕр.
Сӕумӕй Хадзимурзӕ ӕма Хъарадзаути ӕнсувӕртӕ тачанки бадтӕнцӕ, Нану ба саргъи бӕхбӕл, уотемӕй рараст ӕнцӕ. Ӕргинарӕгӕмӕ ку ‘рбахъӕрдтӕнцӕ, уӕд Хадзимурзӕ ӕма Хъарадзаути ӕнсувӕртӕ иссудӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕумӕ. Нану ба раздахтӕй рахесӕрдӕмӕ, Ӕфси къубури рӕзти Киристонгъӕумӕ.
Ӕргъау куд ӕрбаскъардтонцӕ, уотӕ Нану дӕр ӕрхизтӕй Къорнати тургъи. Салат сӕхемӕ нӕ разиндтӕй, фал иуазӕгмӕ рауадӕй Аслӕнбег.
– О-о, иуазӕг, медӕмӕ! – бацийнӕ кодта ӕ каййесбӕл ӕма ин медӕмӕ загъта.
Нану исиста нимӕт, ӕ гӕрзтӕ ӕма сӕ Аслӕнбегмӕ равардта, ӕхуӕдӕг медӕмӕ бацудӕй. Ӕ хъури никкодта ӕ хуӕри ӕма ӕ цохъай дуси кӕронӕй ӕ цӕстисугтӕ расӕрфта.
– Бахатир мин кӕнӕ, фал мӕ хуӕртӕ ӕма ме ‘нсувӕртӕй Хадизӕти бӕрцӕ неке уарзун, – ӕрӕгиау загъта Аслӕнбегӕн.
– Куд ӕй нана… мӕ еунӕг хуӕрӕ Фаризӕт? – Хадизӕт дӕр ӕ цӕстисугтӕ сӕрфгӕй бафарста Нануй.
– Неци син ӕй, дзӕбӕх ӕнцӕ еугурӕйдӕр Хуцауи фӕрци, – загъта Нану.
– Мӕ фидӕй дӕ нӕ фӕрсун… Зонун ӕй, ке мин нӕ ниххатир кӕндзӕнӕй…
– Тобӕ, зӕгъӕ, мӕ уарзон хуӕрӕ… Рӕдуйис нӕ фиди туххӕй. Раст зӕгъун гъӕуй, зин ин адтӕй, фал фат ку фехсай, уӕд ма ин кӕми ес фӕстӕмӕ раздахӕн? Нур ами дӕр мӕ фиди зундӕй дӕн… Тог тогӕй не ‘хснадӕуй…
Аслӕнбеги цӕсгонбӕл медбилтихудт рагъазта.
– Бадгӕ искӕнӕ, мӕ сиахс, ӕз дин мӕ хабӕрттӕ ракӕнон, – Нану ӕ фарсмӕ ӕрбадун кодта Аслӕнбеги. – Нӕ фидӕ нуртӕккӕ Дзӕуӕгигъӕуи ӕй, мӕн ба дӕумӕ рарвиста. Гъӕуама нӕ дууӕ дӕр сахармӕ‘ иссӕуӕн ӕма уоми бафедауӕн. Уӕдта нӕ хуӕрӕн дӕр киндздзӕгтӕ балхӕнун гъӕуй ӕма ин, куд ӕнгъезуй, уотӕ ӕгъдау искӕнӕн.
Хадизӕт лӕмбунӕг игъуста нӕлгоймӕгти дзубандимӕ ӕма ӕ цӕсгони хузӕ раййевӕ-баййевӕ кодта, ӕ цӕстингасбӕл бӕрӕг адтӕй, сӕ дзурдиуагӕ ӕма ӕууӕлтӕ ӕ зӕрдӕмӕ ке нӕ цудӕнцӕ, фал сӕмӕ дзорун ба неци фӕразта. Аслӕнбег Нануй фӕндонбӕл ку исарази ӕй, уӕд Хадизӕт сабургай исистадӕй ӕма, ӕ къахдзӕфтӕ нимайгӕй, сӕргубурӕй рахизтӕй сӕ разӕй ӕма ӕ уатмӕ бацудӕй.
Еу афони иуазӕг ниххустӕй ӕма Аслӕнбег дӕр ӕ уатмӕ бацудӕй. Кӕсуй ӕма Хадизӕт хӕкъурццӕй кӕуй.
– Ци нӕбӕл ӕрцудӕй, ӕви дин де ‘нсувӕри фӕууиндӕ гъулӕг адтӕй? – ходӕнбилӕй бафарста Аслӕнбег.
– Аслӕнбег, мӕ царди нивӕ, ехи буни гъар дон некӕд цӕуй, зӕгъгӕ, фидтӕлтӕ уотӕ дзориуонцӕ. Сайдӕй дӕбӕл цӕунцӕ, ӕнгъӕлдӕн… Мӕ зӕрдӕ ‘й зонуй… Ӕууӕнкӕ сӕбӕл нӕййес. Бахуӕрунвӕндӕ дӕ искодтонцӕ, – Аслӕнбеги дӕлхъур ӕхе раниуӕрста Хадизӕт.
– Цитӕ дзорис, дӕ хуарзӕнхӕй, Хадизӕт! Хадзимурзӕ балӕдӕрдтӕй, гъуддагӕй ке нецибал рауайдзӕнӕй, уой ӕма ‘й бафедауни туххӕй ӕрбарвиста.
– Ма кӕнӕ, Аслӕнбег, сайд дӕбӕл цӕуй! – никки федардӕрӕй загъта Хадизӕт ӕма Аслӕнбегбӕл ӕ лӕмӕгъ къабӕзтӕ ӕрбатухта, цума ин райервӕзунӕй тарстӕй, уотӕ.
Уотӕ дзубандигӕнгӕ сӕбӕл ӕрбон ӕй. Сӕумӕй фестадӕй Аслӕнбег ӕма Тогъузати Цӕраймӕ бауадӕй. Ракодта ин ӕ хабар.
Цӕрай, Аслӕнбег ӕма Нану ӕртемӕй саргъи бӕхтӕбӕл рабадтӕнцӕ, ӕма ӕд гӕрзтӕ фӕрраст ӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕумӕ. Хадизӕти ма бӕргӕ фӕндадтӕй Аслӕнбегӕн хуӕрзбон зӕгъун, фал е дӕр ӕ къохи нӕбал бафтудӕй, нӕ ин фӕцӕй фадуат. Къӕразгӕбӕл бӕргӕ ӕхе ниццавта, ку фӕцӕйцудӕнцӕ, уӕд, фал ма Аслӕнбегӕн рауидта айдагъдӕр ӕ бӕхи къӕдзелӕ.
Ӕртӕ бӕхгини ӕрфусун кодтонцӕ иуазӕгуати тургъи. Аслӕнбег бацудӕй ӕма уат баххурста. Нануй хӕццӕ бацудӕнцӕ уатмӕ, Цӕрай ба бӕхтӕ раласта Кузнецкийи гъӕунгӕмӕ.
Цийнӕ кодтонцӕ кӕрӕдзебӕл Аслӕнбег ӕма Нану диванбӕл бадгӕй. Уӕдта Аслӕнбег фестадӕй, ӕ тохӕн дзаумӕуттӕ – ронӕ ӕма дамбаца райхӕлдта ӕ астӕуӕй ӕма сӕ стъолбӕл ӕрӕвардта, раласта ӕ цохъа ӕма ‘й ауиндзӕнбӕл исауигъта.
– Мӕ уарзон каййес, ӕнкъард ма кӕнӕ, ӕз хуӕрӕндон ӕрдӕмӕ бакӕсон, – дзоруй Нанумӕ. Ӕма дуарӕй рахизтӕй.
Нану еунӕгӕй байзадӕй. Разелӕ-базелӕ ракодта хӕдзари къумти, къӕразгӕй ӕндӕмӕ ракастӕй, ӕма ку базудта Аслӕнбег хӕстӕг некӕми ӕй, уой, уӕд стъолбӕл дамбаца ӕ хумпъурӕй исласта ӕма ин тагъд-тагъд нӕмгутӕ ӕ къохмӕ ӕркалдта, уӕдта ‘й фӕстӕмӕ ӕ бунати рафснайдта. Ӕ хузӕ фӕццудӕй Нануйӕн, уотемӕй диванбӕл ӕрбадтӕй. Уӕдмӕ Аслӕнбег ӕрбахизтӕй, ӕ къохи дууӕ шампайнаг авги, ӕ фӕсте ба ӕрбахизтӕй еу силгоймаг, ӕ къохи тӕбӕгъ, хуӕруйнӕгтӕй е ‘дзагӕй.
Силгоймаг салам равардта Нануйӕн. Нану диванӕй фестадӕй, тӕбӕгъ райста ӕма ‘й стъолбӕл ӕрӕвардта. Силгоймаг раздахтӕй.
Аслӕнбег стъолӕй райста хъӕма, дамбаца, ронӕ. Ӕрӕвардта дууӕ авги. Нанумӕ фӕккастӕй ӕма имӕ дзоруй:
– Дӕ хузӕ ци кӕнуй, ести ди ресуй?
– Мӕ ахсӕн мӕ хъор кӕнуй, – ӕ губунмӕ февналдта Нану.
– Нуртӕккӕ ‘й радзӕбӕх кӕндзинан, – авгӕ исиста стъолӕй Аслӕнбег, агувзӕмӕ си рауагъта ӕма ‘й Нанумӕ дӕттуй. – Раниуазӕ, ӕма дӕ кӕд исуадзидӕ.
Ӕхецӕн дӕр рауагъта ӕма фӕйнӕ баниуазтонцӕ. Аслӕнбег карк ӕркъуӕхтӕ кодта ӕма хуӕрунбӕл ӕрбадтӕнцӕ. Нану, ӕ ходи бунти кӕсгӕй, ӕ губунмӕ февналӕ-февналӕ кӕнуй.
– Нӕма дӕ исуагъта дӕ ахсӕн? – фӕрсуй Аслӕнбег.
– Минкъий мин фенцондӕр ӕй, фал мӕ уӕддӕр хъор кӕнуй.
Аслӕнбег фӕстӕмӕ байдзаг кодта дууӕ агувзи ӕма Нанумӕ дзоруй:
– Мӕнӕ-ма еу баниуазӕ ӕма уӕд фӕррӕвдзӕдӕр уодзӕнӕ.
Хуӕрд ку фӕцӕнцӕ, уӕд Аслӕнбег бадзурдта хуӕрӕндони косӕгмӕ ӕма силгоймаг бафснайдта стъол.
Бон изӕрӕрдӕмӕ ракъолӕ ‘й. Аслӕнбег ӕма Нану искодтонцӕ сӕ дзаумӕуттӕ ӕма иуазӕгдонӕй рахизтӕнцӕ, сахари ратезгъо кӕнӕн, зӕгъгӕ. Цӕрай сӕбӕл фембалдӕй гъӕунги, ӕма имӕ Аслӕнбег дзоруй:
– Бӕхтӕн сайӕн радтӕ.
Цӕрай тегъӕй фӕззилдӕй, дуарӕй нӕма бахизтӕй бӕхтӕмӕ, уотӕ топпи гъӕр фӕццудӕй. Нану ӕ галеу къохӕй Аслӕнбеги дӕларм хуӕстӕй, рахес къохӕй ба ӕ дзиппӕй дамбаца исласта ӕма ‘й Аслӕнбеги ронбастмӕ ниццавта, ӕхуӕдӕг ралигъдӕй. Аслӕнбег дамбаца фелваста бӕргӕ:
– Гиауртӕ, хийнӕй мӕбӕл рацудайтӕ!
Фал си фат нӕ разиндтӕй. Фехста дамбаца, хъӕма исласта ӕма ‘й фӕссоруй, фал ибӕл уӕдмӕ фӕстеггӕй нӕмгутӕ низгъалдтонцӕ Нануй ӕмбӕлттӕ. Дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕй Аслӕнбег. Цӕрай топпи гъӕрмӕ бӕргӕ фӕттагъд кодта, фал байрӕги ‘й. Фӕллӕбурдта ма цӕф лӕгмӕ. Цалдӕр загъди ма исхаудтӕй Аслӕнбеги цъухӕй:
– Хийнӕй рацудӕнцӕ гиауртӕ… Мӕ тог мин ма ниууадзетӕ… Салат… Хъарадзау… фурт… – ӕма ӕ уод исиста.
Ци гӕнӕн ма адтӕй. Марди бамбӕрзта Цӕрай нимӕтӕй. Сӕумӕй Аслӕнбегӕн искӕнун кодта цӕнгӕт кирӕ. Батухта ‘й нимӕти ӕма ‘й исӕвардта файтони, ӕ бӕх ин бабаста файтони фӕсте, ӕхуӕдӕг ба ӕ фарсмӕ цудӕй, уотемӕй мард ӕрласта Ӕрӕдонмӕ.
Ӕрӕдонӕй Цӕрай рарвиста Къорнатӕмӕ гъӕргӕнӕг. Беремӕй рацудӕнцӕ Киристонгъӕу зиани размӕ. Уорсдони донибилӕмӕ ку исхъӕрдтӕй мард, уӕд кирӕ райстонцӕ файтонӕй ӕма ‘й сӕ усхъитӕбӕл, кӕрӕдзей ӕййевгӕй, Къорнати тургъӕмӕ исхастонцӕ.
Нӕлгоймагӕй, силгоймагӕй аллирдӕмӕ низмалдӕнцӕ. Фӕрсаг гъӕутӕй адӕм цудӕнцӕ бӕхтӕбӕл, уӕрдунти, фестӕгӕй. Еу къуар нӕма фӕцӕй е ‘гъдау лӕвӕрд, уотӕ бабӕй ӕй иннӕ къуар баййафидӕ – ӕнӕскъунгӕ цудӕнцӕ ӕма цудӕнцӕ мӕрддзогойнӕ.
Къорнатӕ пусулмон ке адтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ мӕрдтӕбӕл саугин некӕд аргъудта. Киристонгъӕуи ба молло нӕ адтӕй, уомӕ гӕсгӕ Аслӕнбеги нигӕдтонцӕ ӕнӕ саугинӕй, ӕнӕ моллой аргъудӕй. Кири размӕ бакодтонцӕ Хадизӕти ӕма Аслӕнбеги бӕхи фӕлдесунмӕ. Зӕронд лӕг райста устур хъӕзин къос бӕгӕнийӕй идзаг ӕма бӕх ниффӕлдиста. Рохс загъди фӕсте хъӕзин къос бӕхи къахбӕл ниццавта ӕма ниппурх ӕй. Уӕдта Аслӕнбегӕн ӕ еу ӕмбал бӕхбӕл ӕхе багӕлста, ниццӕфтӕ ‘й кодта ӕма барӕги арвиталингити раскъафта. Зӕронд лӕг райста кӕрдӕн ӕма Хадизӕти сӕри хелӕй галеу сӕрифахсӕй дзӕвгарӕ бундзуг ралух кодта ӕма ‘й Аслӕнбеги галеу дзиппи ниввардта, гъома, Аслӕнбег мӕрдти бӕсти гъӕуама Хадизӕти хӕццӕ еумӕ уа.
Уӕдмӕ адӕм рауидтонцӕ: гъӕуи ‘рдигӕй еу барӕг, ӕ бӕх цъилеппитӕгӕнгӕ, гъӕлӕсидзагӕй гъӕр кодта, уотемӕй скъардта. Адӕм кӕсунцӕ бӕхгинмӕ, ка уа, ци уа, зӕгъгӕ. Барӕг разиндтӕй Аслӕнбеги кӕстӕр ӕнсувӕр Салат. Е къуар бони сӕхемӕ нӕ адтӕй. Нур фӕззиндтӕй ӕма хабар ку базудта, уӕд тӕргӕбӕхӕй рафӕдес кодта уӕлмӕрдтӕмӕ ӕд гӕрзтӕ. Ӕргӕпп кодта бӕхӕй ӕма ӕхе еци-еу гӕлст бакодта кирӕбӕл, дууӕ къохемӕй ӕй ниххуаста ӕрдеуагӕгӕнгӕ: «Ци хомух разиндтӕ, Аслӕнбег, куд хийнӕй дӕбӕл рацудӕнцӕ еци мӕнгард ӕлдӕрттӕ!»
Берӕ фӕггузавӕ кодта. Уӕдта хеуӕнттӕй кадӕр бацудӕй ӕма ибӕл исхуӕстӕй:
– Кӕунӕй нецибал бакӕндзинан, мӕ хӕдзарӕ.
Салат исистадӕй, исиста ӕ ходӕ, исласта ӕ хъӕма ӕма ‘й ӕ рахес къохи бӕрзонд исиста:
– Мӕ хъазар ӕнсувӕр Аслӕнбег! Мӕнӕ хуарз адӕм! Ӕз абони бон, аци уӕззау сахат – мӕ хъазар ӕнсувӕр Аслӕнбеги уӕлгъос ард хуӕрун, сумах ме ‘вдесӕн: абонӕй фӕстӕмӕ сӕрдӕй, зумӕгӕй ӕз мӕ сӕрбӕл нӕбал никкӕндзӕнӕн ходӕ, мӕ нивӕрзӕн ба баз. Мӕ закъӕбӕл нӕбал бамбӕлун кӕндзӕнӕн сӕрдасӕн, цалинмӕ Хъарадзаутӕ ӕма Къуадзихъти ӕнӕмуггаг фӕккӕнон, уӕдмӕ! Мӕрдти дин бӕхӕй фӕццӕуон, мӕ хъазар ӕнсувӕр, ӕз дин дӕ тог ку нӕ райсон, уӕд!