09 майя 2024

КЪОСТАЙ ПРЕМИй АККАГ БАБÆЙ КА ИСУОДЗÆНÆЙ?..

23.03.2024 | 16:36

Цæгат Иристони Сæргълæууæги рази литературæ æма аййевади къабази Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон премий къамис 2024 анзи преми раттуни фæдбæл курдиæдтæ (уадзимистæ) есун райдæдта.

Преми аккагонд кæмæн æрцæуа, уонæн æй кадгин уавæри  ратдзæнæнцæ Хетæгкати Къостай райгурæн бон – аци анзи 15 октябри.

Литературæ æма аййевади къабази Цæгат Иристони  тæккæ цитгиндæр æма бæлдтагдæр хуæрзеуæг æй Хетæгкати Къостай номбæл Паддзахадон преми. Æма æ уагæвæрдмæ гæсгæ, уой райсунмæ æвдист гъæуама цæуонцæ, нæ республики литературон æма аййевадон культурæмæ агъазиау æвæрæн ка бахаста æма æхсæнадæ арфиаг кæмæй æй, уæхæн авторон уадзимистæ (хецæн авторти æма авторон коллективти уадзимистæ, кæцитæ, каст сæмæ ци анз цæуа, уомæй раздæри дууæ анзей дæргъи æма  еци анзи 1 январи уæнгæ гъæуама мухургонд, æнхæстгонд, æвдист æма арæзт æрцæуонцæ).

Паддзахадон преми раттуни фæдбæл уадзимистæ бавдесуни барæ ес Цæгат Иристони æнхæстгæнæг хецаудзийнадæ æма бунæттон хеунаффæйади оргæнти, республики исфæлдистадон Цæдести, æхсæнадон еугæндти, наукон æма исфæлдистадон организацити, газетти æма журналти редакцити, уæдта уæлдæр ахургæнæндæнтти.

Преми райсунмæ æвдист ка цæуй, уони гæгъæдитæ æма æрмæгутæ аци анзи 1 апърелæй 31 майи уæнгæ æмгъудмæ гъæуама æрвист æрцæуонцæ къамисмæ мæнæ ауæхæн адресбæл:

Дзæуæгигъæу, Сæребари фæзæ, 1, косæнуат №301, 14.00 сахаттемæй 17.00 сахаттей уæнгæ (авдисæрæй мæйрæнбони уæнгæ), телефонтæ: 8(8672) 53-08-22; 8(8672) 53-39-06.