06 декабря 2024

КУСТГЪОН АДÆЙМАГÆН ГЪÆУАМА УА КУСТИ РАВГÆ

29.04.2023 | 15:35

Нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис ин разамунд лæвардта, уотемæй æрæги арæзт æрцудæй гæрæнти уавæрти Цæгат Иристони экономикон федар ирæзти оперативон штаби æмбурд.

Адæмæн куст дæттуни фарстати фæдбæл Комитети сæрдар Плати Альбинæ еци æмбурди куд радзурдта, уотемæй æнхæстгонд цæунцæ дууæ программи, етæ баст æнцæ адæмæн кусти бунæттæ амал кæнуни хæццæ. Аци анз уой фæрци райстонцæ 320 миллион соми. Хæрзтæн сæ фулдæр хай æй, æгуст адæмæн, ци феддонтæ фист цæуй, е. Уомæн радех кодтонцæ 170 миллион соми.

Æгустдзийнади æмвæзадæ республики ниллæг æй, мæйæмæ си фæууй 1200 вакансий. Комитети разамонæг куд фæббæрæг кодта, уотемæй нур цуппар анзей дæргъи национ проект «Демографи» æй граждæнтæн агъази зингæ фæрæзнæ. Æ фадуæттæй испайда кодтонцæ региони 2700 цæрæги. Федералон фæзуати ба сæ бон æй 210 ахурадон программемæй испайда кæнун.

Нерæнгæ бал 100 адæймаги бавналдтонцæ экскурсоводи, юридикон гъуддæгутæ аразуни, графикон дизайни, психолог-консультанти, æлхæнуйнæгти специалист æма æндæр дæсниæдтæбæл ахур кæнунмæ. Уомæй уæлдай ма комитет фадуæттæ аразуй уæлдæр æма астæуккаг ахургæнæндæнтти рауагъдонтæн, стажировкæ рацæунæн сæмæ æхцай фæрæзнитæй фæккæсунцæ. Аци анзи кæронмæ кустуæттæмæ рарветдзæнæнцæ 100 адæймагемæй фулдæр.

Фарæй фæстæмæ кустдæтгутæн сæ бон æй агъази мадзæлттæ райсун. Плати Альбинæ радзурдта еугуруæрæсеуон армукъай республикон къæпхæни туххæй, искодтонцæ ’й 14 апърели. Æ загъдмæ гæсгæ, 1400 кустагорæги базонгæ ’нцæ 89 кустдæттæгей фæндæнтти хæццæ. Куд ма загъта, уотемæй сæ бон бацæй 100 адæймаги кустдæтгутæмæ рарветун, идарддæр бадзубанди кæндзæнæнцæ лæмбунæгдæр.

Æ радзубандий Дзанай-фурт куд баханхæ кодта, уотемæй паддзахадон агъази мадзæлттæ фæллойни базарадон æмвæзади дзæбæх ахедунцæ:

– Гæрæнти фæсте фæллойни базарадæ уайтæккидæр фæккиудтæй, фал нур уавæр фæррæвдзæдæр æй, нæ архайд ибæл хуæрзæрдæмæ фæббæрæг æй. Фæллойни базаради ирæзтмæ идарддæр дæр гъæуама устур æргом æздахæн.

Республикон размæцуди проектти фæрци нæмæ фæззиндзæнæй кусти авд мин нæуæг бунатемæй фулдæр.